Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 СӔР

Ацы дунеимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд

Ацы дунеимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд

«Сымах... ацы дунейӕ не стут» (ИОАННЫ 15:19).

1. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы кой кодта?

ЙЕСО йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв тынг тыхсти, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дарддӕр куыд уыдзысты, ууыл. Йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ ма афтӕ дӕр загъта: «Уый дӕ нӕ курын, ӕмӕ сӕ ацы дунейӕ искуыдӕм акӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Фыдбылызӕй хъахъхъӕнай. Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоанны 17:15, 16). Йӕ зӕрдиагӕй куывдӕй бӕрӕг у, йӕ фӕдылдзӕуджыты куыд тынг уарзта, уый, стӕй дзы уыцы изӕр гыццыл раздӕр кӕмӕндӕрты цы ныхӕстӕ загъта, уыдон куыд ахсджиаг сты, уый дӕр. Зӕгъгӕ та сын кодта афтӕ: «Сымах... ацы дунейӕ не стут» (Иоанны 15:19). Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ацы дунеимӕ иумӕйагӕй исты уыдаид!

2. Йесо цы «дунейы» кой кодта, уый цӕмӕ амоны?

2 Йесо цы «дунейы» кой кодта, уый амоны, Хуыцауӕй дард чи у, уыцы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Сӕ хицау у Хӕйрӕг, ӕмӕ уыйау уыдон дӕр сты хиуарзон ӕмӕ сӕрбӕрзонд (Иоанны 14:30; Ефесӕгтӕм 2:2; 1 Иоанны 5:19). Уӕдӕ, «ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уый Хуыцауӕн йе знаг... у» (Иаковы 4:4). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай фӕкӕнӕм. Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, фӕлӕ нын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа? Уый тыххӕй хъуамӕ: 1) Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ политикӕйӕ нӕхи хизӕм; 2) архайӕм, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм; 3) нӕ дарӕс ӕмӕ не ’ддаг бакаст ӕфсармыл дзурӕг уой; 4) хуымӕтӕг цард кӕнӕм ӕмӕ 5) «Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй» нӕхи сифтонг кӕнӕм. Цӕй ӕмӕ ацы фондз хъуыддагыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫЛ ИУЗӔРДИОН УӔМ ӔМӔ ПОЛИТИКӔЙӔ НӔХИ ХИЗӔМ

3. а) Йесо политикӕйы цӕуылнӕ архайдта? б) Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ сты минӕвӕрттӕ? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

3 Йесо политикӕйы нӕ архайдта, фӕлӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ – адӕмӕн дзырдта, фидӕны Паддзах кӕм хъуамӕ суыдаид, уыцы уӕларвон хицауады тыххӕй (Данел 7:13, 14; Лукайы 4:43; 17:20, 21). Ӕмӕ ромаг хицау Понтий Пилатӕн дӕр уымӕн загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Ӕцӕг чырыстӕттӕ Чырыстийыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл сты иузӕрдион ӕмӕ уыцы Паддзахады тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъусын кӕнынц (Матфейы 24:14). Апостол Павел ныффыста: «Мах стӕм минӕвӕрттӕ Чырыстийы бӕсты. Ӕмӕ Чырыстийы бӕсты адӕмӕн лӕгъстӕ кӕнӕм: „Хуыцауимӕ бафидаут“» (2 Коринфӕгтӕм 5:20) *.

4. Ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй сты, уый куыд ӕвдисынц? (Кӕс рамкӕ « Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕхи хызтой политикӕйӕ».)

4 Минӕвӕрттӕ ӕндӕр бӕстӕйы номӕй кӕй фӕархайынц, уымӕ гӕсгӕ, кӕм вӕййынц, уыцы бӕстӕйы хъуыддӕгтӕм ницы бар фӕдарынц. Уыдонӕн сӕ хӕс у сӕхи бӕстӕйы хъуыддӕгты сӕрыл дзурын. Уый зӕгъӕн ис Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн «сӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты» (Филиппӕгтӕм 3:20). Сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕй» милуантӕ «Хуыцауимӕ бафидыдтой» (Иоанны 10:16; Матфейы 25:31–40). «Ӕндӕр фыстӕ» сты Йесойы сӕрст ӕфсымӕрты ӕххуысгӕнджытӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ сты иу дзуг, ӕмӕ, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти кӕмӕн ис, уыцы Паддзахады фарс кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ политикӕйы хъуыддӕгтӕй сӕхи хизынц. (Бакӕс Исайы 2:2–4.)

5. Чырыстӕттӕ сӕхи политикӕйы хъуыддӕгтӕй ноджыдӕр цӕмӕн хизынц?

5 Ӕцӕг чырыстӕттӕ Чырыстийыл иузӕрдион кӕй сты, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ хизынц сӕхи политикӕйы хъуыддӕгтӕй. Раджы заманты Хуыцауы адӕм иу бӕстӕйы цардысты. Мах та абон цӕрӕм алы бӕстӕты ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл (Матфейы 28:19; 1 Петры 2:9). Уӕдӕ искӕцы партийы фарс куы уаиккам, уӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы цӕсгомӕй дзуриккам? Стӕй ма уӕд не ’хсӕн иудзинад дӕр уаид? (1 Коринфӕгтӕм 1:10). Ӕмӕ, зӕгъгӕ, хӕст райдыдта, уӕд та нӕ хӕцын бахъӕуид нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ – Чырысти нын афтӕ кӕмӕй загъта, уарзут сӕ, зӕгъгӕ, уыдонимӕ (Иоанны 13:34, 35; 1 Иоанны 3:10–12). Уӕдӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхста, уӕ къухмӕ хӕцӕнгарз ма исут, зӕгъгӕ. Суанг ма сын дзырдта, цӕмӕй се знӕгты дӕр уарзой (Матфейы 5:44; 26:52; кӕс рамкӕ « Политикӕйӕ мӕхи хизын?»).

6. Дӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтай, уый, хицауадмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, ууыл куыд фӕзынди?

6 Мах, ӕцӕг чырыстӕттӕ, нӕхи адӕмӕн кӕнӕ цавӕрдӕр организацийӕн не снывонд кодтам, фӕлӕ Хуыцауӕн. 1 Коринфӕгтӕм 6:19, 20 стихты фыст ис: «Сымах уӕхицӕн хицау не стут, уымӕн ӕмӕ стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут». Уӕдӕ кӕд Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ «паддзахӕн», цы йын ӕмбӕлы, уый дӕттынц, зӕгъӕм, кад ын кӕнынц, хъалонтӕ фидынц ӕмӕ, Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ чи нӕу, уыцы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнынц, уӕддӕр, «Хуыцауы цы у, уый... Хуыцауӕн» дӕттынц (Марчы 12:17; Ромӕгтӕм 13:1–7). Уымӕ хауы, кӕй йын лӕггад кӕнынц, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ кӕй уарзынц ӕмӕ йӕм кӕй хъусынц, уый. Куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ сты Хуыцауы тыххӕй сӕ цард раттынмӕ дӕр (Лукайы 4:8; 10:27; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 5:29; Ромӕгтӕм 14:8).

«АЦЫ ДУНЕЙЫ ЗОНДАХАСТӔЙ» МА ФӔХЪӔСТӔ УӔМ

7, 8. Цы у «ацы дунейы зондахаст» ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕмыл куыд ӕндавы?

7 Цӕмӕй чырыстӕттӕн ацы дунеимӕ иумӕйагӕй мацы уа, уый тыххӕй ма сӕхи йӕ зондахастӕй дӕр хизынц. «Мах... ацы дунейы зондӕй не схайджын стӕм, фӕлӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы сыгъдӕг тыхӕй»,– ныффыста апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 2:12). Ефесӕгтӕм та ныффыста: «Сымах кӕддӕр цардыстут ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нӕ алыварс уӕлдӕфау чи ахъардта, уыцы зондахасты хицауы, ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм цы зондӕй архайынц, уый хицауы, фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Ефесӕгтӕм 2:2, 3).

8 Ацы дунейы «уӕлдӕф», ома зондахаст, у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ дзы адӕймаг куы фӕхъӕстӕ вӕййы, уӕд Хуыцауы коммӕ нал фӕкӕсы, фӕлӕ фӕцӕуы йӕ «тӕригъӕдджын буары монцты» ӕмӕ йӕ «цӕстыты монцты» фӕдыл (1 Иоанны 2:16; 1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Уыцы зондахаст схонӕн ис «хицау», уымӕн ӕмӕ адӕмыл йӕ бар цӕуы. Цы хуызы? Цӕуын сӕ кӕны сӕ тӕригъӕдджын буары фӕндты фӕдыл. Уымӕй уӕлдай, уыцы зондахаст уӕлдӕфау алкӕмдӕр ахъардта, адӕймагыл ӕппынӕдзух ӕндавы, ӕмӕ куыд, уый та ӕмбаргӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Уыцы зондӕй «архайынц» ӕгоммӕгӕс адӕм. Сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбарынц, афтӕмӕй сӕ удыхъӕды фӕзыны, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм миниуджытӕ, зӕгъӕм, свӕййынц хиуарзон, сӕрбӕрзонд, кадмондаг, стӕй, ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау цы у, уый сӕхирдыгонау фембарын кӕнынц ӕмӕ, бартӕ кӕмӕн ис, уыдоны ныхмӕ фӕцӕуынц *. Цыбырдзырдӕй, ацы дунейы зондахастӕй чи фӕхъӕстӕ вӕййы, уыдонӕн Хӕйрӕджы миниуджытӕ гыццылгай сӕ зӕрдӕты тау суадзынц (Иоанны 8:44; Хъуыддӕгтӕ 13:10; 1 Иоанны 3:8, 10).

9. Адӕймаг ацы дунейы зондахастӕй куыд фӕхъӕстӕ вӕййы?

9 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕуӕн дӕр ацы дунейы зондахаст дӕ зӕрдӕйы ӕмӕ дӕ зонды уидӕгтӕ ауадза? Ис, къӕрцхъус куы нӕ уай, уӕд. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:23.) Уыцы зонд арӕх адӕймагыл фӕзыны, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакӕны, афтӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ныл ӕвзӕрырдӕм фӕзыной, хорзыл кӕй нымайӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыцы адӕм (Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 1 Коринфӕгтӕм 15:33). Адӕймаг ма ацы дунейы зондахастӕй фӕхъӕстӕ вӕййы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хабӕртты кой кӕм ис, уыцы литературӕ куы фӕкӕсы, раст дин чи ныууагъта, уыдоны сайттӕм куы бацӕуы кӕнӕ интернеты порнографимӕ куы фӕкӕсы. Тӕссаг ма сты ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ, быцӕу кӕм фӕкӕнынц, ахӕм спортивон хъӕзтытӕ – иудзырдӕй, Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дунейы зондахаст цӕмӕдӕриддӕр хӕццӕ кӕны, уыдӕттӕ.

10. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм?

10 Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ацы дунейы тӕссаг зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм ӕмӕ нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм? Хъуамӕ пайда кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уыдӕттӕй ӕмӕ дзы ӕдзухдӕр йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй бауыдзӕн нӕ бон нӕхи ацы дунейы зондахастӕй бахизын. Йегъовӕ ацы фыддунейӕ ӕмӕ йӕ хицауӕй, Хӕйрӕгӕй, бирӕ тыхджындӕр у (1 Иоанны 4:4). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у Йегъовӕмӕ кувын!

НӔ ДАРӔС ӔМӔ НЕ ’ДДАГ БАКАСТ ХЪУАМӔ УОЙ ӔФСАРМЫЛ ДЗУРӔГ

11. Ацы дунейы зондахаст адӕмыл кӕй ӕндавы, уый сӕ уӕлӕдарӕсӕй куыд зыны?

11 Адӕймагӕн йӕ зондахаст бӕрӕг вӕййы йӕ дарӕсӕй, йе ’ддаг бакастӕй ӕмӕ, йӕхимӕ куыд зилы, уымӕй. Бирӕ бӕстӕты адӕм ахӕм ӕнӕфсарм конд вӕййынц, ӕмӕ иу тележурналист загъта, зӕгъгӕ, дам, тагъд хӕтаг сылгоймӕгтӕн, цы дарой, уый нал уыдзӕн. Иу газеты та фыст уыд, зӕгъгӕ, суанг гыццыл чызджытыл дӕр ӕндавы ахӕм модӕ – «цас бӕгънӕгдӕр ӕмӕ ӕнӕфсармдӕр, уыйас хуыздӕр». Бирӕтӕ та куыдфӕндыйы кӕндтытӕ вӕййынц, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг вӕййы сӕ хивӕнд зондахаст ӕмӕ, сӕхицӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уый.

12, 13. Нӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ не ’ддаг бакаст цавӕр хъуамӕ уой, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм?

12 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр уӕм аив конд, ома нӕ уӕлӕдарӕс уа сыгъдӕг, стӕй зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ, кӕм цавӕр дзаума сфидаудзӕн, уый ӕмбарӕм. Кӕддӕриддӕр хъуамӕ бӕрӕг уа, «хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй стӕм». «Йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны», уыдонӕй алчидӕр – фӕнды нӕлгоймаг уа, фӕнды сылгоймаг – хъуамӕ йӕхи рӕсугъд кӕна уыцы миниуджытӕй, стӕй «хорз хъуыддӕгтӕй». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн сӕйраг уый нӕу, цӕмӕй адӕмы ӕргом нӕхимӕ здахӕм, фӕлӕ цӕмӕй «Хуыцауы уарзтӕй» хайджын уӕм (1 Тимофеймӕ 2:9, 10; Иудӕйы 21). Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ фидауц уа «зӕрдӕйы ӕмбӕхст адӕймаг – Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у», уыцы удыхъӕд (1 Петры 3:3, 4, фиппаинаг).

13 Рох кӕнын нӕ хъӕуы, нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд кӕй фӕзынынц, адӕм раст динмӕ цы цӕстӕй ракӕсынц, ууыл. «Хӕдӕфсарм»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕй арӕх фӕпайда кӕнынц, ныхас ӕгъдауыл куы фӕцӕуы, уӕд, ӕмӕ фӕамоны, адӕймаг иннӕты кӕй нымайы, кӕй сын кад кӕны ӕмӕ сын сӕ хъуыдыйӕн кӕй аргъ кӕны, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, иннӕтӕ нын нӕ бакасты тыххӕй цы зӕгъдзысты, ууыл. Афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, мӕ бар мӕхи у ӕмӕ, цавӕр кондӕй цӕуын, уымӕ никӕй ницы хъуыддаг ис, зӕгъгӕ. Мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ адӕмы кадджын кӕнӕм, стӕй, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм, алцыдӕр йӕ кадӕн кӕй аразӕм, уымӕй (1 Коринфӕгтӕм 4:9; 10:31; 2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4; 7:1).

Ме ’ддаг бакаст Йегъовӕйӕн кад хӕссы?

14. Дзырд не ’ддаг бакастыл ӕмӕ сыгъдӕгдзинадыл куы цӕуа, уӕд-иу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

14 Уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй уацамынды ӕмӕ ӕмбырдмӕ аив кондӕй цӕуӕм ӕмӕ-иу нӕ буар дӕр ӕмӕ нӕ дзаумӕттӕ дӕр сыгъдӕг уой. Ахъуыды кӕн: «Ме ’ддаг бакаст цыхуызӕн у? Мӕхи сыгъдӕг дарын? Мыййаг, мӕхимӕ адӕмы не ’ркӕсын кӕнын? Мӕ уындӕй сӕхӕдӕг нӕ фефсӕрмы вӕййынц? Сӕйрагдӕр мын цы у: ацы хъуыддӕгты мын, мӕхи цы фӕнды, уый кӕныны бар кӕй ис, уый, ӕви цӕмӕй ӕмбырды кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕныны аккаг уон?» (Псалом 68:6; Филиппӕгтӕм 4:5; 1 Петры 5:6).

15. Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд цыхуызӕн хъуамӕ уой ӕмӕ нӕхимӕ куыд хъуамӕ зилӕм, уый фӕдыл Хуыцауы Ныхасы бӕлвырд амындтӕ цӕуылнӕ ис?

15 Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд цыхуызӕн хъуамӕ уой ӕмӕ нӕхимӕ куыд хъуамӕ зилӕм, уый фӕдыл Библийы бӕлвырд амындтӕ нӕй. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй уынаффӕтӕ нӕ бӕсты хӕсса, фӕлӕ цӕмӕй нӕхӕдӕг хъуыды кӕнӕм, куыд бакӕндзыстӕм, ууыл. Уый фӕнды, цӕмӕй фӕлтӕрд адӕймӕгтӕ суӕм. Фӕлтӕрд адӕймаг та схонӕн ис, Библийы уагӕвӕрдтыл чи хъуыды кӕны ӕмӕ, «йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта», уый (Дзуттӕгтӕм 5:14). Сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уа, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. (Бакӕс Марчы 12:30, 31.) Ацы уагӕвӕрдтӕ нын нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ къӕхтӕ нӕ бӕттынц: нӕ уӕлӕ цы скӕндзыстӕм ӕмӕ не ’ддаг бакаст цыхуызӕн уыдзӕн, уыцы хъуыддаджы нын ис стыр сӕрибардзинад. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йегъовӕйы адӕм алы бӕстӕты дӕр куыд рӕсугъд конд вӕййынц, уымӕй.

ХУЫМӔТӔГ ЦАРД КӔНӔМ

16. Ацы дуне адӕмы цы зондыл аразы, уый куыд хицӕн кӕны, Йесо цы дзырдта, уымӕй? Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

16 Ацы дунейы зондахастӕй чи фӕхъӕстӕ, уыдонӕй бирӕтӕн, милуантӕн, ӕппӕты сӕйрагдӕр систы ӕхца ӕмӕ мулк, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдоны фӕрцы уыдзысты амондджын. Фӕлӕ Йесо загъта: «Адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕддӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу» (Лукайы 12:15). Йесо афтӕ нӕ дзырдта, ӕмӕ адӕймаг алцӕмӕй дӕр йӕхи цух кӕна ӕмӕ мӕгуырӕй цӕра, уый хорз у. Фӕлӕ дзырдта, амондджын кӕй уыдзысты, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары» ӕмӕ хуымӕтӕг цард чи кӕны, ома Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕйраг кӕмӕн сты, уыдон (Матфейы 5:3; 6:22). Ахъуыды кӕн: «Чырыстийы ныхӕстыл ӕууӕндын ӕви мыл „мӕнгдзинады фыды“ зонд ӕндавы? (Иоанны 8:44). Мӕ ныхӕстӕ, мӕ нысӕнттӕ, сӕйрагдӕр мын цы у ӕмӕ куыд цӕрын, уыдӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты?» (Лукайы 6:45; 21:34–36; 2 Иоанны 6).

17. Хуымӕтӕг цард чи кӕны, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын?

17 «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй»,– загъта Йесо (Матфейы 11:19). Ахъуыды кӕнӕм, хуымӕтӕг цард чи кӕны, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын, ууыл. Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый сын хӕссы ӕцӕг удӕнцой (Матфейы 11:29, 30). Стӕй ӕгӕр нӕ фӕмӕт кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы хызт сты ӕнӕхъуаджы мӕстытӕй. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.) Цы сын ис, уый фагыл кӕй нымайынц, уый руаджы сын фылдӕр рӕстӕг ис сӕ бинонтӕн ӕмӕ сӕ чырыстон ӕмбӕлттӕн. Ахӕм адӕм фынӕй дӕр хуыздӕр фӕкӕнынц (Екклесиаст 5:12). Стыр циндзинад сын хӕссы, иннӕтӕн, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Сӕ «ныфс фидар» у, сӕ зӕрдӕты ис фарн ӕмӕ сӕ цардӕй сты райгонд (Ромӕгтӕм 15:13; Матфейы 6:31, 32). Ацы арфӕдзинӕдтӕ абарӕн дӕр ницӕимӕ ис!

«ХУЫЦАУ ЦЫДӔРИДДӔР ХӔСТОН ДЗАУМАТӔ ДӔТТЫ, УЫДОНӔЙ» НӔХИ СИФТОНГ КӔНӔМ

18. Библийы не знаджы тыххӕй, цы мадзӕлттӕй архайы ӕмӕ нӕ «тох» цавӕр у, уый тыххӕй цы фыст ис?

18 Хуыцауы уарзтӕй хайджын чи у, уыдон ма ахӕм хорзӕхӕй дӕр хайджын сты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ хъахъхъӕны Хӕйрӕгӕй. Хӕйрӕджы афтӕ фӕнды, цӕмӕй чырыстӕттӕ Хуыцауӕн мауал лӕггад кӕной ӕмӕ ӕнӕхай фӕуой ӕрмӕст амондӕй нӕ, фӕлӕ ма ӕнусон цардӕй дӕр (1 Петры 5:8). Павел загъта: «Нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ хицауӕдты ныхмӕ, сӕргълӕуджыты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12). Дзырд «тох» амоны лӕгӕй-лӕгмӕ тохмӕ. Дзырдтӕ «хицауӕдтӕ» ӕмӕ «сӕргълӕуджытӕ», стӕй дзырдбаст «дунейы хицӕуттӕ» амонынц, нӕ ныхмӕ цы уӕларвон тыхтӕ тох кӕнынц, уыдон алцыдӕр хорз кӕй спълан кӕнынц ӕмӕ, сӕ хъавд кӕдӕм саразой, уый хорз кӕй фӕзонынц, уымӕ.

19. Чырыстӕттӕ сӕхи цавӕр хӕстон дзауматӕй хъуамӕ сифтонг кӕной?

19 Кӕд нӕ бон алцы нӕу ӕмӕ лӕмӕгъ стӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм. Цӕй фӕрцы? «Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты», уыдоны фӕрцы (Ефесӕгтӕм 6:13). Уыцы хӕстон дзауматы тыххӕй фыст ис Ефесӕгтӕм 6:14–18 стихты: «Уӕдӕ фидар лӕуут: уӕ астӕутӕ ӕцӕгдзинадӕй ронау ӕрбалвасут, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстдзинады згъӕрхӕдон, стӕй цӕттӕ ут фарны хорз хабар хъусын кӕнынмӕ – уый та уӕд уӕ къахыдарӕс. Алы уавӕрты дӕр-иу райсут уырнындзинады стыр уарт – уымӕй уӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын. Райсут ирвӕзындзинады згъӕрхуд [ома ирвӕзындзинады ныфс] ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама, ома Хуыцауы ныхас. Уыимӕ алкӕддӕр сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кувут Хуыцаумӕ, кувут ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнут алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр».

20. Нӕ уавӕр ӕфсӕддонты уавӕрӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

20 Уыцы хӕстон дзауматӕ нын Хуыцау кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕнӕмӕнг хъахъхъӕндзысты. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ уӕлӕ уой. Кӕд ӕфсӕддонты иу хӕстӕй иннӕ хӕстмӕ хӕцын нӕ фӕхъӕуы, уӕд чырыстӕттӕн та сӕ тох никуы фӕвӕййы. Сӕ тох фӕуыдзӕн, Хуыцау Хӕйрӕджы дуне куы фесафа ӕмӕ Хӕйрӕг йӕ дӕлимонтимӕ дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст куы ’рцӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Раргомад 12:17; 20:1–3). Уӕдӕ кӕд дӕ хъӕндзинӕдтимӕ кӕнӕ ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕныс, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй не ’ппӕты дӕр хъӕуы нӕхи «хъизӕмарӕй марын» (1 Коринфӕгтӕм 9:27). Тох куы нал кӕнӕм, мӕт кӕнын нӕ уӕд хъӕудзӕн!

21. Нӕ тохы цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм?

21 Уымӕй уӕлдай, ацы тохы мах нӕхи хъарутӕй нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ нын Павел нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, цӕмӕй Йегъовӕмӕ кувӕм «алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр». Стӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ хъусӕм: хъуамӕ йын йӕ Ныхас ахуыр кӕнӕм ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕмбӕлӕм. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, уыдон дӕр немӕ иумӕ кӕй тох кӕнынц (Филимонмӕ 2; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Афтӕ чи кӕны, уыдон ӕнӕмӕнгӕй фӕуӕлахиз уыдзысты.

АЛКӔДДӔР ЦӔТТӔ У ДӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ СӔРЫЛ ДЗУРЫНМӔ

22, 23. а) Нӕ уырнындзинады сӕрыл дзурынмӕ ӕдзухдӕр цӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ нӕ цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын? б) Иннӕ сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

22 Йесо загъта: «Сымах... ацы дунейӕ не стут, ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне йе сӕфт уыны» (Иоанны 15:19). Уӕдӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр цӕттӕ уой сӕ уырнындзинады сӕрыл дзурынмӕ, ӕмӕ уый хъуамӕ кӕной сӕрныллӕгӕй ӕмӕ уӕзданӕй. (Бакӕс 1 Петры 3:15.) Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ӕмбарын ӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иуӕй-иу хатт, адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ растдӕр куыд у, афтӕ цӕуылнӕ бакӕнынц? Ахӕм уавӕры дызӕрдыг кӕнын нӕ райдайын, Библи ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъар цы дзурынц, уый раст кӕй у, ууыл? (Матфейы 24:45; Иоанны 17:17). Йегъовӕйы цӕсты раст куыд у, афтӕ бакӕнын куы бахъӕуы, уӕд, иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕндзынӕн, уымӕ цӕттӕ вӕййын ӕмӕ ма уымӕй сӕрыстыр дӕр вӕййын?» (Псалом 34:2; Матфейы 10:32, 33).

23 Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы дунеимӕ иумӕйагӕй исты уа. Фӕлӕ арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ, нӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд кӕй цӕуы, уый гӕнӕн ис, уайтагъд ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм. Гыццыл раздӕр дзырдтам, Хӕйрӕг хинӕй кӕй архайы, цӕмӕй, ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдоны руаджы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты дунемӕ асайа. Нӕ бон куыд у ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарын, цӕмӕй-иу улӕфгӕ дӕр бакӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ сӕры.

^ 3 абз. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Чырысти у Паддзах, зӕххыл ын цы сӕрст фӕдылдзӕуджыты ӕмбырд ис, уымӕн (Колоссӕгтӕм 1:13). 1914 азы та йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыд «дунейыл хицаудзинад». Уымӕ гӕсгӕ ныр сӕрст чырыстӕттӕ дӕр сты, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти кӕмӕн ис, уыцы Паддзахады минӕвӕрттӕ (Раргомад 11:15).

^ 8 абз. Кӕс чиныг «Рассуждение с помощью Писаний», 135–139 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.