Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

Чырыстӕттӕ куыстимӕ баст фарстаты кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕной?

Чырыстӕттӕ куыстимӕ баст фарстаты кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕной?

1 Коринфӕгтӕм 6:1–8 стихты апостол Павел ныффыста, чырыстӕттӕ-иу кӕрӕдзийыл тӕрхондонмӕ кӕй бахъаст кодтой. Тынг хъыг ын уыд, Коринфы чырыстӕттӕй-иу иуӕй-иутӕ сӕ хъаст «ӕнӕуырнджыты тӕрхонмӕ» кӕй бахастой, уый (1 стих). Павел сын фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, тӕрхондонмӕ кӕрӕдзийыл цӕуылнӕ хъуамӕ хъаст кодтаиккой ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмбырдтӕн цы амындтӕ ӕрцыд лӕвӕрд, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кодтаиккой, уымӕн. Ӕркӕсӕм, Павел сын Хуыцауы фӕндӕй уыцы уынаффӕ цӕмӕн радта, уымӕ, стӕй аныхас кӕнӕм, ацы уынаффӕ кӕмӕ нӕ хауы, ӕндӕр ахӕм уавӕртыл дӕр.

Кӕд не ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ куыстимӕ баст фарстаты кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстам, уӕд хъуамӕ архайӕм, нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:12). Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хуыздӕр у, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъддӕр бафидауын, кӕннод уый фӕстӕ хъуыддаг банывыл кӕнын бирӕ зындӕр уыдзӕн (Матфейы 5:23–26). Хъыгагӕн, иуӕй-иу чырыстӕттӕ ахӕм зындзырд разынынц, ӕмӕ ма се ’фсымӕртыл тӕрхондонмӕ дӕр хъаст бадӕттынц. Павел загъта: «Кӕрӕдзийыл хъаст кӕй хӕссут, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бынтондӕр фӕхӕрд стут». Афтӕ цӕмӕн загъта? Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ ӕмбырд ӕмӕ, кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцауы ӕгад кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Павелы ныхӕстӕ: «Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ ӕфхӕрды бынаты куы баззаиккат?» (7 стих).

Павел ма загъта, Хуыцау ӕмбырдӕн кӕй радта, бирӕ дзырддаг хъуыддӕгтӕ банывыл кӕнӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм диссаджы мадзал. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Фыстад хорз кӕй зонынц, уымӕ гӕсгӕ сӕм ахӕм зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад ис, ӕмӕ, Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ бон у ӕфсымӕрты ’хсӕн хъуыддаг равзарын, «ацы царды хъуыддӕгтӕ» иумӕ аразгӕйӕ истӕуыл куы нӕ бафидауой, уӕд (3–5 стихтӕ). Йесо Чырысти загъта, иу иннӕйы ныхмӕ уӕззау тӕригъӕд куы сараза, зӕгъӕм, йӕ фыдкой куы кӕна кӕнӕ йӕ куы асайа, уӕд кӕй хъӕуы ӕртӕ къахдзӕфы саразын. Фыццаг: чи фӕбыцӕу, уыдон хъуамӕ хъуыддаг сӕхӕдӕг банывыл кӕныныл бацархайой. Дыккаг: кӕд уымӕй ницы рауайа, уӕд хъуамӕ сӕ хъуыддаг равзарой иу кӕнӕ дыууӕ ӕвдисӕны раз. Ӕртыккаг: уымӕй дӕр куы ницы рауайа, уӕд та хъуамӕ хабар радзурой ӕмбырдӕн, ома хистӕр нӕлгоймӕгтӕн (Матфейы 18:15–17).

Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзарой, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ юристтӕ кӕнӕ бизнесментӕ уой. Ахӕм уавӕрты куыд кӕнгӕ у, уый фӕдыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕрдӕр закъӕттӕ не ’вӕрынц. Фӕлӕ фӕархайынц, цӕмӕй, кӕрӕдзи чи нӕ бамбӕрста, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕной Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнынӕн ӕмӕ бафидауынӕн. Кӕд исты зын хъуыддаг уа, уӕд сӕ бон у районон цӕстдарӕгимӕ аныхас кӕнын кӕнӕ филиалӕй ӕххуыс бацагурын. Фӕлӕ вӕййы, Павелы уынаффӕ кӕмӕ нӕ хауы, ахӕм уавӕртӕ. Цавӕртӕ сты?

Иуӕй-иу хатт хъуыддаг тӕрхондоны ӕвзарын бахъӕуы, закъон афтӕ кӕй домы, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй кӕнӕ та адӕймаджы йӕ бартӕ бахъахъхъӕнын куы фӕфӕнды ӕмӕ йӕ уый ӕнӕ хылтӕ ӕмӕ быцӕутӕй саразын куы фӕфӕнды, уӕд. Ӕнӕ тӕрхонӕй аскъуыддзаг кӕнӕн нӕй, лӕг ӕмӕ ус куы хицӕн кӕной, дзырд сывӕллоны хъомыл кӕныны бартыл ӕмӕ алименттыл куы цӕуа, адӕймаджы, страховкӕмӕ гӕсгӕ йын чи ’мбӕлы, уыцы ӕхца райсын куы фӕнда, куыстуат заууатмӕ кӕй ӕрцыд (банкротство), уымӕ гӕсгӕ искӕй кредиторты хыгъдмӕ бахӕссын куы хъӕуа кӕнӕ, завещанийӕн закъонмӕ гӕсгӕ тых кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕнын куы хъӕуа. Йе та, чи зоны, ӕфсымӕры бафӕнда тӕрхондонмӕ бахъаст кӕнын, йӕхиуыл ын кӕй бахъаст кодтой, уый тыххӕй *.

Ахӕм уавӕрты чырыстон тӕрхондонмӕ хъаст куы бадӕтта, фӕлӕ уый, йӕ масты фӕдыл кӕй цӕуы, уый тыххӕй куы нӕ уа, уӕд уыцы хъуыддаг Павелы уынаффӕйы ныхмӕ нӕ уыдзӕн *. Фӕлӕ уӕддӕр чырыстонӕн сӕйрагдӕр хъуамӕ уа Йегъовӕйы ном кадджын кӕнын ӕмӕ ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад бахъахъхъӕнын. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ фыццаджыдӕр сӕ уарзондзинадӕй сты бӕрӕг, ӕмӕ уарзондзинад та, «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5; Иоанны 13:34, 35).

^ 1 абз. Гӕнӕн ис, ӕмӕ иу чырыстон иннӕйы ныхмӕ уӕззау фыдракӕнд сараза (фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ тынг стӕм хатт вӕййынц), зӕгъӕм, тыхми кӕнӕ йын исты фыдми бакӕна, стыр исты дзы адава кӕнӕ йӕ амара. Ахӕм уавӕрты чырыстӕттӕ пъӕлицӕмӕ куы бахъаст кӕной, уӕд уый, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм хъуыддагыл нымад нӕ уыдзӕн, кӕуыл бахъаст кӕной, уымӕн йӕ хъуыддаг слестгӕнджытӕ куы ’взарой кӕнӕ йын тӕрхондоны куы тӕрхон кӕной, уӕддӕр.

^ 2 абз. Ацы фарстайы фӕдыл фылдӕр фыст ис 1997 азы 15 мартъийы «Сторожевая башня»-йы, 17–22 фӕрстӕ, ӕмӕ 1991 азы 15 октябры «Сторожевая башня»-йы, 25–28 фӕрстӕ.