Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

ЙЕГЪОВӔЙӔН чи лӕггад кӕны, уыдон зонынц, уый кӕй у, рӕстдзинады рухс кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцау, ӕмӕ йӕм зӕрдӕбынӕй кувынц, цӕмӕй сын йӕ «рухс ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» фӕндагамонӕг уа (Пс. 43:3). Ацы дуне ис саудалынджы. Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцау йӕ адӕмӕн рухс дӕтты, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ фӕндаг «у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр» (Ӕмб. 4:18). Йегъовӕйы рухсы фӕрцы йӕ адӕм фенынц, организацийы аивын цы хъӕуы, уый, арфдӕр бамбарынц Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ хуыздӕр феххӕст кӕнынц. Фӕстаг азты нӕ ахуырӕдтӕй кӕцытӕ фӕбӕлвырддӕр кодтам?