Privacy Settings

To provide you with the best possible experience, we use cookies and similar technologies. Some cookies are necessary to make our website work and cannot be refused. You can accept or decline the use of additional cookies, which we use only to improve your experience. None of this data will ever be sold or used for marketing. To learn more, read the Global Policy on Use of Cookies and Similar Technologies. You can customize your settings at any time by going to Privacy Settings.

Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ИНДОНЕЗИ

Разамындмӕ байхъуыстам, ӕмӕ удӕгасӕй баззадыстӕм!

Блазиус да Гомес

Разамындмӕ байхъуыстам, ӕмӕ удӕгасӕй баззадыстӕм!
  • РАЙГУЫРД: 1963 аз.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1995 аз.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: хистӕр нӕлгоймаг, ӕфсымӕртыл ӕмӕ хотыл тынг тыхсти, сакъадах Амбоныл (Молуккы сакъадӕхтӕ) пысылмӕттӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ куы фӕбыцӕу сты, уӕд.

Блазиус да Гомес

1999 азы 19 январы нӕ хӕдзарӕй иу-ӕртӕ километры дарддӕр пысылмӕттӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ кӕрӕдзимӕ хӕцӕнгарз систой. Ӕнӕуи дӕр кӕрӕдзи ныхмӕ рагӕй цыдысты. Бӕстӕ сӕмтъеры *.

Бацархайдтон, цӕмӕй мӕ бинонтӕ ӕдас ран уыдаиккой, ӕмӕ стӕй ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм фӕдзырдтон, зӕгъын, куыд сты, уый базонон. Ӕз сын загътон, цӕмӕй ма тыхсой ӕмӕ, тӕссаг кӕм у, ахӕм бынӕттӕм ма цӕуой. Фӕстӕдӕр сӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бабӕрӕг кодтой. Уыдон сӕ бафидар кодтой ӕмӕ сын загътой, цӕмӕй фембӕлдтӕ гыццыл къордтӕй уагътаиккой.

Филиалӕй разамынд ӕрцыд: тӕссаг районты чи цард, уыцы хъусынгӕнджыты ӕнӕмӕнгӕй хъуыди ӕдас бынатмӕ раласын. Уыцы хабар цалдӕр бинонтӕн фехъусын кодтам. Хъыгагӕн, иу ӕфсымӕр йӕ хӕдзар ныууадзын нӕ бакуымдта, ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр гӕрзифтонг адӕм амардтой. Фӕлӕ филиалы разамындмӕ чи байхъуыста, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззадысты.

^ 1 абз. Уыцы быцӕу анхъӕвзта ӕнӕхъӕн провинци Малукуйыл ӕмӕ ахаста дыууӕ азӕй фылдӕр. Дӕсгай минтӕ сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг фесты.