Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
Милуантӕ сӕхи бакодтой Хуыцауы ӕххӕст хицауады дӕлбар, ӕмӕ сты амондджын ӕмӕ ӕдас. Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы Паддзахады дӕлбар цӕрӕгыл нымад уай?
Разамонӕг советы писмо
Куыд рабӕрӕг, 1914 азы 2 октябры Чарлз Расселл цы диссаджы хабар фехъусын кодта, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыд?
1 СӔР
«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»
Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй тынг арӕх дзырдта. Афтӕ арӕх ӕндӕр ницӕй тыххӕй дзырдта. Куыд ӕмӕ кӕд ӕрцӕудзӕн?
2 СӔР
Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты райгуырд
Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты Хуыцауы Паддзахады райгуырдмӕ чи бацӕттӕ кодта? Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг?
4 СӔР
Йегъовӕ йӕ ном сбӕрзонд кодта
Хуыцауы Паддзахад Йегъовӕйы ном куыд сбӕрзонд кодта? Ды та куыд рухс кӕныс Йегъовӕйы ном?
5 СӔР
Паддзах ӕргом кӕны йӕ Паддзахады хабӕрттӕ
Хуыздӕр бамбӕрстой, Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн ӕмӕ йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, стӕй куыд иузӕрдион хъуамӕ уой, уый дӕр.
6 СӔР
Чи хъусын кӕны, уыцы адӕм. Лӕггадгӕнджытӕ сты цӕттӕ
Йесо цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта, фӕстаг бонты йын барвӕндон хъусынгӕнджыты ӕфсад кӕй уыдзӕн, ууыл? Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй агурыс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
7 СӔР
Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ. Адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнынӕн алы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм
Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнынӕн Хуыцауы адӕм цы ногдӕр мадзӕлттӕй пайда кодтой, уый тыххӕй фылдӕр базон.
8 СӔР
Кусӕнгӕрзтӕ хъусын кӕнынӕн. Уадзӕм литературӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл хъусын кӕнынӕн
Тӕлмацы хъуыддаджы нын цас бантыст, уымӕй куыд зыны, Йесо Чырысти немӕ кӕй ис? Цас публикацитӕ мыхуыр кӕнӕм, уый фӕрцы уыныс, Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы?
9 СӔР
Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»
Адӕм чырыстон ӕмбырдмӕ ӕмбырдгонд куыд цӕуынц, уый фӕдыл Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Уыцы дыууӕ хъуыддаджы абон махыл куыд хъуамӕ бандавой?
11 СӔР
Сыгъдӕг Хуыцауы адӕм. Сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау ивынц
Йезекил цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы кувӕндоны хъахъхъӕнджыты уӕттӕ ӕмӕ кулдуӕрттӕ баст сты, Хуыцауы адӕм 1914 азӕй фӕстӕмӕ куыд лӕггад кӕнынц, уыимӕ.
12 СӔР
«Фарны Хуыцауӕн» лӕггад кӕнӕм бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ
Уаг ӕмӕ ӕгъдауыл дзургӕйӕ апостол Павел фарны кой цӕмӕн скодта? Ӕмӕ уый абон чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у?
13 СӔР
Хуыцауы адӕм тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнынц
Абон дӕр уӕлдӕр тӕрхондӕтты иуӕй-иу тӕрхонгӕнджытӕ фӕхъуыды кӕнынц, кӕддӕр закъонамонӕг Гамалиил куыд хъуыды кодта, афтӕ.
14 СӔР
Иузӕрдион стӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕвӕрд хицауадыл
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй сӕ фыдӕвзарӕнты «цӕугӕдоны» бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ-иу ӕнӕнхъӕлӕджы «зӕхх» уыцы дон аныхъуырдта.
15 СӔР
Тох кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕм
Хуыцауы адӕм тох кӕнынц, цӕмӕй сӕ бон уа Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын.
17 СӔР
Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты
Нӕ организацийы скъолатӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн куыд ӕххуыс кӕнынц сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн?
19 СӔР
Арӕзтады хъуыддаг кад хӕссы Йегъовӕйӕн
Хуыцауӕн кад хӕссынц, адӕм ын кӕм кувынц, уыцы бынӕттӕ, фӕлӕ йын ӕппӕты зынаргъдӕр уыцы бынӕттӕ не сты.
20 СӔР
Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм
Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ хауы?
21 СӔР
Хуыцауы Паддзахад йе знӕгты ныццӕгъддзӕн
Ныртӕккӕ дӕ бон у Армагеддоны хӕстмӕ дӕхи бацӕттӕ кӕнын.
22 СӔР
Хуыцауы Паддзахад зӕххыл сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон
Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн?