Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтой 2015 азы 3 апрелы, майрӕмбоны

Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтой 2015 азы 3 апрелы, майрӕмбоны

2015 азы 7 мартъийы, сабаты, ӕнӕхъӕн дунейы ӕмбырдтӕ райдыдтой адӕмы хонын, цӕмӕй Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр немӕ сбӕрӕг кодтаиккой ӕмӕ базыдтаиккой, йӕ цард кӕй радта, уый махӕн цы пайда хӕссы, уый. Уыцы зиу ахаста цыппар къуырийы. Апарахат кодтам милуангай хуынды гӕххӕтты – кӕй лӕгӕй-лӕгмӕ фӕхуыдтам, кӕмӕ телефонӕй фӕдзырдтам, кӕмӕ та писмотӕ ныффыстам. Цымӕ бирӕ адӕм ӕрбацыд? 3 апрелы, майрӕмбоны, Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 19 862 783 адӕймаджы. Ууыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг цин кодтой. Ныр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй, Ӕрымысӕн изӕрмӕ чидӕриддӕр ӕрбацыд, уыдон Йегъовӕйы адӕмимӕ балымӕн уой, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдайой ӕмӕ йын йӕ фӕлмӕн уарзтӕй ӕмӕ йӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уой (Мих. 4:2).