Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 ФАРСТА

Тыхӕй ныххӕцыны тыххӕй цы хъӕуы зонын?

Тыхӕй ныххӕцыны тыххӕй цы хъӕуы зонын?

УЫЙ ЗОНЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

Алы аз дӕр милуангай адӕймӕгтӕн тыхми бакӕнынц, ӕмӕ сӕ фылдӕр вӕййынц ӕрыгӕттӕ.

ДЫ КУЫД БАКӔНИС?

Аннетты иу лӕппу зӕххыл куыд ӕрфӕлдӕхта, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта. «Лӕбурдтон ма йӕм, фӕндыд мӕ ныцъцъӕхахст кӕнын, фӕлӕ мӕ бон хъӕр кӕнын дӕр нӕ уыд,– загъта Аннетт.– Къухӕй ӕмӕ йӕ къахӕй тъӕпп кодтон, хостон ӕй, йӕ цӕсгом ын ныттыдтон. Фӕлӕ мӕ кардӕй куы бацавта, уӕд бандзыг дӕн».

Ахӕм уавӕры ды куыд бакӕнис?

ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!

Ӕхсӕвыгон ӕддейӕ дӕхи куыдфӕнды ма хъахъхъӕнай, уӕддӕр дыл, гӕнӕн ис, исты фыдбылыз ӕрцӕуа. Библи зӕгъы: «Цӕрдӕг чи у, уыдон нӕ рамбулынц дугъы ӕмӕ... зонындзинӕдтӕ кӕмӕ ис, аргъ уыдонӕн нӕ фӕкӕнынц, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11).

Аннеттау иуӕй-иу ӕрыгӕттыл тыхӕй ныххӕцынц ӕнӕзонгӕ адӕймӕгтӕ. Кӕуылдӕр та ахӕм хабар ӕрцӕуы зонгӕты кӕнӕ ма суанг бинонтӕй искӕй къухӕй дӕр. Наталийыл дӕс азы йеддӕмӕ нӕ цыди, йӕ сыхаг лӕппу йыл тыхӕй куы ныххӕцыд. Натали загъта: «Афтӕ тынг тарстӕн, стӕй мӕхимӕ ахӕм ӕгад кастӕн, ӕмӕ йӕ фыццаг хъӕр дӕр никӕмӕн скодтон».

АХХОСДЖЫН ДЫ НӔ ДӔ

Аннетт ма суанг абоны онг дӕр йӕхи хӕры, цы йыл ӕрцыд, уый тыххӕй. «Уыцы хабар мӕ сӕрӕй нӕ хизы,– зӕгъы Аннетт,– афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр цӕвын хъуыди. Фӕлӕ мӕ кардӕй куы бацавта, уӕд фыртӕссӕй бандзыг дӕн, ницыуал сфӕрӕзтон. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр хъуыди исты бакӕнын».

Натали дӕр йӕхи хӕры. «Нӕ мӕ хъуыди алкӕуыл ӕууӕндын,– зӕгъы Натали.– Мӕ ныййарджытӕ мын цал ӕмӕ цал хатты загътой, мӕ хоимӕ ӕддейӕ куы уӕм, уӕд цӕмӕй иумӕ хъазӕм, фӕлӕ сӕм нӕ хъуыстон. Ӕмӕ мӕ мӕ сыхӕгты лӕппу кӕй фӕхынджылӕг кодта, уый мӕхи аххос у. Уыцы хабарӕй мӕ ныййарджытӕ карды цӕфау фесты. Сӕ зӕрдӕ сын фӕриссын кодтон. Ӕмӕ уый тыххӕй мӕхи ӕфхӕрын».

Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ вӕййы, уӕд хъуамӕ фыццаджыдӕр ӕмбарай, уыцы хабар адӕймагыл йӕхи фӕндӕй кӕй не ’рцӕуы. Иуӕй-иутӕ тыхмимӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй фӕкӕсынц. Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, лӕппутӕ сӕхи афтӕ кӕй дарынц, уым диссагӕй ницы ис кӕнӕ, уыцы хабар кӕуыл ӕрцыд, уыдоны уый сӕхи фӕндыд. Фӕлӕ никӕмӕн ис уый бар, цӕмӕй иннӕмӕн тыхми бакӕна. Кӕд дӕуӕн дӕр ахӕм фыдми бакодтой, уӕд зон – аххосджын ды нӕ дӕ!

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон у зӕгъын, аххосджын ӕз нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ хъуыды кӕнай, уый ӕндӕр хъуыддаг у. Ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ никӕмӕн фӕзӕгъынц, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ сӕхи фефхӕрынц. Фӕлӕ хабар чи хъуамӕ сусӕг кӕна? Ды ӕви дыл тыхӕй чи ныххӕцыд, уый? Уӕдӕ дӕхи ма хӕр ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый искӕмӕн радзур.

ДӔ ЗӔРДӔ ИСКӔМӔН РАРГОМ КӔН

Библийы фыст ис, Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг Иов йӕ зындзинӕдтӕй куы стыхст, уӕд афтӕ кӕй загъта: «Мӕ рыстзӕрдӕйӕ дзурдзынӕн!» (Иов 10:1). Дӕуӕн дӕр уый баххуыс кӕндзӕн. Тынг кӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн алцыдӕр куы радзурай, уӕд хъуыддагмӕ раст цӕстӕй ракӕсдзынӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр уыдзӕн.

Ӕвзӕр хъуыдытӕ дӕ сӕ быны куы скӕной, уӕд дӕ зӕрдӕ искӕмӕн раргом кӕн

Аннетт дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ йын фенцондӕр ис. Аннетт зӕгъы: «Мӕ хорз ӕмбалимӕ аныхас кодтон ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй хабар хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзырдтаин. Цы хорз у, кӕй йӕм байхъуыстон. Иу цалдӕр хатты мемӕ аныхас кодтой ӕмӕ мын загътой, цы фехъусын мӕ фӕндыд, уый – ӕз кӕй нӕ дӕн аххосджын. Мӕ аххос дзы ницы уыд».

Натали хабар радзырдта йӕ ныййарджытӕн. «Мӕ рыст мын бамбӕрстой,– зӕгъы Натали.– Загътой мын, цӕмӕй сын радзурон, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕхимӕ ма ныхъхъуыстаин ӕмӕ мӕ маст ссыдаид».

Наталийӕн ма баххуыс кодта, Хуыцаумӕ кӕй куывта, уый дӕр. «Хуыцауӕн мӕ зӕрдӕ кӕй ӕргом кодтон,– зӕгъы Натали,– уый мын тынг ӕххуыс кодта, уӕлдайдӕр та-иу мӕ бон искӕимӕ аныхас кӕнын куы нӕ уыди, уӕд. Хуыцауӕн мӕ бон вӕййы алцыдӕр радзурын. Уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы».

«Ис... рӕстӕг дзӕбӕх кӕнынӕн»,– фыст ис Библийы (Екклесиаст 3:3). Рӕстӕг-иу ссар дзӕбӕх баулӕфынӕн, дӕхи-иу аирхӕфс. Сӕйраджыдӕр та, дӕ ныфс сӕвӕр удӕнцойдӕттӕг Хуыцау Йегъовӕйыл (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

ӔМБӔЛЫНМӔ ЦӔТТӔ КУЫ УАЙ

Исчи дӕм дзӕгъӕл ӕвнӕлдтытӕ куы кӕна, уӕд раст бакӕндзынӕ, афтӕ йын куы зӕгъай: «Ныууадз мӕ!» кӕнӕ «Дӕ къухтӕ айс!» Дӕ уарзон дӕ куы ныууадза, уымӕй ма тӕрс. Ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕныныл кӕй нӕ разы кӕныс, уый тыххӕй дӕ куы ныууадза, уӕд дӕ аккаг нӕу! Дӕу хъӕуы, дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дын дӕ хъуыдыйӕн дӕр чи аргъ кӕндзӕн, ахӕм адӕймаг.

ТЕСТ

«Скъолайы-иу мӕм лӕппутӕ дзӕгъӕл ӕвнӕлдтытӕ кодтой ӕмӕ-иу мын алыхуызон чъизи ныхӕстӕ кодтой, зӕгъгӕ, немӕ ӕмуат куы ӕрцӕуис, уӕд дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуид» (Кореттӕ).

Уыцы лӕппуты тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

  1. Хынджылӕг кодтой.

  2. Ӕнӕгъдау хъазӕн митӕ кодтой.

  3. Йемӕ сӕ ӕмуат ӕрцӕуын фӕндыд.

«Автобусы мын иу лӕппу ӕнӕгъдау ныхӕстӕ кодта ӕмӕ мӕ ӕрбахъӕбыс кӕнынмӕ хъавыди. Ӕз ын йӕ къухтӕ атъӕпп кодтон ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мӕ ныууагътаид. Ӕмӕ мӕм ахӕм каст ӕрбакодта, цыма исты ӕдылы дӕн» (Кендис).

Уыцы лӕппуйы тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

  1. Хынджылӕг кодта.

  2. Ӕнӕгъдау хъазӕн митӕ кодта.

  3. Йемӕ йӕ ӕмуат ӕрцӕуын фӕндыд.

«Иу лӕппу мын арӕх дзырдта, мӕ зӕрдӕмӕ, дам, цӕуыс ӕмӕ, дам, мӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбӕлын райдайӕм, кӕд-иу ын нӕ разы кодтон, уӕддӕр. Иуӕй-иу хатт-иу мын мӕ къухыл барӕй андзӕвыд. Загътон-иу ын, афтӕ ма кӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕм ницы хъардта. Иухатт та, мӕ дзабыры бӕттӕнтӕ бӕттынмӕ куы ӕргуыбыр кодтон, уӕд мӕ фӕстейӕ ӕрбакъӕрцц кодта» (Бефани).

Уыцы лӕппуйы тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

  1. Хынджылӕг кодта.

  2. Ӕнӕгъдау хъазӕн митӕ кодта.

  3. Йемӕ йӕ ӕмуат ӕрцӕуын фӕндыд.

Ацы ӕртӕ фарстайӕн раст дзуапп у 3-аг.

Адӕймаджы искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын фӕнда, уый куыд хицӕн кӕны искӕмӕй хынджылӕг кӕнынӕй кӕнӕ ӕнӕгъдау хъазӕн митӕ кӕнынӕй?

Адӕймаджы кӕимӕдӕр ӕмуат ӕрцӕуын куы бафӕнды, уӕд ын ӕнӕгъдау ныхӕстӕ фӕдзуры кӕнӕ йӕм дзӕгъӕл ӕвнӕлдтытӕ фӕкӕны. Ӕмӕ йын кӕд иннӕ фӕдзуры, ныууадз мӕ, зӕгъгӕ, уӕддӕр ӕм уыдӕттӕ нымады дӕр нӕ вӕййынц.

Уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Ахӕм хабӕрттӕ тыхмимӕ дӕр ӕркӕнынц.