Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Интернетӕй цы рафыссынц, уыдӕттӕ иннӕтӕн дӕр раттынц

Кӕд Кубӕйы Интернет афтӕ парахат нӕу, уӕддӕр цавӕрдӕр телефонты компани афтӕ скодта, ӕмӕ кӕцыдӕр дуканиты ис фадат Интернетмӕ бацӕуынӕн. Фӕлӕ уый адӕмӕн тынг зынаргъ слӕууы. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ сайт хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй филиал ӕмбырдтӕн ахӕм уынаффӕ радта, цӕмӕй-иу хъусынгӕнджытӕй исчи нӕ сайтӕй публикацитӕ, аудиозаписьтӕ ӕмӕ видеороликтӕ рафысса ӕмӕ-иу сӕ иннӕтӕн дӕр ратта. Уыцы мадзал ӕмбырдтӕн стыр ӕххуыс фӕци.

Телефонӕй ахсджиагдӕр сын уыди Паддзахады зал

Теонӕйыл цӕуы 10 азы, йӕ хо Тамунӕйыл та – 8 азы, ӕмӕ цӕрынц Гуырдзыстоны. Сӕ дыууӕйы дӕр хъуыд телефон, ӕмӕ сын сӕ фыдымад зӕрдӕ бавӕрдта, алы мӕй дӕр-иу сын йӕ пенсийӕ кӕй авӕрдзӕн. Фӕлӕ хъыгагӕн сӕ фыдымад ӕнӕнхъӕлӕджы амард. Фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ ныййарджытӕ йӕ фӕстаг пенси радтой, цӕмӕй телефон балхӕдтаиккой. Чызджытӕ фӕрахъуыды-бахъуыды кодтой, ӕмӕ уый фӕстӕ се ’мбырдмӕ ахӕм писмо ныффыстой: «Мах зонӕм, нӕ хъӕу Терджолӕйы дыууӕ къуырийы фӕстӕ Паддзахады зал аразын кӕй райдайдзысты. Нӕ бабуйы тынг фӕндыд ацы хъуыддагӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ нӕ дыууӕйы дӕр фӕнды телефон балхӕныны бӕсты йӕ фӕстаг пенси ӕнӕхъӕнӕй сымахӕн раттын. Курӕм уӕ, рӕсугъд Паддзахады зал нын саразут!»

Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ тетум ӕвзагыл

2014 азы 17 январы горӕт Дилийы (Скӕсӕн Тимор) Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Джеффри Джексон фехъусын кодта, кӕй рацыд «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац» тетум ӕвзагыл, бӕстӕйы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр цы ӕвзагыл дзурынц, ууыл. Раздӕр Грекъаг Фыстытӕ тетум ӕвзагыл мыхуыр кодта ӕмӕ парахат кодта ӕрмӕстдӕр католикон аргъуан. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмӕ, афтӕ кӕмӕй хъуыды кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнынц, уыдонӕн нӕ уӕй кодта. Фӕлӕ уыцы тӕлмацы уыди бирӕ рӕдыдтытӕ ӕмӕ бирӕ зӕронд ныхӕстӕ, кӕцыдӕр хъуыдытӕ дзы раст тӕлмацгонд нӕ уыдысты, цыдӕртӕ та дзы ӕппындӕр нӕ уыд. «Ног дунейы тӕлмац»-ы тыххӕй та, Скӕсӕн Тиморы миссионерӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕр, Даррен, афтӕ загъта: «Тиморы цӕрджытӕ „Ног дунейы тӕлмац“-ӕй исты стихтӕ куы бакӕсынц, уӕд бадис кӕнынц, алцыдӕр дзы куыд бӕлвырд фыст у, ууыл, ӕмӕ дзы сӕхицӕн уайтагъддӕр ракурынц. Уыцы тӕлмац у ӕнцонкӕсӕн, ӕмӕ стыр дамгъӕтӕй фыст кӕй у, ууыл тынг цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕн сӕ хӕдзӕртты фаг рухс нӕй. „Ног дунейы тӕлмац“ кӕмӕ ӕрхауд, уыдонӕй бирӕтӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы сты».

«Йегъовӕ мӕ уый аккагыл нымайы»

Македони: уацамынды пайда кӕнынц, цигайнаг ӕвзагыл чи ис, уыцы литературӕйӕ

Македонийы нӕ литературӕ тӕлмац кӕнын райдыдтой, уым кӕуыл дзурынц, уыцы цигайнаг ӕвзагмӕ. 2014 азы январы фӕзынд, уыцы ӕвзагмӕ ӕдзух чи тӕлмац кӕндзӕн, ахӕм тӕлмацгӕнджыты къорд. Ӕмӕ сын бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй уыцы ӕвзагыл литературӕ ӕрмӕст латинаг дамгъӕтӕй нӕ, фӕлӕ кириллицӕйыл дӕр мыхуыр кӕной. Цигайнаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕй тынгдӕр кириллицӕйыл ахуыр чи у, уыдонӕн уый стыр ӕххуыс у, стӕй уыцы бӕстӕйы фылдӕр уыцы дамгъӕтӕй фӕфыссынц.

Цигайнаг ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕй бирӕтӕн тынг ӕхсызгон у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сын се ’взагмӕ литературӕ кӕй тӕлмац кӕнынц, уый. Иу хо загъта: «Ӕз дӕр цигайнаг ӕвзагыл дзурын, ӕмӕ мӕм, иннӕ адӕмыхӕттытӕй чи у, уыдон арӕх ӕнӕрвӕссон цӕстӕй фӕкӕсынц. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, уый аккагыл мӕ кӕй нымайы, цӕмӕй мын мӕ мадӕлон ӕвзагыл литературӕ уа. Уый фӕрцы йӕм ноджы тынгдӕр баввахс дӕн».

«Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, уый аккагыл мӕ кӕй нымайы, цӕмӕй мын мӕ мадӕлон ӕвзагыл литературӕ уа»

Ӕндӕр территоритӕм дӕр йӕ хъус дарын райдыдта

2014 азы 1 февралы Иугонд Штатты филиал йӕ хъус дарын райдыдта, Ямайкӕйы ӕмӕ Кайманы сакъадӕхты цы территоритӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕ ис, уыдонмӕ. Филиал йӕ хъус цы бӕстӕтӕм дары, уым ӕдӕппӕтӕй ис 1,2 милуан хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр, ӕмӕ се ’хсӕн цы иудзинад ис, уый стыр диссаг у! Уыцы бӕстӕтӕм хауынц Америкӕйы 50 штаттӕ, Багамӕйы сакъадӕхтӕ, Бермуды сакъадӕхтӕ, Виргинийы сакъадӕхтӕ, Пуэрто-Рико, Тёрксы ӕмӕ Кайкосы сакъадӕхтӕ.

Японийы чи лӕггад кӕны, уыцы пионертӕ

Японийы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй. Ӕнӕхъӕн дунейы ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ ӕппӕты фылдӕр кӕм ис, уыцы бӕстӕтӕй ацы бӕстӕ ахсы цыппӕрӕм бынат. 2014 лӕггады азы райдианы пионерты нымӕцыл бафтыд. 2 646 адӕймаджы ма райдыдтой ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ 65 668 адӕймаджы баисты. 2014 азы мартъийы хъусынгӕнджытӕн се ’мбисӕй фылдӕр лӕггад кодтой ӕххӕстрӕстӕг йе та ӕххуысгӕнӕг пионертӕй.