Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕронбӕттӕн

Кӕронбӕттӕн

«Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдоны фӕзмут» (ДЗУТТӔГТӔМ 6:12).

1, 2. Нӕ уырнындзинад нӕ ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъӕуы фидар кӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

УЫРНЫНДЗИНАД. Куыд рӕсугъд дзырд у ӕмӕ цы диссаджы миниуӕгмӕ амоны! Фӕлӕ ацы дзырд искуы куы фенӕм кӕнӕ йӕ куы фехъусӕм, уӕд-иу хорз уаид ноджыдӕр иу дзырдыл ахъуыды кӕнын: «Ӕвӕстиатӕй!» Кӕд нӕм уырнындзинад нӕма ис, уӕд хъӕуы ӕвӕстиатӕй бацархайын, цӕмӕй нӕм фӕзына. Кӕд нӕм уырнындзинад ис, уӕд та хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын, цӕмӕй йӕ бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ йӕ фидарӕй-фидардӕр кӕнӕм. Цӕмӕн?

2 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ӕдзӕрӕг хурсыгъд быдыры фӕцӕуыс ӕмӕ дойныйӕ фӕмӕлыс. Кӕд дзы искуы дон ссарай, уӕд та йӕ хъӕуы хурӕй хъахъхъӕнын, цӕмӕй ма байсыса. Стӕй дӕ хъӕуы дӕ донхӕссӕн ногӕй байдзаг кӕнын, цӕмӕй дын кӕронмӕ сфаг уа. Абоны дуне дӕр ӕдзӕрӕг быдырӕй уӕлдай нӕу. Ӕдзӕрӕг быдыры дон куыд зын ссарӕн у, афтӕ ацы дунейы та ӕцӕг уырнындзинад у зын ссарӕн. Ӕмӕ йӕ куы ссарай, уӕд та йӕ хъӕуы хъахъхъӕнын ӕмӕ фидар кӕнын, цӕмӕй ма «байсыса». Уырнындзинад нӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ, ӕнӕ донӕй куыд нӕй цӕрӕн, афтӕ ӕнӕ уырнындзинадӕй дӕр уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты удӕгас уӕм (Ром. 1:17).

3. Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны? Ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл цавӕр дыууӕ хъуыддаджы хъуамӕ дарӕм?

3 Йегъовӕ ӕмбары, уырнындзинад нӕ куыд тынг хъӕуы, уый. Стӕй, абон уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕнын куыд зын у, уый дӕр зоны. Ӕмӕ йӕ Ныхасы, йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй дӕр уымӕн ныффыссын кодта. Апостол Павел ныффыста: «Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдоны фӕзмут» (Дзут. 6:12). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы организаци дӕр уый тыххӕй разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цард лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фӕзмӕм, зӕгъӕм, мӕнӕ ацы чиныджы кӕй кой цыди, уыдоны цард. Уӕдӕ нӕ дарддӕр дӕр цы хъӕуы аразын? Нӕ зӕрдыл дарӕм дыууӕ хъуыддаджы: 1) хъуамӕ ӕппынӕдзух нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ 2) хъуамӕ ӕппынӕдзух хъуыды кӕнӕм, цы ныфс нын ис, ууыл.

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хӕйрӕг у уырнындзинады знаг? Фӕлӕ уӕддӕр нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта?

4 Дарддӕр дӕр дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Уырнындзинадӕн ис стыр знаг – ацы дунейы хицау Хӕйрӕг. Уый ацы дуне афтӕ скодта, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн ӕдзӕрӕг быдырӕй уӕлдай нӕу. Хӕйрӕг махӕй бирӕ тыхджындӕр у. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, мӕ бон нӕ бауыдзӕн мӕ уырнындзинад фидар кӕнын, зӕгъгӕ. Ӕцӕг уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ у йӕ Хӕлар. Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг зӕгъы, йӕ фӕрцы нӕ бон кӕй бауыдзӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ слӕууын, ӕмӕ нӕ кӕй алидздзӕн! (Иак. 4:7). Йӕ ныхмӕ та уӕд фӕлӕудзыстӕм, ӕмӕ алы бон дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн рӕстӕг куы арӕм. Куыд у нӕ бон нӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

5. Хуыцауы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм-иу уырнындзинад куыд фӕзынд? Бамбарын ӕй кӕн.

5 Куыд федтам, афтӕмӕй Хуыцауы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уырнындзинад сӕ мады гуыбынӕй нӕ рахастой. Сӕ цард хорз ӕвдисы, адӕймагмӕ уырнындзинад Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй фӕзыны (Гал. 5:22, 23). Уыдон-иу Йегъовӕмӕ куывтой ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдтой, ӕмӕ сын уый сӕ уырнындзинад фидар кодта. Уӕдӕ махӕн дӕр Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй рӕдауӕй хай кӕндзӕн, уый тыххӕй йӕм куы кувӕм ӕмӕ стӕй нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр куы кӕнӕм, уӕд (Лук. 11:13). Фӕлӕ ма ноджыдӕр нӕ бон цы у аразын?

6. Библийӕ цы бакӕсӕм, уый нын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?

6 Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой цӕуы, уыдонӕй ацы чиныджы ӕрмӕстдӕр иуӕй-иуты царды хабӕрттӕм ӕркастыстӕм. Фӕлӕ ма дзы ноджыдӕр ис бирӕ ӕндӕр цӕвиттонтӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:32.) Ӕмӕ нӕ бон у уыцы адӕймӕгтӕй алкӕй цард дӕр лӕмбынӕг раиртасын ӕмӕ дзы нӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсын. Библийы-иу сӕ уырнындзинады тыххӕй уӕлӕнгӕйтты куы акӕсӕм, уӕд уымӕй нӕхи уырнындзинад нӕ бафидар уыдзӕн. Цы бакӕсӕм, уый нын цӕмӕй ӕцӕгдӕр пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ рӕстӕг ма ӕвгъау кӕнӕм «арф къахынӕн». Хъуамӕ-иу лӕмбынӕг ӕркӕсӕм контекстмӕ ӕмӕ, цы хабӕртты тыххӕй кӕсӕм, уыдон кӕд ӕмӕ цы уавӕрты ӕрцыдысты, уый-иу раиртасӕм. Стӕй, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр «мах хуызӕн» ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ кӕй уыдысты, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕм ӕввахсдӕр уыдзысты (Иак. 5:17). Ӕнцондӕр-иу нын уыдзӕн нӕхи сӕ бынаты сӕвӕрын ӕмӕ, мах цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдты бахаугӕйӕ куыд кодтаиккой, уый бамбарын.

7–9. а) Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕн мах уавӕрты лӕггад кӕныны фадат куы уыдаид, уӕд куыд бакодтаиккой? ӕ) Нӕ уырнындзинад нӕ хъуыддагӕй ӕвдисын цӕмӕн хъӕуы?

7 Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы бӕлвырд хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдисын. Уырнындзинад «ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иак. 2:26). Дӕ цӕстытыл-ма йӕ ауайын кӕн, Йегъовӕ абон махӕн цы куыст бахӕс кодта, уый йӕ рагон лӕггадгӕнджытӕн куы бахӕс кодтаид, уӕд куыд цин кодтаиккой!

8 Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Авраам Йегъовӕйӕн куыд куывта, уый. Ӕдзӕрӕг быдыры-иу дуртӕй нывондхӕссӕн скодта ӕмӕ-иу уым Хуыцауы ном ссардта. Фӕлӕ йын Йегъовӕ куы загътаид, зӕгъгӕ мын рӕсугъд Паддзахады залы мӕ иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ иумӕ кувдзынӕ, уӕд ма йӕ цинӕн кӕрон дӕр уыдаид? Кӕнӕ абон стыр конгрессты дзырд фӕцӕуы, Авраам «дардӕй» цы зӕрдӕвӕрдтӕ уыдта, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ дзы мах бирӕ диссаджы хабӕрттӕ базонӕм. Ӕмӕ цымӕ Авраамӕн ахӕм конгрессы бадыны фадат куы уыдаид, уӕд ма фырцинӕй зӕххыл дӕр лӕууыдаид? (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:13.) Науӕд ӕй куыд зонӕм, афтӕмӕй Илийа Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕм паддзахы рӕстӕджы, стӕй йӕ хъуыди Ваалы пехуымпарты ныццӕгъдын. Фӕлӕ йын Йегъовӕ куы загътаид, зӕгъгӕ, хъӕуы дӕ адӕммӕ хӕдзӕрттӕм фарнимӕ цӕуын ӕмӕ сын хорз хабар, ныфсдӕттӕг хабар хъусын кӕнын, уӕд куыд цин кодтаид! Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн мах уавӕрты лӕггад кӕныны фадат куы уыдаид, уӕд дзы уайтагъд спайда кодтаиккой.

9 Цӕй уӕдӕ мах дӕр нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фидар кӕнӕм. Уӕд нӕ бон уыдзӕн, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй цы базыдтам, уымӕй царды пайда кӕнын. Ӕмӕ нын уӕд – нӕ чиныджы разныхасы куыд загътам, афтӕ – уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ суыдзысты хорз ӕмбӕлттау ӕввахс. Фӕлӕ ма уымӕй диссагдӕр та уый у, ӕмӕ нын тагъд рӕстӕджы фадат уыдзӕн, цӕмӕй уыцы адӕймӕгтимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ базонгӕ уӕм ӕмӕ семӕ ноджы тынгдӕр балымӕн уӕм.

10. Дзӕнӕты нын стыр циндзинад цы ’рхӕсдзӕн?

10 Ӕппынӕдзух хъуыды кӕн, цы ныфс дын ис, ууыл. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр сӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтыдта, цы ныфс сын уыди, уый. Дӕуӕн та? Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, рӕстгӕнджытӕ ӕгас кӕнын куы райдайой ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд куыд цин кӕндзыстӕм, уый! (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 24:15.) Цӕмӕй сӕ бафӕрсис, ууыл искуы хъуыды кодтай?

11, 12. Ног дунейы цӕмӕй бафӕрсис: а) Авелы? ӕ) Нойы? б) Авраамы? в) Руфы? г) Авигейӕйы? д) Есфиры?

11 Ног дунейы Авелимӕ куы фембӕлай, уӕд ӕй йӕ ныййарджытӕй нӕ бафӕрсдзынӕ, цыхуызӕн уыдысты, зӕгъгӕ? Йе та йӕ, чи зоны, бафӕрсай: «Едемы цӕхӕрадонмӕ бахизӕны цы херувимтӕ лӕууыд, уыдонимӕ аныхас кӕныныл архайдтай? Ӕмӕ дын исты загътой?» Цы зӕгъӕн ис Нойӕ та? Нӕ йӕ бафӕрсис: «Уыцы уӕйыг адӕмӕй, нефилимтӕй, нӕ тарстӕ? Утӕппӕт цӕрӕгойтӕм ӕнӕхъӕн афӕдзы дӕргъы науы мидӕг куыд зылдыстут?» Авраамы та, чи зоны, бафӕрсай: «Симыл искуы фембӕлдтӕ? Йегъовӕйы тыххӕй дын чи радзырдта? Ур ныууадзын дын зын уыди?»

12 Раджы заманты чи цард, уыцы иузӕрдион сылгоймӕгтӕм та цавӕр фарстатӕ раттис? Зӕгъӕм, Руфы нӕ бафӕрсис: «Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг цӕмӕн сдӕ?» Кӕнӕ Авигейӕйы: «Навалӕй нӕ тарстӕ? Давидӕн куыд баххуыс кодтай, уый тыххӕй йын куыд радзырдтай?» Науӕд Есфиры нӕ бафӕрсис: «Дӕу ӕмӕ Мардохейы тыххӕй Библийы цы хабар фыст ис, уый фӕстӕ цы баистут?»

13. а) Куыд дӕм кӕсы, чи райгас уа, уыдон дӕ цӕмӕй фӕрсдзысты? ӕ) Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты феныны фадат дын кӕй ис, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

13 Уӕвгӕ, чи райгас уа, уыдоны дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕнддзӕн дӕу бафӕрсын. Ацы дунейы фӕстаг бонты куыд лӕггад кодтам ӕмӕ нын Йегъовӕ куыд арфӕ кодта, уый тыххӕй сын куы дзурай, уӕд дӕм куыд зӕрдиагӕй хъусдзысты! Науӕд, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр куыд сӕххӕст кодта, уый тыххӕй сын куы дзурай, уӕд фырцинӕй сӕ цӕссыгтӕ дӕр куыннӕ ӕркӕлдзысты. Абон Хуыцауы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй Библийы фӕкӕсӕм ӕмӕ сын сӕ царды хабӕрттӕ нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм. Фӕлӕ ног дунейы сӕхӕдӕг немӕ уыдзысты! Уӕдӕ ныртӕккӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз, цӕмӕй дын уыцы адӕймӕгтӕ зынаргъ ӕмбӕлттау ӕввахс суой. Сӕ уырнындзинад сын фӕзм. Ӕмӕ уӕд семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзынӕ ӕнустӕм!