ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
«Домбайау тох кодтон»
Луис Эдуардо Монтас
-
РАЙГУЫРД: 1906 азы.
-
ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1947 азы.
-
ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ. Раздӕр уыд Рафаэль Трухильойы партийы. Фӕлӕ стӕй рӕстдзинад базыдта, ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Мӕлгӕ та акодта 2000 азы.
ЛУИС уыд Трухильойы хӕстӕг, ӕмӕ уыди Доминиканы Республикӕйы сӕйраг партийы (Partido Dominicano) къазнайы хицау. Фӕлӕ Луис йе сӕфт уыдта Трухильойы хицаудзинадӕй, ӕмӕ-иу бирӕ хӕттыты хъавыд йӕ куыст ныууадзынмӕ, фӕлӕ-иу ӕй Трухильо нӕ ауагъта.
Трухильо Луисы дыууӕ ӕфсымӕры куы амарын кодта, уӕд ӕй Луис йӕхӕдӕг дыууӕ хатты марынмӕ хъавыд. Фӕлӕ уый хицауад никуы базыдта. Луис ма дӕснытӕм дӕр ацыд, цӕмӕй йын уыцы адӕймаджы амарынӕн баххуыс кодтаиккой. Трухильойы тыххӕй Луис афтӕ загъта: «Сырдӕй уӕлдай нӕу, ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, цыма иннӕтӕ йӕ разы ницы сты». Иухатт иу дӕсныйӕн йе стъолыл федта чиныг «Рӕстдзинад уӕ ссӕрибар кӕндзӕн» * ӕмӕ йӕ кӕсын райдыдта. Чиныг йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрбахаста, ӕмӕ фӕстӕдӕр бамбӕрста, рагӕй фӕстӕмӕ кӕй агуырдта, уыцы рӕстдзинад кӕй ссардта.
Иухатт Луис Сьюдад-Трухильойы куы уыд, уӕд Йегъовӕйы
Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ ацыд, ӕмӕ йын уым цалдӕр чиныджы ӕмӕ журналы радтой, ӕмӕ сӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкаст. Цасдӕры фӕстӕ ӕфсымӕртӕн загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой. Йӕ уырнындзинад куы сфидар, уӕд сфӕнд кодта йӕ куыст ныууадзын, цӕмӕй йын Трухильойы хицаудзинадимӕ иумӕйагӕй мацыуал уыдаид. Трухильо уый куы базыдта, уӕд ын загъта, Пуэрто-Рикойы йӕ консулӕй кӕй хъавы сӕвӕрынмӕ. Фӕлӕ йын Луис не сразы, кӕд ӕй зыдта, ӕфхӕрд баййафдзӕн, уӕддӕр.Луис загъта: «Хицауад мын цынӕ диссӕгтӕ бавзарын кодта ӕмӕ мӕ цӕмӕйты нӕ сайдта, ахӕм нал баззад. Фӕлӕ мӕн ацы дунейы хорздзинӕдтӕй иу дӕр нӕ хъуыд». Луис хорз хабар афтӕ ӕргом хъусын кодта, ӕмӕ йӕ католикон сауджынтӕ сӕхӕдӕг схуыдтой «хъусынгӕнӕг». 1947 азы 5 октябры, ӕмбырдмӕ фыццаг хатт куы ’рбацыд, уымӕй 6 мӕйы фӕстӕ, Луис донаргъуыд райста.
Цасдӕры фӕстӕ йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ахӕстоны, иугӕйттӕй кӕм фӕбадынц, ахӕм камерӕйы сбадын кодтой. Цалдӕр хатты та йӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты. Цал хатты йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ тӕрхоны раз цал хатты ӕрлӕууын кодтой, уал хатты сын хорз хабар хъусын кодта. «Мӕ уырнындзинады сӕрыл дзургӕйӕ домбайау тох кодтон,– загъта Луис.– Ӕмӕ уыцы рӕстӕджытӕ куы ’рымысын, уӕд мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы».
Луис Хуыцауӕн куыд иузӕрдионӕй лӕггад кодта, уый иууылдӕр зыдтой. 1994 азы иу доминикайнаг газеты Луисы тыххӕй ныффыстой: «Сан-Кристобалы иууылдӕр зонынц, Луис Эдуардо Монтас уӕззаузонд адӕймаг кӕй у. Уый у Хуыцауӕй лӕвӕрд адӕймаг – иннӕты рыст ӕм хъары ӕмӕ у фӕлмӕн удыхъӕды хицау. Ацы горӕты йӕ иууылдӕр уымӕн зонынц, ӕмӕ йӕхи дары, ӕцӕг чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ» (El Siglo).
^ 2 абз. Уырыссагау хуыйны «Истина освободит вас».