14 УРОК
Хуыцауы хӕлӕрттӕ сӕхи хизынц ӕвзӕр митӕй
Сайтан адӕмы ардауы, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразой. Хуыцауы хӕлар уӕвын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йе сӕфт уына, Хуыцауӕн ӕнӕуынон цы у, уымӕй (Псалом 96:10). Ӕркӕсӕм, Хуыцауы хӕлӕрттӕ сӕхи цы хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизой, уыдонӕй цалдӕрмӕ.
Хӕтындзинад. «Ма хӕт» (Рацыд 20:14). Чызг ӕмӕ лӕппу цалынмӕ сӕ къухтӕ не ’рфыссой, уӕдмӕ се ’хсӕн ӕрдон бастдзинад хъуамӕ ма уа (1 Коринфӕгтӕм 6:18).
Расыг кӕнын. «Расыггӕнджытӕ... Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:10).
Адӕймаджы марын, аборт. «Ма амар» (Рацыд 20:13).
Къӕрныхдзинад. «Ма дав» (Рацыд 20:15).
Сайын. Иегъовӕ нӕ уарзы «мӕнг ӕвзаг» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 6:17).
Псалом 10:5). «Буары хъуыддӕгтӕм... [хауы мӕстыгӕрдзинад]» (Галатӕгтӕм 5:19, 20).
Тыхми ӕмӕ мӕстыгӕрдзинад. «Тыхдзинад уарзӕг... ӕнӕуынон у [Иегъовӕйӕн]» (Ӕхцайыл хъазын. «Баст ма ут уыимӕ, кӕцы... гӕртӕмттӕ исы [«кӕрӕф адӕймаг у», НД]» (1 Коринфӕгтӕм 5:11).
Ӕндӕр расӕмӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм знаджы цӕстӕй кӕсын. «Уарзут уе знӕгты, арфӕдзинад курут уӕ ӕлгъитджытӕн» (Матфейы 5:43, 44).
Хуыцау нын цы дзуры, уый у нӕ пайдайӕн. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хи хизын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Ӕвдисӕнты ӕххуысӕй дӕ бон у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый аиуварс кӕнын (Исай 48:17; Филиппӕгтӕм 4:13, НФ; Дзуттытӕм 10:24, 25).