Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Семарангы (Явӕ). 1937 азмӕ ’ввахс

ИНДОНЕЗИ

«Мӕнӕ ардыгӕй райдайдзынӕн!»

«Мӕнӕ ардыгӕй райдайдзынӕн!»

Александр Магилливрей, Австралийы филиалы лӕггадгӕнӕг, йӕ офисы дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта, цыма йӕ къахдзӕфтӕй барста, уыйау ӕмӕ цӕуылдӕр арф хъуыды кодта. Цалдӕр боны йын иу хъуыддаг ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй бамбӕрста, цы саразӕн ис, уый. Ныр хъуамӕ аныхас кӕна Фрэнк Райсимӕ.

Фрэнк, 28-аздзыд фидӕрттӕ арӕзт лӕппу, чиныгхӕссӕг (пионер), филиалмӕ ӕрцыд уымӕй цалдӕр къуырийы раздӕр. Рӕстдзинад базыдта, рӕзгӕ кары ма куы уыди, уӕд ӕмӕ стӕй гыццыл фӕстӕдӕр чиныгхӕссӕгӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Дӕс азы дӕргъы хорз хабар хъусын кодта Австралийы. Фрэнк бӕстӕйӕн йӕ фылдӕр хайыл ӕрзылд кӕм бӕхыл, кӕм велосипедыл, кӕм мотоциклыл, кӕм та цӕрӕн фургоны. Ныр гыццыл рӕстӕгмӕ Вефилы ӕрлӕууыд ӕмӕ та ногӕй цӕттӕ уыд ӕндӕр бынатмӕ ацӕуынмӕ.

Ӕфсымӕр Магилливрей Фрэнкмӕ йӕ офисмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын картӕйыл, Австралийӕ цӕгатырдӕм цы сакъадӕхтӕ ис, уыдонмӕ бацамыдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Фрэнк, ам хъусын кӕнын куы райдаис, уӕд цымӕ куыд уаид? Утӕппӕт сакъадӕхтыл иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр нӕй!»

Фрэнк йӕ цӕстытӕ нал иста, Индийы океаны налхъуыты фӕрдгуытау чи ныххал, уыцы сакъадӕхтӕй. Уыдон раздӕр хуындысты Нидерландты Ост-Инди (ныр та хуыйнынц Индонези) *. Уым цы милуангай адӕм царди, уыдон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар сӕ хъусы кӕронӕй дӕр никуыма фехъуыстой. Йӕ сӕйраг горӕт Батавимӕ (абон Джакартӕ) ацамонгӕйӕ, Фрэнк загъта: «Мӕнӕ ардыгӕй райдайдзынӕн!»

Хорз хабар Явӕйы

1931 азы Фрэнк Райс ӕрцыд Джакартӕмӕ. Уый у стыр горӕт сакъадах Явӕйыл. Фрэнк горӕты астӕумӕ хӕстӕг фатер баххуырста ӕмӕ йӕ къоппытӕй байдзаг кодта. Сӕ хуылфы уыди Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Уыйбӕрц къоппытӕ фенгӕйӕ йӕ фысым-сылгоймаг дисы бафтыд.

Фрэнк Райс ӕмӕ Клем Дешан Джакартӕйы

«Фыццаг тыхстӕн: ӕцӕгӕлон бӕстӕйы зыбыты иунӕг уыдтӕн ӕмӕ мӕ хӕдзар мысыдтӕн,– дзырдта Фрэнк.– Адӕм иууылдӕр уыдысты урс кӕттаг хӕлӕфты ӕмӕ пиджакты ӕмӕ пъробкӕ худты, ӕз та, Австралийӕ цы бӕзджын дзаумӕттӕ ӕрластон, уыдоны фыртӕвдӕй фыхтӕн. Иу дзырд дӕр нӕ зыдтон нӕдӕр нидерландаг ӕвзагыл, нӕдӕр индонезиаг ӕвзагыл. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ разамынды тыххӕй куы скуывтон, уӕд мӕм ӕрцыд ахӕм хъуыды, куыстуӕттӕ кӕм ис, уыцы районы англисаг ӕвзагыл дзурӕг адӕм ӕнӕмӕнг кӕй ссардзынӕн. Уым райдыдтон хъусын кӕнын – ӕмӕ дзы цас сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм разынд, уый та!»

Джакартӕйы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр нидерландаг ӕвзагыл кӕй дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ Фрэнк уыцы ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдта ӕмӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын райдыдта. Уымӕй уӕлдай ма зӕрдӕргъӕвдӕй ахуыр кодта индонезиаг ӕвзаг дӕр, ӕмӕ йӕ сабыргай сахуыр кодта. «Йӕ бӕллӕх уый мидӕг уыди, ӕмӕ мӕм индонезиаг ӕвзагыл литературӕ нӕ уыд,– загъта Фрэнк.– Фӕлӕ Йегъовӕйы разамынды фӕрцы иу ахуыргӕнӕгыл фембӕлдтӕн. Уый рӕстдзинад бацымыдис кодта ӕмӕ сразы ис, буклет „Мӕрдты исты ис?“ индонезиаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕныныл. Фӕстӕдӕр ма фӕзынд ӕндӕр буклеттӕ дӕр, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы индонезиаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕй бирӕты рӕстдзинад цымыдис кӕнын райдыдта».

1931 азы ноябры Джакартӕмӕ ӕрцыд дыууӕ пионеры Австралийӕ – 25-аздзыд Клем Дешан ӕмӕ 19-аздзыд Билл Хантер. Клем ӕмӕ Билл семӕ ӕрластой «хӕдзар цӕлхытыл» – цӕрӕн кӕм уыди, ахӕм машинӕ, кӕнӕ фургон – Индонезийы ахӕм машинӕ уымӕй размӕ никуы уыди. Нидерландаг ӕвзагыл цалдӕр ныхасы куыддӕр базыдтой, афтӕ Явӕйы стыр горӕттӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ араст сты.

Charles Harris witnessed using a bicycle and a house car

Клем ӕмӕ Биллы бафӕзмыдта Чарлз Харрис дӕр – уый дӕр уыд фидӕрттӕ арӕзт пионер Австралийӕ. Чарлз Явӕйы хорз хабар хъусын кӕнын райдыдта 1935 азы ӕмӕ йын йӕ фылдӕр хайыл ӕрзылд цӕрӕн фургоны ӕмӕ велосипедыл. Литературӕ-иу ӕм уыди фондз ӕвзагыл: араббаг, китайаг, нидерландаг, англисаг ӕмӕ индонезиаг ӕвзӕгтыл. Кӕцыдӕр азты-иу апарахат кодта 17 000 публикацийы бӕрц.

Чарлз уыйбӕрц литературӕ апарахат кодта, ӕмӕ йӕ адӕм ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты. Джакартӕйы иу хицау Клем Дешаны бафарста:

– Цал адӕймаджы уын кусы ам, Скӕсӕн Явӕйы?

– Ӕрмӕстдӕр иу,– дзуапп ын радта Клем Дешан.

– Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ дыл баууӕнддзынӕн? – хъӕддыхӕй йын загъта хицау.– Цас литературӕ апарахат кодтат, уымӕ гӕсгӕ уын ам хъуамӕ ӕнӕхъӕн ӕфсад уа!

Фыццаг пионертӕ ӕдзух фӕндагыл уыдысты, цӕмӕй хорз хабар, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой. Билл Хантер загъта: «Сакъадахыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзылдыстӕм. Иу адӕймагимӕ-иу нын дыууӕ хатты аныхас кӕнынӕн фадат стӕм хатт уыди». Уыдон рӕстдзинады мыггӕгтӕ рӕдауӕй тыдтой, ӕмӕ фӕстӕдӕр сӕ фыдӕбон стыр тыллӕг ӕрхаста (Еккл. 11:6; 1 Кор. 3:6).

Хорз хабар фӕхӕццӕ Суматрӕмӕ

1936 азмӕ ’ввахс, Явӕйы цы пионертӕ уыд, уыдон ныхас кодтой, хорз хабар Суматрӕмӕ куыд фӕхӕццӕ кӕной, ууыл. Дунейы стыр сакъадӕхты ’хсӕн ацы сакъадах ахсы ӕхсӕзӕм бынат. Суматрӕ у хӕхбӕстӕ, йӕ астӕуты цӕуы экватор, ис дзы стыр горӕттӕ ӕмӕ плантацитӕ, стӕй бирӕ цъымара бынӕттӕ ӕмӕ тропикон хъӕдтӕ.

Пионертӕ сфӕнд кодтой Фрэнк Райсы арвитын. Гъемӕ иууылдӕр, цы ӕхцайы муртӕ сӕм уыд, уыдон ӕрӕмбырд кодтой, цӕмӕй йын билет балхӕдтаиккой. Гыццыл фӕстӕдӕр Фрэнк ӕрцыд Меданмӕ, Суматрӕйы цӕгат хаймӕ. Уыдис ӕм дыууӕ хызыны литературӕ хӕссынӕн, 40 къоппы литературӕимӕ ӕмӕ иугыццыл ӕхца. Фрэнк алкӕддӕр йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл, ӕмӕ куыддӕр ӕрхӕццӕ, афтӕ хъусын кӕнын райдыдта, уымӕн ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, иннӕ хъуыддӕгты йыл Йегъовӕ кӕй батыхсдзӕн (Матф. 6:33).

Меданы ма фӕстаг къуыри куы хъусын кодта, уӕд фембӕлд иу голландиаг нӕлгоймагыл. Уый разынд тынг хӕларзӕрдӕ адӕймаг ӕмӕ йӕ къофи бацымынмӕ фӕхуыдта. Фрэнк ын радзырдта, сакъадахыл хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕй машинӕ кӕй хъӕуы. Йӕ дыргъдоны цы саст машинӕ уыд, уымӕ ацамонгӕйӕ йын нӕлгоймаг афтӕ бакодта: «Кӕд ӕй сцалцӕг кӕндзынӕ, уӕд дын ӕй 100 гульденыл дӕттын» *.

– 100 гульдены мӕм нӕй,– дзуапп ын радта Фрэнк.

Нӕлгоймаг Фрэнкӕн комкоммӕ йӕ цӕстытӕм бакаст ӕмӕ йӕ бафарста:

– Ӕцӕгдӕр дӕ фӕнды хорз хабар ӕнӕхъӕн Суматрӕйы фехъусын кӕнын?

– О,– загъта йын Фрэнк.

– Уӕдӕ йӕ акӕн. Ӕмӕ дӕм кӕд стӕй ӕхца фӕзына, уӕд мын сӕ ратдзынӕ.

Фрэнк машинӕ сцалцӕг кодта, ӕмӕ дзыхъхъынноджы хуызӕн фестад. Фӕстӕдӕр Фрэнк ныффыста: «Мӕ машинӕ йедзаг уыд литературӕйӕ, мӕ бак – артагӕй, мӕ зӕрдӕ – уырнындзинадӕй. Алцыдӕр мӕм уыд, цӕмӕй Суматрӕйы адӕмӕн хорз хабар хъусын кодтаин».

Иу азы фӕстӕ Фрэнк, сакъадахыл кӕрӕй-кӕронмӕ куы ӕрзылд, уӕд фӕстӕмӕ Джакартӕмӕ ӕрыздӕхт. Уым машинӕ 100 гульденыл ауӕй кодта ӕмӕ ӕхца машинӕйы хицауӕн почтӕйӕ Меданмӕ арвыста.

Хенри Кокман, стӕй Джин ӕмӕ Клем Дешан Суматрӕйы. 1940 аз

Цалдӕр къуырийы фӕстӕ Фрэнк Австралийӕ писмо райста. Уым фыст уыд, пионерӕй йӕ ӕндӕр ранмӕ кӕй снысан кодтой. Фрэнк уайтагъд йӕ хызынтӕ амбырд кодта ӕмӕ араст Индокитаймӕ (ныр Вьетнам, Камбоджӕ ӕмӕ Лаос).

^ 4 абз. Уыцы сакъадӕхтӕ ма хуыйнынц Голландийы Ост-Инди дӕр. Голландиӕгтӕ уырдӕм ӕрцыдысты иу-300 азы размӕ ӕмӕ скодтой колониалон импери. Уыцы импери фӕзынд, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ уӕй кӕнын ӕфтиагджын хъуыддаг кӕй уыд, уый фӕрцы. Ацы ӕрвылазон чиныджы бынӕтты нӕмттӕ фысдзыстӕм, абон сӕ куыд хонынц, афтӕ.

^ 3 абз. Абон уыцы ӕхца сты 1 100 америкаг доллӕры бӕрц.