Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 СӔР

Хорз хабар ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй у?

Хорз хабар ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй у?

1. Библийы кӕй хъуыдытӕ ис фыст?

Адӕм зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уыцы хорз хабар фыст ис Библийы (Псалом 37:29). Библи конд у 66 гыццыл чиныгӕй. Уыцы чингуытӕ ныффыссынӕн Хуыцау равзӕрста 40 нӕлгоймаджы бӕрц, се ’ппӕт дӕр уыдысты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. Фыццаг фондз чиныджы иу-3 500 азы размӕ ныффыста Моисей. Фӕстаг чиныг та ныффыста апостол Иоанн, ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ рацыд 1 900 азӕй фылдӕр. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ кӕй хъуыдытӕ фыстой? Хуыцау сын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕргом кодта, цы хъуыди фыссын, уый (2 Самуилы 23:2). Уӕдӕ уыдон сӕхи хъуыдытӕ нӕ фыстой, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ. Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16; 2 Петры 1:20, 21.

Бакӕс видеороликмӕ «Библиийы Автор чи у?»

2. Библи Хуыцауӕй кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?

Мах зонӕм, Библи Хуыцауӕй кӕй у, уымӕн ӕмӕ дзы бӕстон фыст ис, фидӕны-иу чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы хабӕртты тыххӕй. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, райсом цы уыдзӕн, уый бӕлвырд зӕгъын (Йесо Навин 23:14). Ӕрмӕстдӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн у йӕ бон рагацау зӕгъын, адӕммӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Бакӕс Исайы 42:9; 46:10.

Кӕд Библи Хуыцауӕй у, уӕд зӕххыл ӕндӕр ахӕм чиныг хъуамӕ ма уа. Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр нӕй. Библи ис 450 ӕвзагӕй фылдӕрыл ӕмӕ дзы парахатгонд ӕрцыд дыууӕ миллиард экземплярӕй фылдӕр. Библи рагон чиныг у, фӕлӕ наукӕмӕ гӕсгӕ дӕр у раст. Стӕй йӕ кӕд 40 адӕймаджы фыстой, уӕддӕр сӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ не сты. Уымӕй уӕлдай ма, Библийы цыдӕриддӕр фыст ис, уым зыны Хуыцауы уарзт, ӕмӕ уыцы чиныг абоны онг дӕр адӕмы цард хуыздӕрырдӕм ивы. Ӕппӕт ацы хабӕрттӕм гӕсгӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл. Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13.

Бакӕс видеороликмӕ «Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у?»

3. Библийы цӕй тыххӕй ис фыст?

Библи нын сӕйраджыдӕр не ’ргом здахы хорз хабармӕ – Хуыцау адӕмӕн цы рӕсугъд фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, уымӕ. Библи нын ӕмбарын кӕны, фыццаг дыууӕ адӕймаджы дзӕнӕтӕй сӕхи ӕнӕхай куыд фӕкодтой ӕмӕ та зӕхх ногӕй дзӕнӕт куыд суыдзӕн, уый. Бакӕс Раргомад 21:4, 5.

Хуыцауы Ныхасы ма ис алыхуызон закъӕттӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы дзырд цӕуы, Хуыцау ӕнусты дӕргъы адӕмимӕ куыд уыди, уый тыххӕй дӕр. Уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый. Уӕдӕ Библийы руаджы дӕ бон у Хуыцауы базонын. Стӕй ма базондзынӕ, йӕ хӕлар цӕй фӕрцы суыдзынӕ, уый дӕр. Бакӕс Псалом 19:7, 11; Иаковы 2:23; 4:8.

4. Библи цӕй фӕрцы бамбардзынӕ?

Ацы брошюрӕ дын баххуыс кӕндзӕн Библи бамбарынӕн. Арӕзт у, Чырысти-иу адӕмӕн Фыстад куыд ӕмбарын кодта, уымӕ гӕсгӕ. Фыццаг уал-иу сын Хуыцауы Ныхасӕй скъуыддзаг ӕрхаста ӕмӕ-иу сын ӕй стӕй бамбарын кодта. Бакӕс Лукайы 24:27, 45.

Хуыцау нын цы хорз хабар раргом кодта, уыимӕ ницы ис абарӕн. Фӕлӕ уӕддӕр чидӕртӕ хорз хабармӕ уазал цӕстӕй ракӕсынц, чидӕртӕ та уый тыххӕй куы фехъусынц, уӕд мӕстӕй дӕр рафыцынц. Фӕлӕ дӕ уый Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын ма бакъуылымпы кӕнӕд. Ӕнустӕм цӕрдзынӕ ӕви нӕ, уый уымӕй кӕнгӕ у. Бакӕс Иоанны 17:3.