Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 УРОК

Дӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн уӕд

Дӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн уӕд

1 Коринфӕгтӕм 14:9

НЫСАН: Афтӕ дзур, цӕмӕй дын дӕ ныхас ӕнцонтӕй ӕмбарой.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Ӕрмӕг-иу дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн. Дӕ темӕ хорз куы бамбарай, уӕд ӕй дӕ бон уыдзӕн хуымӕтӕгӕй ӕмӕ дӕхи ныхӕстӕй бамбарын кӕнын.

  • Дзур цыбыр хъуыдыйӕдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕг ныхӕстӕ. Даргъ хъуыдыйӕдтӕ дзурӕн ис, фӕлӕ сӕйраг хъуыдытӕ ӕмбарын кӕнгӕйӕ цыбыр хъуыдыйӕдтӕ дзур.

  • Ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ ӕмбарын кӕн. Хъусджытӕ кӕй нӕ зонынц, ахӕм дзырдтӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ма пайда кӕн. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕ цы нӕ зонынц, ахӕм истӕй кой кӕнын дӕ куы хъӕуа, зӕгъӕм, Библийӕ кӕйдӕр кой скӕнын, рагзаманты цы барӕнтӕ кӕнӕ ӕгъдӕуттӕ уыд, уыдоны тыххӕй радзурын, уӕд-иу ӕй бамбарын кӕн.