Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

Нӕ бинонтӕй кӕнӕ нын не ’мбӕлттӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, сӕ тӕригъӕдыл кӕй не ’рфӕсмон кӕнынц, уый тыххӕй, уӕд стыр маст бавзарӕм. Библи уый фӕдыл цы дзуры, уымӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ӕцӕгдӕр уарзӕм, иузӕрдион ыл стӕм ӕмӕ, цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕнӕм ӕви нӕ *. Ӕркӕсӕм ацы хъуыддаджы фӕдыл цалдӕр фарстамӕ.

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ уын хъуамӕ «иумӕйагӕй мацыуал уа, ӕфсымӕр уӕвгӕйӕ, хӕтаг кӕнӕ зыд адӕймаг чи у, кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, кӕнӕ иннӕты чи ӕфхӕры, кӕнӕ расыггӕнаг чи у, кӕнӕ адӕмы чи стигъы, уыимӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр ма бадут» (1 Коринфӕгтӕм 5:11). Чырыстийы «ахуырадыл фидар чи нӕ хӕцы», уыдоны тыххӕй та Библи дзуры: «Уӕ хӕдзармӕ дӕр [ӕй] ма бауадзут ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут, уымӕн ӕмӕ йын салам чи дӕтты, уый йын ӕмбал у йӕ фыдхъуыддӕгты» (2 Иоанны 9–11). Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыимӕ мах нӕдӕр Хуыцауы хъуыддӕгтыл ныхас кӕнӕм, нӕдӕр ӕндӕр истӕуыл. 1982 азы 1 мартъийы «Сторожевая башня»-йы 17 фарсыл фыст уыд: «Адӕймагӕн ӕнӕуи салам куы раттӕм, уӕд уый, гӕнӕн ис, ныхасмӕ дӕр асайа, ӕмӕ ма суанг йемӕ лымӕн дӕр бауӕм. Цымӕ нӕ фӕндид, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы адӕймагмӕ уыцы фыццаг къахдзӕф скӕнын?»

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыимӕ нын иумӕйагӕй ӕппындӕр хъуамӕ мацыуал уа? О, уый афтӕ у, ӕмӕ уымӕн ис цалдӕр аххосаджы. Фыццаг: афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхасӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕнцон нын куы вӕййы, ӕрмӕст уӕд нӕ фӕхъусӕм Йегъовӕмӕ, фӕлӕ нын зын куы вӕййы, уӕд дӕр. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ йын ӕххӕст кӕнӕм йе ’ппӕт закъӕттӕ дӕр. Мах ӕй ӕмбарӕм, Хуыцау раст ӕмӕ уарзӕгой кӕй у ӕмӕ нын йӕ закъӕттӕ стыр пайда кӕй сты (Исай 48:17; 1 Иоанны 5:3). Дыккаг: йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыимӕ нын иумӕйагӕй хъуамӕ уый тыххӕй мацы уа, цӕмӕй йӕ зондахаст нӕхи уырнындзинадыл дӕр ӕмӕ ӕмбырды уырнындзинадыл дӕр ма фӕзына ӕмӕ йын йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ма бафӕзмӕм. Стӕй афтӕмӕй ӕмбырды хорз ном нӕ фӕчъизи уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 5:6, 7). Ӕртыккаг: Библийы уагӕвӕрдтыл фидар куы хӕцӕм, уӕд уый уыцы адӕймагӕн пайда дӕр ӕрхӕсдзӕн. Уый размӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕххуыс кодтой, фӕлӕ йӕм сӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ уынаффӕтӕ нӕ бахъардтой. Ӕмӕ барадон комитет цы уынаффӕ рахаста, уыимӕ разы куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, йӕхиуыл ӕрхуда. Кӕй уарзы, уыдонӕй йӕм хӕстӕг куы ничиуал цӕуа, уӕд, чи зоны, йӕхи ӕрӕмбара, цы стыр тӕригъӕд сарӕзта, уый бамбара ӕмӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕха (Лукайы 15:17).

Нӕ хиуӕттӕй нын искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд та? Бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ кӕрӕдзийыл тынг баст кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ ахӕм уавӕры Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕ вӕййы, ӕмӕ нын уый, гӕнӕн ис, стыр фӕлварӕн суа. Уӕдӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, нӕ хиуӕттӕй нын искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд? Ныртӕккӕ алкӕцы уавӕрыл нӕ дзурдзыстӕм, фӕлӕ нӕ хъус ӕрдардзыстӕм, арӕхдӕр чи вӕййы, дыууӕ ахӕм уавӕрмӕ.

Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый дарддӕр фӕцӕры йӕ бинонтимӕ иу хӕдзары. Ахӕм хабар кӕй ӕрцыд, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иу бинонтӕ нал сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон вӕййы хӕдзары хъуыддӕгтӕ ӕмӕ хабӕрттӕ дарддӕр дӕр иумӕ аразын. Фӕлӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый аскъуыдта, йӕ бинонтимӕ Хуыцауӕн иумӕ лӕггадгӕнгӕйӕ цы тӕгтӕй уыд баст, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ, бинонтӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдон йемӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл нал ныхас кӕндзысты ӕмӕ сӕ иумӕ нал араздзысты. Зӕгъӕм, бинонтӕн Библийы ахуыр куы уа ӕмӕ, кӕй ацух кодтой, уый дӕр байхъусын куы фӕнда ӕмӕ йӕ куы бауадзой, уӕд дзуапп дӕттын кӕнӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгты фӕдыл йӕ хъуыдытӕ дзурын йӕ бон нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ кӕд рӕзгӕ кары сывӕллон у, уӕд ныййарджытӕн уӕддӕр сӕ хӕс у, цӕмӕй йӕ ахуыр кӕной ӕмӕ йын зонд амоной. Ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллоныл кӕй тыхсынц, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, сфӕнд кӕной йемӕ Библи ахуыр кӕнын * (Ӕмбисӕндтӕ 6:20–22; 29:17).

Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый йӕ бинонтимӕ нӕ фӕцӕры, фӕлӕ хицӕнӕй. Ӕмӕ сӕ кӕд искуы иу хатт иумӕ бинонтимӕ баст хъуыддӕгтӕ аразын хъӕуа, уӕддӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй сын йемӕ иумӕйаг хъуыддӕгтӕ къаддӕр уа. Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы чырыстӕттӕ ӕфсӕнттӕ нӕ агурдзысты, сӕ бинонтӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, фӕлӕ семӕ иу хӕдзары чи нӕ цӕры, уыимӕ ӕмбӕлынӕн. Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдион кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыимӕ сӕхи фӕдарынц, Библи куыд амоны, афтӕ. Афтӕ фидар ма уымӕн дӕр сты, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй адӕймаг йӕ рӕдыд бамбара ӕмӕ йын зондамынд, ома йӕ ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый, пайда ӕрхӕсса * (Дзуттӕгтӕм 12:11).

^ 1 абз. Ацы фарстайы фӕдыл Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон хауынц, ӕмбырдыл йӕ къух чи систа, уыдонмӕ дӕр.

^ 2 абз. Сывӕллоны ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц ӕмӕ йӕ ныййарджытимӕ куы фӕцӕры, уӕд сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 2001 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 27, 28 фӕрстӕ, ӕмӕ 1989 азы 15 сентябры «Сторожевая башня»-йы, 17 фарс.

^ 1 абз. Нӕ бинонтӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 1988 азы 15 сентябры «Сторожевая башня»-йы, 18–23 фӕрстӕ, ӕмӕ 2002 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы», 3, 4 фӕрстӕ.