Матфейы 5–7 сӕртӕ
5 Утӕппӕт адӕмы фенгӕйӕ Йесо ссыд хохмӕ. Куы ’рбадт, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты, 2 ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта:
3 «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад.
4 Амондджын сты, хъыг чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ удӕнцой ссардзысты.
5 Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты.
6 Амондджын сты, ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад чи агуры, уыдон, уымӕн ӕмӕ бафсӕддзысты.
7 Амондджын сты, фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ сын сӕхимӕ дӕр уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ.
8 Амондджын сты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фендзысты.
9 Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон, уымӕн ӕмӕ сӕ схондзысты Хуыцауы фырттӕ.
10 Амондджын сты, рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад.
11 Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой. 12 Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг,– афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдоны дӕр.
13 Сымах стут зӕххы цӕхх. Фӕлӕ цӕххӕн йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕддӕмӕ, адӕмы къӕхты бынмӕ акалыны йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕмӕнуал бӕздзӕн.
14 Сымах стут ацы дунейӕн рухс. Хохы сӕр цы горӕт лӕууа, уый зындзӕн алкӕмӕ дӕр. 15 Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй барӕн къусы бын нӕ бавӕрынц, фӕлӕ йӕ сӕвӕрынц цырагъдарӕныл, ӕмӕ йӕ рухс фӕкӕлы хӕдзары алкӕмӕ дӕр. 16 Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной.
17 Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз Закъон кӕнӕ пехуымпарты ныхӕстӕ фехалынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ фехалынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. 18 Ӕцӕг уын зӕгъын: арв ӕмӕ зӕхх куы нал уой, уӕддӕр Закъоны тӕккӕ гыццылдӕр дамгъӕ кӕнӕ дамгъӕйӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн – ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕн. 19 Уӕдӕ ацы гыццыл фӕдзӕхстытӕй иу дӕр чи фехала ӕмӕ ууыл иннӕты дӕр чи сахуыр кӕна, уый уӕларвон паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕ уыдзӕн. Чи сӕ ӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр чи амона, уый та уыдзӕн уӕларвон паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг. 20 Зӕгъын уын: чиныджыдӕснытӕй ӕмӕ фарисейтӕй растдӕр куы нӕ уат, уӕд уӕларвон паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.
21 Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн афтӕ кӕй уыд загъд: „Ма амар. Адӕймаджы чи амара, уый та ӕрлӕудзӕн тӕрхоны раз“. 22 Ӕз та уын зӕгъын: йе ’фсымӕрмӕ маст чи хӕссы, уый дӕр ӕрлӕудзӕн тӕрхоны раз. Йе ’фсымӕрӕн чи бафидис кӕна, уый та ӕрлӕудзӕн Сӕйраг тӕрхоны раз. Фӕлӕ йын афтӕ чи зӕгъа, ды ничи дӕ, ӕрра, зӕгъгӕ, уымӕн та тӕссаг у гееннӕйы a арты бахауынӕй.
23 Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, 24 уӕд дӕ кувинаг уым нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, де ’фсымӕримӕ уал бафидау, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн.
25 Тӕрхондонмӕ дыл хъаст чи кӕны, уыимӕ бафидау, цалынмӕ ма фӕндагыл стут, уӕдмӕ, цӕмӕй дӕ тӕрхонгӕнӕджы къухмӕ ма ратта, тӕрхонгӕнӕг та – тӕрхондоны кусӕгмӕ, ӕмӕ дӕ ахӕстоны ма баппарой. 26 Зӕгъын дын: цалынмӕ дӕ хӕс фӕстаг капеччы онг нӕ бафидай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ.
27 Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Ма хӕт“. 28 Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг. 29 Уӕдӕ дӕ кӕд дӕ рахиз цӕст рӕдийын кӕны, уӕд ӕй скъах ӕмӕ йӕ аппар. Цӕйнӕфӕлтау дӕ буар ӕгасӕй дӕр гееннӕмӕ b бахауа, фӕлтау дӕ уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд. 30 Кӕд дӕ дӕ рахиз къух рӕдийын кӕны, уӕд уый дӕр ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар. Цӕйнӕфӕлтау дӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр гееннӕйы c хай бауа, фӕлтау дӕ уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд.
31 Афтӕ дӕр ма уыд загъд: „Йӕ усӕй чи ахицӕн уа, уый йын раттӕд, кӕй дзы ахицӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт“. 32 Ӕз та уын зӕгъын: йӕ усмӕ хӕтыны d азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа, уый йӕ ӕфтауы хӕтыныл, ӕмӕ, йӕ лӕг кӕмӕй ахицӕн, ахӕм усы чи ракура, уый дӕр кӕны хӕтгӕ.
33 Сымах ма уый дӕр фехъуыстат, рагон адӕмӕн кӕй уыд загъд: „Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн“. 34 Ӕз та уын зӕгъын: сомы ӕппындӕр ма кӕнут – нӕдӕр арвӕй, уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцауы бадӕн, 35 нӕдӕр зӕххӕй, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ къӕхтӕвӕрӕн, нӕдӕр Иерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ уый у цытджын Паддзахы горӕт. 36 Мадӕр уӕ сӕрӕй сомы кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕ сӕрыхъуынтӕй иу дӕр уӕ бон нӕдӕр сурс кӕнын у, нӕдӕр ссау кӕнын. 37 „О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“. Уымӕй уӕлдай цы зӕгъат, уый та у Фыдбылызӕй.
38 Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст“. 39 Ӕз та уын зӕгъын: фыдлӕгӕн йӕ ныхмӕ ма цу, фӕлӕ дын дӕ рахиз уадул чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. 40 Исчи дыл тӕрхондонмӕ куы хъаст кӕна, дӕ хӕдон байсынмӕ дын куы хъава, уӕд ын ратт де ’ддаг дарӕс дӕр. 41 Ӕмӕ дӕ барджынтӕй исчи йемӕ иу мин къахдзӕфы куы цӕуын кӕна, уӕд йемӕ ацу дыууӕ ахӕмы. 42 Исчи дӕ исты куы кура, уӕд ын ӕй ратт, ӕмӕ дӕ ӕфстау e чи иса, уымӕн дӕр „нӕ“ ма зӕгъ.
43 Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Иннӕты уарз, фӕлӕ де знагӕй де сӕфт уын“. 44 Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. 45 Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр. 46 Кӕд сымах, чи уӕ уарзы, уыдоны уарзут, уӕд уын цӕй хӕрзиуӕг уыдзӕн? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц? 47 Ӕмӕ кӕд ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртыл бацин кӕнут, уӕд уадиссагӕй цы аразут? Иннӕ адӕмтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц? 48 Уӕдӕ ут ӕххӕст, уӕ уӕларвон Фыд куыд ӕххӕст у, афтӕ.
6 Уӕхи адӕмы цӕстмӕ ма ӕвдисут, ӕз рӕстгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕд уӕ уӕларвон Фыдӕй хӕрзиуӕг нӕ уыдзӕн. 2 Уӕдӕ мӕгуыртӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд ӕй адӕмыл ма ныхъхъӕр кӕн – афтӕ фӕкӕнынц цӕстмӕхъустӕ ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ уынгты, цӕмӕй адӕм сӕ хорзы кой кӕной. Ӕцӕг уын зӕгъын: уыдон сӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй райстой. 3 Ды та мӕгуыртӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕ галиу къух ма зонӕд, рахиз къух цы аразы, уый, 4 цӕмӕй, цы хорздзинад аразыс, уый мачи фена. Ӕмӕ дын уӕд дӕ хорздзинад бафиддзӕн дӕ уӕларвон Фыд – алцыдӕр чи уыны, уый.
5 Стӕй, кувгӕ куы фӕкӕнут, уӕд дӕр цӕстмӕхъусты хуызӕн ма ут. Уыдон уарзынц ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ стыр уынгты тигътыл лӕууын ӕмӕ кувын, цӕмӕй сӕ адӕм уыной. Ӕцӕг уын зӕгъын: уыдон сӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй райстой. 6 Ды та куы кувай, уӕд бацу дӕ уатмӕ, дӕ дуар бахгӕн ӕмӕ скув дӕ уӕларвон Фыдмӕ – цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уымӕ. Ӕмӕ дын уӕд хорзӕх уыдзӕни дӕ уӕларвон Фыдӕй – алцыдӕр чи уыны, уымӕй. 7 Ӕрмӕст, куы кувай, уӕд-иу ацы дунейы адӕмау уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ма дзур – уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ бирӕ куы дзурой, уӕд сын Хуыцау сӕ куывд фехъусдзӕн. 8 Уӕдӕ сымах уыдоны хуызӕн ма ут, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, уӕ уӕларвон Фыд, кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый.
9 Кувгӕ та кӕнут афтӕ:
„Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. 10 Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр. 11 Ратт нын къӕбӕр абоны фаг. 12 Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ. 13 Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн“.
14 Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн. 15 Фӕлӕ сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ.
16 Ком куы дарат, уӕд-иу уӕхи цӕстмӕхъустау ма нынкъардхуыз кӕнут – уыдон сӕхи ныттӕригъӕдхуыз кӕнынц, цӕмӕй, ком кӕй дарынц, уый адӕм уыной. Ӕцӕг уын зӕгъын: уыдон сӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй райстой. 17 Ды та, ком куы фӕдарыс, уӕд-иу дӕ сӕр сойӕ байсӕрд ӕмӕ-иу дӕ цӕсгом ныхс, 18 цӕмӕй, ком кӕй дарыс, уый адӕм ма уыной, фӕлӕ йӕ уына дӕ уӕларвон Фыд, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уый. Ӕмӕ дын уӕд хӕрзиуӕг уыдзӕни дӕ уӕларвон Фыдӕй – алцыдӕр чи уыны, уымӕй.
19 Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут – ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, стӕй сӕм давджытӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц. 20 Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, уӕдӕ сӕм давджытӕ дӕр нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ адавынц. 21 Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр.
22 Буарӕн йӕ цырагъ цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн рухс. 23 Фӕлӕ дӕ цӕст, ӕвзӕр цы у, уымӕ куы уа арӕзт f, уӕд та дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн талынг. Ӕмӕ кӕд, дӕ мидӕг цы рухс ис, уый талынг у, уӕд ма уымӕй талынгдӕр цы хъуамӕ уа!
24 Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр.
25 Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат. Ау, уд хӕринагӕй ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй зынаргъдӕр нӕу? 26 Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ ӕмӕ нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, фӕлӕ сӕ уӕ уӕларвон Фыд ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут? 27 Стӕй, куы мӕт кӕнат, уӕд уӕ уымӕй йӕ цардыл иу гыццыл дӕр исчи бафтаудзӕн? 28 Уӕдӕ дарӕсыл дӕр цы мӕт кӕнут? Акӕсут-ма, быдыры дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ – уыдон нӕдӕр фыдӕбон кӕнынц, нӕдӕр ӕлвисгӕ. 29 Фӕлӕ уын зӕгъын: паддзах Соломоны хуызӕн хъӕздыг лӕг нӕ уыд, ӕмӕ-иу уый дӕр уыдоны хуызӕн рӕсугъд нӕ сарӕзта йӕхи. 30 Ӕмӕ кӕд Хуыцау, абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй ныууадздзӕн? Кӕм ис уӕ уырнындзинад? 31 Уӕдӕ мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. 32 Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц.
33 Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни. 34 Ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ. Алы бонӕн дӕр йӕхи зындзинӕдтӕ фаг сты.
7 Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн, 2 уымӕн ӕмӕ иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр, ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр. 3 Дӕхи цӕсты хъӕд куы нӕ уыныс, уӕд де ’фсымӕры цӕсты хъӕмпыхалмӕ цы кӕсыс? 4 Науӕд де ’фсымӕрӕн афтӕ куыд зӕгъыс: „Ӕри-ма, ӕз дын дӕ цӕстӕй хъӕмпыхал райсон“, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты хъӕд ис? 5 Цӕстмӕхъус! Раздӕр уал дӕхи цӕстӕй хъӕд раппар, ӕмӕ уӕд, де ’фсымӕры цӕстӕй хъӕмпыхал куыд райсай, уый дӕр фендзынӕ.
6 Табуйаг цы у, уый куыйтӕн ма дӕттут ӕмӕ уӕ налхъуыт хуыты размӕ ма ӕппарут, цӕмӕй йӕ сӕ къӕхты бын ма ныссӕндой, ӕмӕ уын стӕй уӕхирдӕм ма фӕуой ӕмӕ уӕ ма бахӕрой.
7 Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты. 8 Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары ӕмӕ, чи хойы, уымӕн бакӕнынц. 9 Искӕмӕй уӕ йӕ сывӕллон дзул куы ракура, уӕд ын дур ратдзӕн? 10 Кӕнӕ дзы кӕсаг куы ракура, уӕд ын калм ратдзӕн? 11 Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ракӕндзӕн хорздзинӕдтӕ, чи дзы куры, уыдонӕн!
12 Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр – уый мидӕг ис Закъон ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕн сӕ хъуыды.
13 Бахизут нарӕг дуарыл, уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц. 14 Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц.
15 Уӕхи хизут мӕнг пехуымпартӕй – уыдон уӕм ӕрбацӕуынц фысы цармы, мидӕгӕй та сты тугдзых бирӕгътӕ. 16 Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Искуы исчи сындзы къутӕрӕй сӕнӕфсир кӕнӕ легъуитӕ ӕртыдта? 17 Афтӕ алы хорз бӕласыл дӕр ӕрзайы хорз дыргътӕ, ӕвзӕр бӕласыл та – ӕвзӕр дыргътӕ. 18 Хорз бӕласыл ӕвзӕр дыргътӕ никуы ’рзайдзӕн, ӕвзӕр бӕласыл та – хорз дыргътӕ. 19 Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц. 20 Уӕдӕ уыцы адӕймӕгты дӕр базондзыстут сӕ хъуыддӕгтӕй.
21 Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый. 22 Уыцы бон мын бирӕтӕ зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах дӕ номӕй нӕ дзырдтам, дӕ номӕй адӕмӕй хӕйрӕджыты нӕ сырдтам ӕмӕ дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ нӕ арӕзтам?“ 23 Фӕлӕ сын уӕд ӕз ӕргом зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ нӕ зонын! Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ“.
24 Уӕдӕ мын мӕ ныхӕстӕ чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн. 25 Иу бон къӕвда ныккалдта, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстад, ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ хӕдзар нӕ ныккалд, уымӕн ӕмӕ къӕдзӕхыл лӕууыд. 26 Мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи сарӕзта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн. 27 Иу бон къӕвда ныккалдта, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстад, ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ бынтондӕр ныппырх».
28 Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл, 29 уымӕн ӕмӕ сӕ уый чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас.
a Бырӕттӕ кӕм сыгътой, ахӕм бынат Иерусалимы цур. Грекъагау афтӕ хуыдтой Енномы дӕлвӕз. Енномы дӕлвӕз уыди рагон Иерусалимӕн ныгуылӕнырдыгӕй ӕмӕ хуссарырдыгӕй. Уыцы дӕлвӕзы цӕрӕгойты кӕнӕ адӕмы удӕгасӕй кӕй сыгътой ӕмӕ сын хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарын кодтой, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Уӕдӕ гееннӕ, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй ӕмӕ, чи амард, уыцы адӕм кӕм хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ ӕнустӕм кӕм судзынц, ахӕм бынатмӕ нӕ амоны. Ӕмӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, чидӕртӕ гееннӕмӕ ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй куы дзырдтой, уӕд кодтой, ӕнустӕм кӕй фесӕфдзысты, уый кой.
d Библийы грекъаг дзырд порне́йа амоны алыхуызон нӕфӕтчиаг, хӕлд митӕм. Уымӕ хауы цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуын, проституци, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц, гомосексуализм ӕмӕ фосимӕ схуыссын. Хуыцау уыцы хъуыддӕгтӕ аразыны бар нӕ дӕтты.
e Ома ӕнӕ проценттӕй.
f Комкоммӕ «дӕ цӕст ӕвзӕр куы уа».