Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Тохгӕнӕг атеист Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдта

Хуан Криспин

Тохгӕнӕг атеист Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдта
  • РАЙГУЫРД: 1944 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1964 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ. Раздӕр уыд атеист, фӕлӕ стӕй сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны 50 азы.

ӔРЫГОН ма куы уыдтӕн, уӕд динтӕй фыдӕнхъӕл фӕдӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнусты дӕргъы уыдоны аххосӕй адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕсынц. Стӕй не ’мбӕрстон, Хуыцау мӕгуырдзинадӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны ӕмӕ уырнӕг адӕмӕй бирӕтӕ Библимӕ гӕсгӕ цӕуылнӕ цӕрынц. Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй Хуыцау нал уырныдта. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ цард хуыздӕрырдӕм ӕрмӕстдӕр революцийы фӕрцы фӕивдзӕн.

1962 азы райдыдтон журнал «Райхъал ут!» кӕсын. 1963 азы та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Цы базыдтон, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Бамбӕрстон, алыхуызон динтӕ цы фыдхъуыддӕгтӕ аразынц, уым Хуыцау кӕй нӕу аххосджын, стӕй адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сын диссаджы цард кӕй цӕттӕ кӕны. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уымӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕ иннӕтӕн дзурын райдыдтон, Хуыцауы Паддзахад ацы фыддунейӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. 1964 азы донаргъуыд райстон, 1966 азы та мӕ сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой. Ӕз ӕй фидарӕй зонын, рӕстдзинад мын мӕ цард кӕй бахъахъхъӕдта, уымӕн ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ хицауады ныхмӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй дзы кӕйдӕрты маргӕ акодтой, кӕйдӕрты та – ахсгӕ, иуӕй-иуты та бӕстӕйӕ алидзын бахъуыд. Кӕд раздӕр атеист уыдтӕн ӕмӕ мӕ ницы ныфс уыд, уӕд ныр та лӕггад кӕнын Йегъовӕйӕн – рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дунейӕ зӕрдӕ чи ӕвӕры, уыцы Хуыцауӕн. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг дӕн.

Ӕфсымӕр Криспин Вефилы райсомы программӕ уадзы