2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг

Бакӕс, 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы цы бантыст ӕмӕ базон Индонезийы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты истори.

2016 азы стих

Дзуттӕгтӕм 13:1 куыд зыны, афтӕмӕй Павел чырыстӕттӕй раппӕлыд ӕмӕ сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр кӕрӕдзи уарзой.

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмойӕ куыд зыны, афтӕмӕй, нӕ сайт, нӕ интернет-телеуынынад ӕмӕ стендтӕ, стӕй, 2015 азы цы регионалон конгресстӕ уыд, уыдон дӕр махӕн сты Йегъовӕйы арфӕдзинад.

«Нӕ интернет-телеуынынад тынг уарзӕм!»

Цымӕ цы хъуыд саразын, цӕмӕй интернет-телеуынынад йӕ куыст кӕнын райдыдтаид?

Паддзахады залты арӕзтад размӕ цӕуы

Цӕмӕй мингай Паддзахады залтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уый тыххӕй арӕзтадон куыст ӕндӕрхуызон кӕнын райдыдтой.

Уорвичы куыст куыд цӕуы?

Базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ног сӕйраг хайады арӕзтадон куыстытӕ куыд цӕуынц, уый тыххӕй ног хабӕрттӕ.

Фембӕлын зын кӕуыл у, уыдон дӕр хорз хабар фехъусынц

Терри ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыд, ӕмӕ йын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы загътой, уымӕй йын Йегъовӕ йӕ куывд кӕй фехъуыста?

Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

Ацы хайӕ базондзынӕ, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕндаг куыд рухс кӕны, уый.

Филиалтӕ снывонд кодтой

2015 азы райдианы Мадагаскары ӕмӕ Индонезийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты.

«Ног дунейы тӕлмац» ноджы фылдӕр ӕвзӕгтыл

2015 лӕггады азы «Ног дунейы тӕлмац» рацыд 16 ӕвзагыл – Библи ӕнӕхъӕнӕй, Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ ӕмӕ, ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы тӕлмац.

Юридикон хабӕрттӕ

Ӕгас зӕххыл нын нӕ бартӕ ссӕндынц, фӕлӕ мах тӕрхондӕттӕм хъаст бадӕттӕм.

Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Гыццыл лӕппу Кен къоппы цы ӕхца ӕмбырд кодта, уыдон Паддзахады зал саразынӕн феххуыс сты.

Африкӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр ног мадзӕлттӕй пайда кӕнынц хорз хабар хъусын кӕнынӕн?

Америкӕ

Иу сылгоймаг быдыры цырагъы рухсмӕ Библи цӕмӕн ахуыр кодта? Иу мӕстыгӕр нӕлгоймаг, индейаг адӕмыхатты хистӕр, Ӕвдисӕнтӕм цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ каст? Раздӕр нӕ ныхмӕ чи цыд, уый цӕмӕн скуыдта?

Ази ӕмӕ Ӕввахс Скӕсӕн

Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты ницы бакъуылымпы кӕны – нӕдӕр сӕ низтӕ, нӕдӕр сӕ ахӕстоны кӕй сбадын кӕнынц, уый.

Европӕ

Иу цигайнаг нӕлгоймагӕн, ахӕстоны чи бады, иу ахӕм нӕлгоймагӕн ӕмӕ, йӕхи марынвӕнд чи скодта, иу ахӕм сылгоймагӕн хорз хабар сӕ цардыл хуыздӕрырдӕм фӕзынд.

Океани

Стендты, нӕ сайты ӕмӕ нӕ видеороликты фӕрцы хорз хабар хъусын кӕнӕм мингай адӕмӕн!

Цыбыртӕй Индонезийы тыххӕй

Дунейы ӕппӕты стырдӕр архипелагӕн йӕ территорийы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ йе ’ӕгъдӕутты тыххӕй цыбыртӕй.

Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ уӕй кӕныны хъуыддаг

16 ӕнусы дунейы экономикӕйыл ӕппӕты тынгдӕр ӕндӕвта хӕрздӕфгӕнӕнтӕ уӕй кӕныны хъуыддаг

«Мӕнӕ ардыгӕй райдайдзынӕн!»

Цалдӕр хъӕбатыр чиныгхӕссӕджы (пионеры) Австралийӕ, ам хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд стыр зындзинӕдты сӕрты ахызтысты.

Фыццаг куыд хъусын кодтой

Ӕвдисӕнты радиопередачӕтӕ, стӕй Индонезийы наулӕууӕнты кӕй хъусын кодтой, уый тынг смӕсты кодта рӕстдзинады тыхджын знӕгты.

«Бибелькринг»

Ацы дины къордӕн йӕ бындур уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ, фӕлӕ уыцы къорды чи уыд, уыдон фӕстӕдӕр адӕймаджы хъуыдыты фӕдыл адзӕгъӕл сты.

Ӕппӕты зынаргъдӕр ын уыдысты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ

Дю Сэн Бейӕн змӕнтджытӕ йӕ хӕдзары ницыуал ныууагътой, фӕлӕ ма дзы баззад, ӕппӕты зынаргъдӕр ын цы уыди, уый.

Фыццаг дыргътӕ Ныгуылӕн Явӕйы

Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ публикацитӕ парахат кӕнын нал уагътой, уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ ардтой.

Япойнӕгты ’фсондзы бын

Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ ӕрхъуыды кодтой, хӕсты хъуыддӕгты куыд никӕй ’вварс рахӕцой, ӕмӕ афтӕмӕй Японийы хицауады регистраци куыд скӕной.

Хъӕбатыр пионер

Андре Элиас Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта 60 азы дӕргъы, кӕд ӕм бирӕ хӕттыты пъӕлицӕмӕ фӕсидтысты ӕмӕ-иу ӕм ӕртхъирӕн кодтой, уӕддӕр.

Фыццаг миссионертӕ

Галаады чи сахуыр кодта, уыцы миссионертӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ тагъддӕр цыдаид.

Хорз хабар фӕхӕццӕ скӕсӕнмӕ

Цымӕ дины кусджытӕн ацы хатт рауайдзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бауромын?

Фылдӕр миссионертӕ ӕрцыд

1970 азты ӕмбис уавӕр ӕвиппайды ӕвзӕрырдӕм фӕивта, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнӕн нал уыд.

Саррӕйы ӕцӕг чызг

Тити Кутин ӕхсызгонӕй каст йӕ лӕджы коммӕ ӕмӕ йын уый стыр арфӕдзинад ӕрхаста.

Уыцы конгресс сӕ никуы ферох уыдзӕн

1963 азы конгресс «Ӕнусон хорз хабар» ӕнӕкъуылымпыйӕ ацыд, кӕд йӕ ауадзыны тыххӕй бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уӕддӕр.

Коммунисттӕ куы сызмӕстой, уӕд удӕгасӕй баззадтӕн

Роналд Джакайӕн удӕгасӕй ингӕн скъахтой.

Фӕндзай азы фӕлӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй

1964 азы Ныгуылӕн Папуӕйы иу протестантон сауджын ӕртхъирӕн кодта: «Ӕз хъуамӕ Маноквари Йегъовӕйы Ӕдисӕнтӕй фервӕзын кӕнон!» Цымӕ йын дзы исты рауад?

Бандӕйы хистӕр сси хӕрзӕгъдау адӕймаг

Сгарджыты хайады сӕргълӕууӕг бафарста: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгӕй Индонезийы цы кусынц?»

Сӕ къухтӕ ӕруадзыны фӕнд сӕм нӕй

Афтӕ цӕмӕн зӕгъынц: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕгӕлтӕй уӕлдай не сты»?

Ӕмбырдтӕ нӕ цух кодтой

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар куы радтой, уӕд сын хицау ӕнӕнхъӕлӕджы афтӕ бакодта: «Сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар уын регистрацийы гӕххӕтт нӕ дӕтты»

Чырыстон уарзондзинад ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг

Зӕххӕнкъуыст Индонезийы горӕт Гунунгситоли зӕххӕмвӕз куы скодта, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уырдӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзындысты.

Нӕ диныл нӕ къух никуы систам

Даньел Локолло дзуры, ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕ сын цы фыдмитӕ кодтой, уый тыххӕй.

Разамындмӕ байхъуыстам, ӕмӕ удӕгасӕй баззадыстӕм!

Индонезийы пысылмӕттӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ кӕрӕдзи ныхмӕ кӕй фесты, уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цард тӕссаг уавӕры баппӕрста.

Хъуыддаг стыр къахдзӕфтӕй размӕ цӕуы

Ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны бар куы радтой, уӕд сын ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы стыр пайда фесты.

Йегъовӕйы ном сӕрыстырӕй хъусын кӕнынц

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, раздӕр куыд ахуыр уыдысты, уый аххосӕй ӕмӕ се ’гъдӕутты аххосӕй уӕндонӕй хъусын кӕнын нӕ уӕндыдысты. Уыцы зындзинӕдты сӕрты цӕй фӕрцы ахызтысты?

Филиал арв ӕмӕ зӕххы ’хсӕн

Адӕм хорз хабар кӕм нӕма фехъуыстой, ахӕм ран лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон ссардтой, цы агуырдтой, уый.

Йегъовӕ нын раарфӕ кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ!

Индонезийы хъӕу Тугалӕ Ойойы ӕмбырд стыр арфӕдзинадӕй схайджын.

Кӕдӕй-уӕдӕй та стӕм иумӕ!

Хъусӕй чи нӕ хъуыста, дыууӕ ахӕм хойы гыццылӕй кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ дзы иуы кӕмӕндӕр радтой, фӕлӕ рӕстдзинады фӕрцы ныр иумӕ сты.

Сӕдӕ азы размӕ: 1916 аз

1916 азы кӕрон цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй Библииртасджыты бахъуыд ахсджиаг фарста аскъуыддзаг кӕнын.

2015 азы хыгъд

Цас хъарутӕ ӕмӕ ӕхца бахардз кодтам, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтаиккам?

Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтой 2015 азы 3 апрелы, майрӕмбоны

Цыппар къуырийы дӕргъы адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй хуыдтам, уый фӕрцы тынг бирӕ адӕм ӕрбацыд.