27 СӔР
Дӕ Хуыцау чи у?
ДӔ ХУЫЦАУ чи у? Ацы фарстыл алкӕй дӕр цӕмӕн хъӕуы ахъуыды кӕнын? ~ Уымӕн ӕмӕ адӕм кувынц бирӕ хуыцӕуттӕн (1 Коринфӕгтӕм 8:5). Иухатт апостол Павелыл ӕрцыд ахӕм хабар. Йегъовӕ йын цы тых радта, уый фӕрцы сдзӕбӕх кодта, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ адӕм уыцы диссаг куы федтой, уӕд хъӕр кӕнын райдыдтой: «Хуыцӕуттӕ адӕм фестадысты ӕмӕ нӕм ӕрцыдысты!» Адӕмы фӕндыд Павелӕн ӕмӕ йе ’мбал Варнавӕйӕн бакувын. Уыдон Павелы схуыдтой Гермес, Варнавӕйы та – Зевс. Гермес ӕмӕ Зевс уыдысты сӕ мӕнгхуыцӕуттӕ.
Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ адӕмы нӕ бауагътой, цӕмӕй сын бакуывтаиккой, ӕмӕ сын загътой: «Ацы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ ныууадзут ӕмӕ раздӕхут удӕгас Хуыцаумӕ» (Хъуыддӕгтӕ 14:8–15). Зӕгъ-ма, алцыдӕр чи сфӕлдыста, уыцы «удӕгас Хуыцау» чи у? ~ О, Йегъовӕ, Иунӕг Стыр Хуыцау. Йесо йӕ схуыдта «иунӕг ӕцӕг Хуыцау». Уӕдӕ-ма зӕгъ, ӕрмӕстдӕр кӕмӕн хъуамӕ кувӕм? ~ Йегъовӕйӕн! (Псалом 83:18; Иоанны 17:3; Раргомад 4:11).
Адӕмӕн сӕ фылдӕр «иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн» нӕ кувынц, фӕлӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн. Кувынц, хъӕдӕй, дурӕй ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй цы саразынц, уыдӕттӕн (Рацыд 32:3–7; Левит 26:1; Исай 44:14–17). Стӕй ма вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы кӕнӕ ӕнӕхъӕн дунейы кӕй зонынц, ахӕм адӕм дӕр сын свӕййынц хуыцӕутты хуызӕн. Фӕлӕ куыд хъуыды кӕныс, адӕмӕн кувӕн ис? ~
Савл апостол Павел куы сси, уӕд ныффыста: «Ацы дунейы хуыцау бакуырм кодта ӕнӕуырнджытӕн сӕ сӕрызонд» (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Зоныс, уыцы хуыцау чи у? ~ О, Сайтан Хӕйрӕг! Хӕйрӕгӕн бирӕ бантыст: адӕмы зонд схӕццӕ кодта, ӕмӕ кувынц сӕхи хуызӕн адӕмӕн, стӕй нывтӕн ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цӕмӕндӕрты.
Хӕйрӕг Йесойӕн куы загъта, бакув мын, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо цавӕр дзуапп радта? ~ Йесо загъта: «Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“» (Матфейы 4:10). Йесо йӕ хорз бамбарын кодта, кувӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис. Уый хорз зыдтой ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы дӕр. Сӕ нӕмттӕ уыдысты Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго.
Уыцы ӕртӕ лӕппуйы уыдысты Хуыцауы адӕмӕй. Вавилойнӕгтӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ сӕ бӕстӕмӕ акодтой. Иухатт Вавилоны паддзах Навуходоносор сызгъӕринӕй сарӕзта хуыцау. Уый уыди тынг стыр. Ӕмӕ иу бон загъта, зӕгъгӕ, музыкӕ куы райхъуыса, уӕд хъуамӕ алчидӕр уыцы хуыцауы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауа. «Йӕ разы йӕ зонгуытыл чи не ’рхауа ӕмӕ йын чи
нӕ бакува, уый та судзгӕ пецы баппардзысты»,– загъта паддзах. Зӕгъ-ма, ды куыд бакодтаис? ~Уый размӕ-иу Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго паддзахмӕ алкӕддӕр хъуыстой. Фӕлӕ йӕм ацы хатт нӕ байхъуыстой. Зоныс ӕй, цӕуылнӕ? ~ Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы закъоны фыст уыд: «Мӕн йеддӕмӕ уын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд. Уӕхицӕн мӕнгхуыцӕуттӕ мацӕмӕй аразут ӕмӕ сын ма кувут» (Рацыд 20:3–5). Уый тыххӕй Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго байхъуыстой Йегъовӕйы ныхасмӕ, паддзахы ныхасмӕ та нӕ байхъуыстой.
Паддзах уый куы базыдта, уӕд тынг смӕсты. Ӕмӕ загъта, уыцы лӕппуты-ма ныртӕккӕ ардӕм ӕрбакӕнут, зӕгъгӕ. Стӕй сӕ бафарста: «Мӕ хуыцӕуттӕн мын кӕй нӕ кувут, уый ӕцӕг у? Фӕстаг хатт ма уын зӕгъын: музыкӕ куы райхъуыса, уӕд, цы хуыцау сарӕзтон, уый раз хъуамӕ уӕ зонгуытыл ӕрхауат ӕмӕ йын бакуват. Афтӕ куы нӕ бакӕнат, уӕд уӕ судзгӕ пецы баппардзысты. Ӕмӕ ма уӕ уӕд мӕ къухӕй цавӕр хуыцау фервӕзын кӕндзӕн?»
Цымӕ уыцы лӕппутӕ куыд бакодтой? Зӕгъ-ма, ды куыд бакодтаис? ~ Уыдон паддзахӕн загътой: «Мах кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна. Ӕмӕ нӕ куы нӕ фервӕзын кӕна, уӕддӕр дын дӕ хуыцӕуттӕн нӕ кувдзыстӕм. Ӕмӕ дӕ сызгъӕрин хуыцауы раз дӕр нӕ зонгуытыл не ’рхаудзыстӕм».
Паддзах мӕстӕй фӕцӕйтыдта. Уый загъта: «Пец авд хатты тынгдӕр стӕвд кӕнут!» Стӕй йе ’фсӕддонтӕн загъта, цӕмӕй Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы сбастаиккой ӕмӕ сӕ пецы баппӕрстаиккой. Уыцы пецӕй ахӕм тӕвд калди, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ сӕхӕдӕг фӕмард сты! Цымӕ лӕппутӕ та цы баисты?
Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго ныххаудысты артӕн йӕ тӕккӕ астӕумӕ. Фӕлӕ сыл ницы ’рцыди! Уыдон сӕ къӕхтыл слӕууыдысты, баст дӕр нал уыдысты. Зоныс ӕй, куыд аирвӕзтысты? ~ Паддзах пецмӕ куы бакаст, уӕд фӕтарст. «Арты ӕртӕ адӕймаджы нӕ баппӕрстой?» – бафарста уый. «О, паддзах, ӕртӕйы»,– дзуапп ын радтой йӕ лӕггадгӕнджытӕ.
Стӕй паддзах загъта: «Уӕртӕ-ма, арты астӕу цыппар лӕджы рацу-бацу кӕнынц, ӕмӕ нӕ судзынц». Зоныс ӕй, цыппӕрӕм чи уыди? ~ Уый уыди Йегъовӕйы зӕд. Зӕд дзуттаг лӕппуты бахъахъхъӕдта.
Паддзах уыцы диссаг куы федта, уӕд пецы дуары раз ӕрлӕууыд ӕмӕ мидӕмӕ бахъӕр кодта: «Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго, Иунӕг Стыр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, ӕддӕмӕ рахизут!» Ӕддӕмӕ куы рахызтысты, уӕд сӕ сӕрыхъуынтӕй иу дӕр сыгъд нӕ уыди. Данелы чиныг, 3 сӕр).
Суанг сӕ фӕздӕджы тӕф дӕр нӕ калди. Уӕд паддзах загъта: «Арфӕгонд уӕд Седрахы, Мисахы ӕмӕ Авденагойы Хуыцау, йӕ зӕды чи ӕрӕрвыста ӕмӕ йӕ цагъарты чи фервӕзын кодта! Уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцауӕн нӕ бакуывтой» (Ацы хабарӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Абон дӕр бирӕтӕ кувынц мӕнгхуыцӕуттӕн ӕмӕ цавӕрдӕр нывтӕн. Иу энциклопедийы афтӕ ис фыст: «Дзуар [крест] куыд кадджын у, афтӕ кадджын у тырыса дӕр» («Encyclopedia Americana»). Адӕм сӕхицӕн мӕнгхуыцӕуттӕ скӕнынц хъӕдӕй, дурӕй, ӕфсӕйнагӕй кӕнӕ та хъуымацӕй. Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ Ромы паддзахӕн нӕ куывтой. Ӕмӕ историк Дэниел Манникс уый абарста, ныртӕккӕ исчи куы зӕгъа, зӕгъгӕ, ӕз тырысайӕн нӕ бакувдзынӕн, кӕнӕ дзырд куы нӕ ратта, мӕ бӕстӕйы тыххӕй мӕ цард дӕр ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыимӕ.
Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцауӕн исты уӕлдай у, мӕнгхуыцӕуттӕ цӕмӕй уыдзысты конд: хъуымацӕй, хъӕдӕй, дурӕй ӕви ӕфсӕйнагӕй? ~ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг ахӕм цӕмӕндӕрты куы бакувид, уӕд уый раст уаид? ~ Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго мӕнгхуыцауӕн нӕ бакуывтой, ӕмӕ Йегъовӕ ууыл тынг цин кодта. Зӕгъ-ма, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уай, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын? ~
Йегъовӕйӕн чи кувы, уыдон хъуамӕ ӕндӕр макӕмӕн ӕмӕ мацӕмӕн кувой. Уый тыххӕй-ма бакӕсӕм Йесо Навины 24:14, 15, 19–22; Исайы 42:8; 1 Иоанны 5:21 ӕмӕ Раргомады 19:10.