47 СӔР
Армагеддон тагъд кӕй уыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?
ЗОНЫС ӔЙ, нысан цы у? ~ 46-ӕм сӕры бакастыстӕм, Хуыцау арвӕрдын кӕй скодта, адӕмы донӕй дыккаг хатт кӕй нал фесафдзӕн, уый равдисынӕн. Ӕмӕ уыцы арвӕрдын адӕмӕн уыди нысан. Йесойы та йӕ апостолтӕ фарстой, зӕгъгӕ, кӕй ӕрыздӕхтӕ ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн базонӕн. Ома дзы агуырдтой нысан (Матфейы 24:3).
Йесо хъуамӕ аздӕхтаид уӕлӕрвтӕм, ӕмӕ йӕ уӕд адӕм нӕ уыдтаиккой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй хъуыди цавӕрдӕр нысан. Уыцы нысанӕй сӕ бон уыдаид базонын, Йесо Паддзах кӕй сси, уый. Ӕмӕ уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта, уыцы рӕстӕг цытӕ цӕудзӕн ӕмӕ сӕ сӕ хъус цӕмӕ хъӕудзӕн дарын. Уыцы хабӕрттӕ куы феной, уӕд ӕй зондзысты, Йесо уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси.
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, алкӕддӕр цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой. Афтӕ сын загъта: «Акӕсут-ма легъуибӕласмӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ бӕлӕстӕм. Сыфтӕр сыл куы рацӕуы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал ис». Сӕрд хӕстӕг кӕй у, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцонтӕй базоныс. Уӕдӕ Йесо цы хабӕртты тыххӕй дзырдта, уыдон куы уынай, уӕд ӕй бамбардзынӕ, Армагеддон тагъд кӕй уыдзӕн (Ацы фарсыл, стӕй иннӕ фарсыл дӕр ис нывтӕ. Уыцы нывтыл фенӕн ис, Хуыцауы Паддзахад 46-ӕм сӕрӕй.
хӕстӕг кӕй у, уый цы хабӕрттӕй уыдзӕн базонӕн, уыдон. Иууылдӕр куы сӕххӕст уой, уӕд Хуыцауы Паддзахад йӕ Паддзах Йесо Чырыстиимӕ ныппырх кӕндзӕн иннӕ хицауӕдтӕ иууылдӕр. Уый тыххӕй базыдтамУӕдӕ ацы нывтӕм дзӕбӕх ӕркӕс, ӕмӕ сыл аныхас кӕнӕм. Матфейы 24:6–14 ӕмӕ Лукайы 21:9–11 бакӕсӕн ис, ацы нывтыл цы уынӕм, уыдӕтты тыххӕй. Уыныс, алы нывыл дӕр ис нымӕц фыст. Ныв цы абзацмӕ хауы, уымӕн дӕр йӕ райдианы ис ахӕм нымӕц. Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм, Йесо цы загъта, уыдон иууылдӕр абон ӕххӕст кӕнынц ӕви нӕ.
1) Йесо фыццаг загъта: «Хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг рӕттӕй ӕмӕ дард рӕттӕй. Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ». Зӕгъ-ма, хӕстыты тыххӕй фехъусыс? ~ Фыццаг дунеон хӕст райдыдта 1914 азы ӕмӕ фӕци 1918 азы. 1939 азы та райдыдта Дыккаг дунеон хӕст ӕмӕ фӕци 1945 азы. Уый размӕ дунеон хӕст никуы уыди! Ныртӕккӕ та зӕххыл алы ран дӕр цӕуы хӕстытӕ. Алы бон дӕр телевизоры кӕнӕ радиойӕ дзурынц хӕстыты тыххӕй ӕмӕ уый тыххӕй фыссынц газетты дӕр.
2) Йесо ма загъта: «Куы иу ран, куы иннӕ ран адӕмӕн хӕринаг нӕ фаг кӕндзӕн». Ӕвӕццӕгӕн ӕй зоныс, зӕххыл хӕринаг алкӕмӕн фаг кӕй нӕй. Алы бон ӕххормагӕй амӕлы цалдӕр мин адӕймаджы.
3) Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран уыдзӕн фыднизтӕ». Фыдниз цы у, уый зоныс? ~ Уый у ахӕм низ, ӕмӕ дзы амӕлы тынг бирӕ адӕм. Иу азмӕ иу ахӕм низӕй (гриппӕй), «испанкӕ», зӕгъгӕ, амард 20 милуан адӕймаджы бӕрц. Ныртӕккӕ та СПИД у ахӕм ӕвзӕр низ. Уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, ноджы фылдӕр адӕм амӕлдзӕн. Ӕмӕ ма алы аз дӕр тынг бирӕ адӕм амӕлы ракӕй, зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр низтӕй.
4) Йесо дарддӕр загъта: «Куы иу ран, куы иннӕ ран уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ». Зоныс ӕй, зӕххӕнкъуыст цы у? ~
Зӕххӕнкъуыст куы вӕййы, уӕд зӕхх къӕхты бын ныззыр-зыр кӕны, базмӕлы. Хӕдзӕрттӕ ныппырх вӕййынц, ӕмӕ дзы бирӕ адӕм фӕмард вӕййы. 1914 азӕй фӕстӕмӕ алы аз дӕр уыди бирӕ зӕххӕнкъуыстытӕ. Искуы фехъуыстай зӕххӕнкъуысты тыххӕй? ~5) Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый ма базонӕн уыдзӕн, «ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕндзысты», уымӕй. Ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг дӕр уынӕм, давджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куыд сбирӕ сты, уый. Адӕм тӕрсынц, сӕ хӕдзармӕ сын исчи куы бабыра ӕмӕ сӕ исты куы адава, уымӕй. Ныртӕккӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цас ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнынц, афтӕ никуыма уыди.
6) Кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый ӕппӕты тынгдӕр та цӕмӕй уыдзӕн базонӕн, уый тыххӕй Йесо загъта: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Кӕд дӕ «ацы хорз хабар» уырны, уӕд ӕй иннӕтӕн дӕр дзур. Ӕмӕ уӕд ды дӕр баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй Йесойы ныхӕстӕ сӕххӕст уой.
Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдон алкӕддӕр уыдысты. Фӕлӕ никуы уыди афтӕ, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕ алы ран дӕр ӕмӕ иу рӕстӕджы иууылдӕр иумӕ цӕуой! Уӕдӕ йӕ ӕмбарыс, уыцы хабӕрттӕ «нысан» цӕмӕн сты? ~ Йесойы ныхӕстӕ иууылдӕр кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тагъд ацы ӕвзӕр дунейы бӕсты уыдзӕн Хуыцауы ног дуне.
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ацы хабӕртты тыххӕй куы радзырдта, уӕд ма сын загъта: «Кувут, цӕмӕй уӕ зымӕгон ма бахъӕуа лидзын» (Матфейы 24:20). Куыд хъуыды кӕныс, афтӕ цӕмӕн загъта? ~
Зымӕгон вӕййы уазал. Фӕндӕгтыл цӕуын вӕййы тынг зын ӕмӕ тӕссаг. Ӕмӕ адӕймаджы искуыцӕй лидзын зымӕджы куы
бахъӕуид, уӕд ын ӕнцон уаид? ~ Кӕд фервӕза, уӕддӕр уый уыдзӕн тынг зын. Уӕдӕ исчи йӕ хъуыддӕгтыл куы фӕуа ӕмӕ лидзынвӕнд зымӕгон куы скӕна, уӕд куыд уыдзӕн? Кӕй ныффӕстиат ӕмӕ афоныл кӕй нӕ алыгъд, ӕрмӕст уый тыххӕй куы амӕла, уӕд уый бӕллӕхы хабар нӕ уыдзӕн? ~Ныр ӕй ӕмбарыс, Йесо цӕмӕн загъта, зымӕгмӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсут, зӕгъгӕ? ~ Мах ӕй зонӕм, Армагеддон тагъд кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ хъуамӕ ма ракӕ-бакӕ кӕнӕм, фӕлӕ ныртӕккӕ дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ уымӕй ӕвдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Кӕннод байрӕджы уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд уыдзыстӕм, Нойы рӕстӕджы чи цард, уыцы адӕмы хуызӕн. Уыдон фехъуыстой, Ной цы дзырдта, уый, фӕлӕ наумӕ нӕ бацыдысты.
Иннӕ сӕры аныхас кӕндзыстӕм, Армагеддоны фӕстӕ адӕм куыд цӕрдзысты, ууыл. Ӕмӕ базондзыстӕм, Хуыцау, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн цы ’рцӕттӕ кодта, уый.
Армагеддон тагъд кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй ма бакӕсӕн ис 2 Тимофеймӕ 3:1–5 ӕмӕ 2 Петры 3:3, 4.