Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Австрали: фломастерӕй ныв анимаци «Ӕцӕг ӕмбал кӕй ис схонӕн?»

ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ

Океани

Океани
  • БӔСТӔТӔ 29

  • ЦӔРДЖЫТӔ 40 642 855

  • ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 98 353

  • БИБЛИЙЫ АХУЫРТӔ 66 022

Хъӕбатырӕй хъусын кодта

Эмили, 12-аздзыд чызг, цӕры Австралийы. Иу бон сын ахуыргӕнӕг урочы дзырдта, хорз ӕмбӕлттӕ кӕй хъӕуы ӕвзарын. Уӕд ын Эмили равдыста, фломастерӕй ныв анимаци «Ӕцӕг ӕмбал кӕй ис схонӕн?». Ахуыргӕнӕг ӕй фӕстӕдӕр ӕнӕхъӕн къласӕн равдыста ӕмӕ йӕм уыдон тынг лӕмбынӕг кастысты. Уый фӕстӕ йыл ӕнӕхъӕн сахат фӕныхас кодтой. Ахуыргӕнӕг ма уыцы видеоролик равдыста ӕндӕр кълӕстӕн дӕр. Уый фӕстӕ Эмили йӕ ахуыргӕнӕгӕн ӕмӕ йе ’мкъласӕгтӕн загъта нӕ сайты тыххӕй. Эмили зӕгъы: «Йегъовӕ мын хъӕбатырдзинад радта, цӕмӕй нӕ сайты тыххӕй сӕдӕгай ахуырдзаутӕн радзырдтаин. Йегъовӕ мын ӕцӕгдӕр раарфӕ кодта».

Ярмаркӕ дард ран

Скӕсӕн Тиморы горӕт Суайы уыд ярмаркӕ ӕмӕ фондз хъусынгӕнӕджы фараст сахаты фӕцыдысты дзыхъхъытӕ-къуыппытӕ хӕххон фӕндӕгтыл, цӕмӕй уыцы ярмаркӕйы стенд нӕ литературӕимӕ сӕвӕрдтаиккой. Уыцы ярмаркӕйы чи уыд, уыдон тынг дис кодтой, стендыл 12 бынӕттон ӕвзагыл литературӕ куы федтой, уӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕвзӕгтӕй бирӕтыл мыхуыргонд ӕрмӕг бирӕ нӕй, иуӕй-иу ӕвзӕгтыл та ӕппындӕр нӕй. Иу сылгоймаг иу брошюрӕйы ном куы федта, уӕд загъта: «Ай мӕ мадӕлон ӕвзагыл куы у!» Йӕ мадӕлон ӕвзагыл, бунакыл, мыхуыргонд литературӕ фыццаг хатт федта. Цыппар бонмӕ хъусынгӕнджытӕ апарахат кодтой 4 571 публикацийы ӕмӕ бирӕтӕ загътой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзармӕ ӕрбацӕуой. Сӕ фылдӕр раздӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ зонгӕ дӕр нӕ уыдысты. Сывӕллӕттӕй иуӕй-иутӕ сахатгай кастысты мультфильмтӕм рубрикӕйӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су» тетум ӕвзагыл. Чидӕртӕ ма дзы суанг, уыцы рубрикӕйы чи вӕййы, уыцы зарджыты ныхӕстӕ сахуыр кодтой ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй зарыдысты.

Скӕсӕн Тимор: сывӕллӕттӕ кӕсынц мультфильмтӕм рубрикӕйӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су»

«Студентты раст уый куы хъӕуы»

Сакъадах Палауы миссионертӕй чи лӕггад кӕны, уыцы лӕг ӕмӕ ус, Брайан ӕмӕ Роксанн, колледжы хицауадӕй бар ракуырдтой, цӕмӕй уым стенд нӕ литературӕимӕ сӕвӕрдтаиккой. Колледжы хицауимӕ фембӕлдысты ӕмӕ йын нӕ сайтӕй видеоролик равдыстой, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты куыд фӕхъусын кӕнӕм, уый тыххӕй. Стӕй йын ныууагътой, стендыл ӕвӕринаг кӕй уыдысты, уыцы публикацитӕ. Колледжы хицау сын загъта, цӕмӕй, студенттӕм йӕ хъус чи дары, уыцы директоримӕ аныхас кӕной. Куы йӕм бацыдысты ӕмӕ куы аныхас кодтой, уӕд сын загъта, цӕмӕй колледжы деканы бафӕрсой.

Брайан зӕгъы: «Деканимӕ дзӕбӕх аныхас кодтам, фӕлӕ нӕ стӕй ногӕй колледжы хицаумӕ арвыста, ӕмӕ нын уым загътой, цӕмӕй писмо ныффыссӕм, ӕмӕ нын нӕ стенд сӕвӕрынӕн бар раттой. Кӕй нӕ фӕрарвит-барвит кодтой, уый тыххӕй нӕ ныфс асаст. Афтӕ нӕм каст, ӕмӕ нын бар нӕ ратдзысты, фӕлӕ уӕддӕр писмо ныффыстам».

Палау: Роксанн ӕмӕ Брайан колледжы студенттӕн хъусын кӕнынц

Уый фӕстӕ Брайан ӕмӕ Роксанн дыккаг хатт бацыдысты деканмӕ, кӕд сӕ, бар сын ратдзӕн, уый ныфс нӕ уыд, уӕддӕр. Брайан дзуры: «Тынг бадис кодтам, декан нын куы загъта, цы чингуытӕ йын ныууагътам, уыдон кӕй бакаст ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй фӕцыдысты. Студентты, дам, раст уый куы хъӕуы». Ӕмӕ уӕд Брайан ӕмӕ Роксаннӕн бар радтой!

Брайан дарддӕр дзуры: «Уый фӕстӕ та нын директор загъта, ӕмдзӕрӕнты чи цӕры, уыцы студентты алы хуыцаубоны дӕр, кӕй кӕцы аргъуанмӕ фӕнды, уырдӕм кӕй фӕласынц ӕмӕ, дам, сӕ кӕд бафӕнда, уӕд, дам, сӕ мах уӕ „аргъуанмӕ“ аласдзыстӕм. Роксаннимӕ фырдиссагӕй цы загътаиккам, уый нал зыдтам. Колледж нын ӕрмӕст стендимӕ хъусын кӕныны бар нӕ радта, фӕлӕ ма нын загътой, студентты Паддзахады залмӕ кӕй аласдзысты!»

Фыццаг бон Брайан ӕмӕ Роксанн колледжы раз стенд сӕвӕрдтой ӕмӕ апарахат кодтой 65 чиныджы, 8 журналы ӕмӕ 11 брошюрӕйы. Стӕй студенттӕй бирӕтимӕ хорз аныхас кодтой. Декан ӕмӕ сын директор загъта, цӕмӕй сӕм ногӕй ӕрбацӕуой.

Ӕлхӕнджытӕ нӕ видеороликтӕм кӕсынц

Липсон лӕггад кӕны Соломоны сакъадӕхты филиалы. Ӕмӕ иу райсом уацамындӕй Вефилмӕ куы цыд, уӕд иу дуканийӕ райхъуыст нӕ Паддзахады зарджытӕй иу. Фырцымыдисӕй дуканимӕ бацыд. Йӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куы федта, дуканийы адӕм, гыццылӕй-стырӕй, кӕй лӕууынц ӕмӕ видеороликмӕ рубрикӕйӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су» кӕй кӕсынц. Уый уыд 55-ӕм зарӕг «Мӕнӕ ӕнусон цард!». Зарӕг куы фӕци, уӕд дуканийы хицау загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй ма уын иу видеоролик равдисон». Ӕмӕ сын равдыста мультфильм «Давын хорз нӕу». Мультфильм куы фӕци, уӕд се ’ппӕтӕн дӕр загъта, цӕмӕй дзы мачи мацы дава.

Видеороликтӕ сын куы ӕвдыста, уыцы рӕстӕг ма дуканимӕ бирӕ ӕндӕр ӕлхӕнджытӕ ӕрбацыд ӕмӕ сын загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр цы зарӕг цӕуы, уымӕ-ма байхъусут». Ӕмӕ та ногӕй 55-ӕм зарӕг бакодта. Уый фӕстӕ та сын равдыста видеороликтӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» ӕмӕ «Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?» неосоломоник ӕвзагыл.

Соломоны сакъадӕхтӕ: дуканийы хицау ӕлхӕнджытӕн нӕ сайтӕй видеороликтӕ ӕвдисы

Соломоны сакъадӕхты интернет зынаргъ у, стӕй зын бауадзӕн у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕм нӕй. Фӕлӕ дуканийы хицау адӕмӕн видеороликтӕ кӕй февдисы, уый фӕрцы рӕстдзинады мыггӕгтӕ тауынӕн ӕххуыс кӕны, кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, уӕддӕр.

Хуыцауы ном чиныджы ссардта

Иу ӕрыгон лӕг ӕмӕ ус Ног Каледонийы сӕйраг горӕт Нумеайы алы къуырисӕры дӕр фӕхъусын кӕнынц стендимӕ. Ӕмӕ сӕм иу бон иу сылгоймаг ӕфсӕрмыгӕнгӕ бацыд ӕмӕ, иу ныхас дӕр нӕ загъта, афтӕ райста, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг. Сахаты ӕрдӕджы фӕстӕ ӕрбаздӕхт, чиныг йӕ къухы, афтӕмӕй, ӕмӕ сын загъта: «Ай федтат?!» Чиныг байгом кодта, Йегъовӕйы номмӕ бацамыдта ӕмӕ загъта: «Ай Хуыцауы ном у! Цалдӕр къуырийы чиныгдонмӕ фӕцыдтӕн, цӕмӕй, Хуыцау чи у, уый базыдтаин. Фӕлӕ уын уый фӕстӕ уӕ чиныг райстон, машинӕйы сбадтӕн ӕмӕ чиныг куы байгом кодтон, уӕд дзы фыццаг Хуыцауы ном, Йегъовӕ, федтон. Ӕмӕ ахъуыды кодтон, зӕгъын уӕм хъуамӕ ӕрбаздӕхон ӕмӕ уын бузныг зӕгъон». Хъусынгӕнджытӕ сылгоймагимӕ дзӕбӕх аныхас кодтой ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныджы уӕлӕмхасӕн Хуыцауы номы тыххӕй бакӕса. Сылгоймаг сын загъта, кӕй йӕ фӕнды дарддӕр дӕр чиныгдоны Хуыцауы тыххӕй ӕрмӕг агурын, фӕлӕ, дам, ныр зонын, алы къуырисӕры дӕр стенд кӕм фӕлӕууы, уый.