Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 СӔР

Никодимы ӕхсӕвыгон ахуыр кӕны

Никодимы ӕхсӕвыгон ахуыр кӕны

ИОАННЫ 2:23–3:21

  • ЙЕСО НЫХАС КӔНЫ НИКОДИМИМӔ

  • АДӔЙМАГ НОГӔЙ РАЙГУЫРА, УЫЙ КУЫД ӔМБАРЫН ХЪӔУЫ?

Йесо н. э. 30 азы Иерусалимы Куадзӕны куы уыди, уӕд диссӕгтӕ сарӕзта, ӕмӕ йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты. Цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый дисы бафтыдта Никодимы дӕр. Уый уыди фарисей ӕмӕ дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны, Синедрионы, тӕрхонгӕнджытӕй иу. Никодимы фӕндыд фылдӕр базонын ӕмӕ Йесомӕ ӕрбацыд, куы ’рталынг, уый фӕстӕ. Ӕвӕццӕгӕн, тарст, исчи йӕ куы фена ӕмӕ иннӕ дзуттаг разамонджыты цӕсты йӕ кад куы ’рхауа.

Никодим Йесойӕн загъта: «Равви, мах ӕй зонӕм, ды, Хуыцауӕй чи ӕрцыд, уыцы ахуыргӕнӕг кӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ аразыс, ахӕм диссӕгтӕ никӕй бон у аразын, Хуыцау йемӕ куы нӕ уа, уӕд». Ӕмӕ йын уӕд Йесо бамбарын кодта, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ ногӕй райгуыра (Иоанны 3:2, 3).

Фӕлӕ адӕймаг ногӕй куыд хъуамӕ райгуыра? «Дыккаг хатт ма йӕ мады гуыбынмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ногӕй райгуырдзӕн?» – бафарста Никодим Йесойы (Иоанны 3:4).

Нӕ, ногӕй райгуырын афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Йесо йын бамбарын кодта: «Адӕймаг донаргъуыд куы нӕ райса ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй куы нӕ схайджын уа ӕмӕ афтӕмӕй куы нӕ райгуыра, уӕд йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын» (Иоанны 3:5). Йесо йӕхӕдӕг дӕр донаргъуыд куы райста ӕмӕ йыл сыгъдӕг тых куы ’рцыд, уӕд райгуырд ногӕй. Ӕмӕ раст уыцы сахат уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:16, 17). Афтӕмӕй Хуыцау фехъусын кодта, Йесо кӕй сси йӕ сыгъдӕг тыхӕй гуырд фырт ӕмӕ уӕларвон Паддзахадмӕ кӕй бацӕудзӕн. Фӕстӕдӕр, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны, сыгъдӕг тых ӕрцыд, уӕдмӕ донаргъуыд чи райста, уыцы ахуыргӕнинӕгтыл дӕр. Уӕд уыдон дӕр ногӕй райгуырдысты, ӕмӕ систы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй гуырд фырттӕ (Хъуыддӕгтӕ 2:1–4).

Никодимӕн ӕнцон нӕ уыд, Йесо йын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта, уый бамбарын. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ Йесо ноджы фылдӕр радзырдта, Хуыцауы зӕххон Фырт цӕмӕн сси, уый тыххӕй. Загъта йын: «Моисей ӕдзӕрӕг быдыры калмы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр уӕлӕмӕ ист ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый хайджын уа ӕнусон цардӕй» (Иоанны 3:14, 15).

Кӕддӕр ӕдзӕрӕг быдыры израилӕгтыл ахӕм хабар ӕрцыд, ӕмӕ-иу калм кӕуыл фӕхӕцыд, уыдон-иу ӕрхуы калммӕ куы скастысты, уӕд-иу удӕгасӕй баззадысты (Нымӕцтӕ 21:9). Афтӕ алы адӕймаджы дӕр хъӕуы Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндын, цӕмӕй мӕлӕты цагъарадӕй фервӕза ӕмӕ ӕнустӕм цӕра. Дарддӕр Йесо Никодимӕн бамбарын кодта, адӕмӕн уыцы ныфс Йегъовӕйы уарзондзинады фӕрцы кӕй ис. Загъта йын: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Уӕдӕ, кӕд Йесо зӕххыл ӕхсӕз мӕйы йеддӕмӕ нӕма лӕггад кодта, уӕддӕр Иерусалимы бӕлвырд бамбарын кодта, Хуыцау адӕмы йӕ фӕрцы кӕй фервӕзын кӕндзӕн.

Йесо Никодимӕн загъта: «Хуыцау йӕ Фырты дунемӕ уый тыххӕй нӕ рарвыста, цӕмӕй дунейӕн тӕрхон кӕна». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йесо уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна ӕмӕ сӕ фесафа. Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йӕ Хуыцау уый тыххӕй рарвыста, «цӕмӕй дуне уый фӕрцы фервӕза» (Иоанны 3:17).

Никодим адӕмы зӕрдӕхудтӕй кӕй тарст, уый тыххӕй Йесомӕ талынджы ӕрбацыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕлдай цымыдисаг у, Йесо фӕстагмӕ ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта: «Адӕм тӕрхонгонд та уымӕ гӕсгӕ цӕуынц, ӕмӕ дунемӕ ӕрцыд рухс, фӕлӕ уыдон рухс нӕ бауарзтой – бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ кодтой фыдхъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой. Фӕлӕ, раст цы у, уый чи аразы, уый та цӕуы рухсмӕ, цӕмӕй рабӕрӕг уа, йӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй сты, уый» (Иоанны 3:19–21). Уыцы рухс уыди Йесо. Йесо адӕммӕ рухс хаста, куыд цард ӕмӕ сын цы амыдта, уымӕй.

Никодим – фарисей ӕмӕ Израилы зондамонӕг – бирӕ цыдӕртӕ базыдта, Йесо Хуыцауы фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ ныр йӕхицӕй кӕнгӕ уыд, цы фехъуыста, уыдӕттыл арф ахъуыды кӕндзӕн ӕмӕ раст хатдзӕгтӕ скӕндзӕн ӕви нӕ.