Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

41 СӔР

Йесо диссӕгтӕ кӕй хъаруйӕ арӕзта?

Йесо диссӕгтӕ кӕй хъаруйӕ арӕзта?

МАТФЕЙЫ 12:22–32 МАРЧЫ 3:19–30 ЛУКАЙЫ 8:1–3

  • ЙЕСОЙЫ ДЫККАГ УАЦАМЫНДОН БАЛЦ РАЙДЫДТА

  • АДӔМӔЙ ХӔЙРӔДЖЫТЫ СУРЫ

  • ФӔДЗӔХСЫ, НЫХХАТЫР КӔНӔН КӔМӔН НӔЙ, АХӔМ ТӔРИГЪӔДӔЙ

Йесо фарисей Симоны хӕдзары хатыр кӕныны тыххӕй куы дзырдта, уымӕй цасдӕры фӕстӕ Галилейӕйы йӕ дыккаг уацамындон балц райдыдта. Йесо зӕххыл дыккаг аз лӕггад кодта, ӕмӕ иунӕгӕй нӕ уыд. Йемӕ уыдысты йӕ 12 апостолы, стӕй, «дӕлимонты кӕмӕй расырдта ӕмӕ сӕ низтӕй кӕй сдзӕбӕх кодта», уыцы сылгоймӕгтӕй дӕр чидӕртӕ (Лукайы 8:2). Се ’хсӕн уыди Марийӕ Магдалинӕ, стӕй Сусаннӕ ӕмӕ Иоаннӕ дӕр. Иоаннӕйӕн йӕ лӕг уыд паддзах Ирод Антипӕйы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг.

Йесойы тыххӕй цас фылдӕр адӕм зыдтой, уыйас йӕ кой дӕр фылдӕр кодтой. Уый хорз зыны иу хабарӕй. Йесомӕ ӕрбакодтой иу хӕйрӕджджын лӕджы. Уыцы лӕг цӕстӕй дӕр нӕ уыдта ӕмӕ дзургӕ дӕр нӕ кодта, фӕлӕ йӕ Йесо сдзӕбӕх кодта. Лӕг хӕйрӕджы ахӕстӕй куы ссӕрибар, уӕд дзурын дӕр райдыдта, ӕмӕ цӕстӕй дӕр ракаст. Адӕм дисӕй мардысты ӕмӕ дзырдтой: «Ай Давиды Фырт ма уа?» (Матфейы 12:23).

Гъемӕ, Йесо кӕм ӕрлӕууыд, уыцы хӕдзары алыварс уыйбӕрц адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ къӕбӕр бахӕрыны фадат дӕр нал уыд. Фӕлӕ Йесойы се ’ппӕт «Давиды Фыртыл» нӕ нымадтой. Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ йӕм фарисейтӕй чидӕртӕ суанг Иерусалимӕй дӕр ӕрцыдысты. Фӕлӕ се ’рцыды сӕр уый нӕ уыди, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ фылдӕр базыдтаиккой кӕнӕ йӕ фарс слӕууыдаиккой. Уыдон адӕмӕн дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, «амӕн йӕ мидӕг Велзевул ис», ӕмӕ, дам, цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон «хӕйрӕджыты ӕлдары» хъаруйӕ аразы (Марчы 3:22). Йесойӕн йӕ хиуӕттӕ уыдӕттӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй йӕ акодтаиккой. Фӕлӕ цӕмӕн?

Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, уый уӕд йе ’фсымӕрты нӕма уырныдта (Иоанны 7:5). Нӕ сӕм хъардта, Назареты иу хӕдзары кӕимӕ схъомыл сты, уыцы Йесойы тыххӕй адӕм ӕддӕг-мидӕг куыд хъуамӕ ауадаиккой. Гъемӕ сӕм афтӕ каст, ӕмӕ Йесойӕн йӕ хабар хорз нӕу, дзырдтой, «йӕ сӕрызонд фӕцыди», зӕгъгӕ (Марчы 3:21).

Фӕлӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ та цӕуыл дзурӕг уыдысты? Гыццыл раздӕр Йесо сдзӕбӕх кодта, цӕстӕй дӕр чи нӕ уыдта ӕмӕ дзургӕ дӕр чи нӕ кодта, ахӕм хӕйрӕджджын адӕймаджы. Ӕмӕ ничи загътаид, нӕ йӕ сдзӕбӕх кодта, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойӕ загътой, хӕйрӕджыты, дам, «хӕйрӕджытӕн се ’лдар Велзевулы хъаруйӕ» суры (Матфейы 12:24).

Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта ӕмӕ сын загъта: «Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ныххӕлӕттаг уыдзӕн, ӕмӕ горӕты цӕрджытӕ кӕнӕ хӕдзары мидӕг бинонтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ куы суой, уӕд уыцы горӕт дӕр фесӕфдзӕн ӕмӕ уыцы бинонты цард дӕр фехӕлдзӕн. Уӕдӕ кӕд Сайтан йӕхӕдӕг йӕхи суры, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ сси, ӕмӕ ма уӕд йӕ паддзахад фидар куыд лӕудзӕн?» (Матфейы 12:25, 26).

Уымӕй растдӕр ма цы хъуамӕ уа! Фарисейтӕ зыдтой, дзуттӕгтӕй дӕр чидӕртӕ адӕмӕй хӕйрӕджыты кӕй сырдтой (Хъуыддӕгтӕ 19:13). Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йесо бафарста: «Кӕд ӕз Велзевулы хъаруйӕ сурын хӕйрӕджыты, уӕд сӕ уӕ фӕдылдзӕуджытӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц?» Ӕндӕр ныхасӕй, Йесойы цӕмӕй аххосджын кодтой, уымӕй сын сӕхи дӕр уыди фӕаххосджын кӕнӕн. Ӕмӕ стӕй Йесо йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Фӕлӕ кӕд ӕз Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сурын хӕйрӕджыты, уӕд уӕ Хуыцауы паддзахад ӕцӕгдӕр ӕрӕййӕфта» (Матфейы 12:27, 28).

Йесо адӕмӕй хӕйрӕджыты кӕй сырдта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хӕйрӕгыл йӕ бар цыди. Ӕмӕ сын цӕмӕй уый бамбарын кодтаид, уый тыххӕй сын ӕрхаста цӕвиттон: «Исчи тыхджын адӕймаджы хӕдзармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йын йӕ фӕллӕйттӕ рахӕсдзӕн, цалынмӕ уал ын йӕхи не сбӕтта, уӕдмӕ? Ӕрмӕстдӕр ын уӕд фӕкъахдзӕн йӕ хӕдзар. Мӕ фарс чи нӕу, уый мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый фӕйнӕрдӕм пырх кӕны» (Матфейы 12:29, 30). Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы ныхмӕ уыдысты. Ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хӕйрӕджы фарс уыдысты. Хуыцауы Фырт архайдта Хуыцауы хъаруйӕ, фӕлӕ йӕм уыдон адӕмы хӕстӕг нӕ уагътой – фӕйнӕрдӕм сӕ пырх кодтой.

Ӕмӕ, Хӕйрӕджы ардыдӕй йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдоны бафӕдзӕхста: «Адӕм цыфӕнды тӕригъӕд ма ракӕной ӕмӕ цыфӕнды фауӕн ныхас ма зӕгъой – хатыр сын уыдзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи зӕгъа фауӕн ныхас, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн – уыцы тӕригъӕд ыл уыдзӕн ӕнусмӕ» (Марчы 3:28, 29). Уӕдӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй цы арӕзт цӕуы, уымӕй афтӕ чи дзуры, Хӕйрӕджы хъаруйӕ цӕуы арӕзт, зӕгъгӕ, уыдон цавӕр хорздзинадмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой?!