Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Адӕмӕн кӕй парахат кӕнӕм, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 2008 азы 1 январы номыры фӕзынд ног рубрикӕ, «Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг», зӕгъгӕ. Ӕмӕ дзы уӕдӕй фӕстӕмӕ алы ӕртӕ мӕйы дӕр иу хатт мыхуыр ӕрцӕуы ног статья. Уыцы статьятӕ афтӕ цымыдисаг сты, ӕмӕ сӕ кӕсынӕй нӕ фефсӕдӕм!

Ацы рубрикӕйы тыххӕй нӕ кӕсджытӕ цы зӕгъынц? Иу хо Марфӕйы тыххӕй куы бакаст, уӕд ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Куы йӕ кастӕн, уӕд цас фӕхудтӕн! Ӕз дӕр раст Марфӕйы хуызӕн дӕн. Уазджытӕн хорз ӕфсин уон, уый мӕ фӕфӕнды ӕмӕ хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл свӕййын. Ӕмӕ иу гыццыл ӕрбадон ӕмӕ ме ’мбӕлттимӕ аныхӕстӕ кӕнон, уый дӕр мӕ айрох вӕййы». 15 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо та Есфиры хабарӕй йӕхицӕн ахӕм хатдзӕг скодта: «Иу хъуыддаг бамбӕрстон, ӕмӕ иуӕй-иу хатт нӕхи дзаумӕттыл фӕмарӕм. Фӕфӕнды нӕ, цӕмӕй модӕйӕ фӕстейӕ ма баззайӕм. О, нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуамӕ уа; фӕлӕ ӕрмӕст ууыл суӕм, уый дӕр раст нӕу». Стӕй ма уыцы хо йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Йегъовӕ кӕсы, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уымӕ». Иу хойӕн та, апостол Петры тыххӕй цы статья уыди, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ загъта: «Куы йӕ кастӕн, уӕд дзы ӕнӕхъӕнӕй дӕр аныгъуылдтӕн, цыма мӕхӕдӕг дӕр уым уыдтӕн, афтӕ! Библийы ӕрмӕстдӕр дыууӕ ныхасӕй цы хабӕртты тыххӕй ис фыст, уыдон мӕ цӕстыты раз афтӕ ирдӕй сыстадысты, ӕмӕ диссаг!»

Ацы статьятӕ кӕсджытӕн сӕ зӕрдӕмӕ куыд тынг фӕцыдысты, уый тыххӕй ма ноджыдӕр бирӕтӕ ныффыстой. Ӕмӕ уый хорз ӕвдисы, кӕддӕр апостол Павел цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон раст кӕй сты: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый... фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн» (Ром. 15:4). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ Библийы уый тыххӕй ныффыссын кодта, цӕмӕй нӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кӕна. Ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр – уӕлдай нӕу, рӕстдзинад раджы базыдтам ӕви ӕрӕджы – уыцы хабӕрттӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын.

Ацы чиныг, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъддӕр райдайут кӕсын. Хорз уаид, ӕнӕхъӕн бинонтӕй йӕ иумӕ куы ахуыр кӕниккат. Уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзӕн! Ӕмбырдты йӕ ахуыр кӕнын куы райдайӕм, уӕд-иу иу ӕмбырд дӕр ма фӕцух кӕнут! Кӕсгӕ-кӕсын-иу тагъд ма кӕнут, фӕлӕ-иу цы кӕсат, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнут. Хабӕрттӕ-иу уӕ цӕстытыл ауайын кӕнут. Бамбарут-иу, кӕй тыххӕй дзы кӕсат, уыдонмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзындаид, ӕмӕ-иу фенут, уыдон цытӕ уыдтой, уый. Ахъуыды-иу кӕнут, алыхуызон уавӕрты-иу уыдон куыд бакодтой ӕмӕ сымах та куыд бакодтаиккат, ууыл.

Мах дӕр уемӕ тынг цин кӕнӕм ацы ног чиныгыл. Уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ бинонтӕн дӕр стыр ӕххуыс цы фӕуа, уыцы арфӕ уӕ уӕд. Бирӕ уӕ уарзӕм ӕмӕ уын нӕ зӕрдӕ зӕгъы, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет