117 СӔР
Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр
МАТФЕЙЫ 26:21–29 МАРЧЫ 14:18–25 ЛУКАЙЫ 22:19–23 ИОАННЫ 13:18–30
-
ЙЕСО БАМБАРЫН КОДТА, ЙӔ УӔЙГӔНӔГ ИУДӔ КӔЙ У
-
БЫНДУР ӔРӔВӔРДТА ЙӔ МӔЛӔТ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРӔН
Уыцы изӕр гыццыл раздӕр Йесо йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой. Ӕмӕ сын стӕй, ӕвӕццӕгӕн, Куадзӕны ӕхсӕвӕр куы бахордтой, уый фӕстӕ, ӕрхаста, Давид цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Мемӕ хӕларӕй чи цард, мӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтон, мӕ къӕбӕр мын чи хордта, уый дӕр мӕ ныхмӕ рацыд». Стӕй сын загъта: «Уӕ иу мӕ ауӕй кӕндзӕн» (Псалом 41:9; Иоанны 13:18, 21).
Апостолтӕ кӕрӕдзимӕ бакастысты ӕмӕ йӕ радгай фӕрсын байдыдтой: «Хицау, уый ӕз нӕ дӕн, афтӕ нӕу?» Суанг ӕй Иудӕйӕн дӕр йӕ цӕсгом бахъӕцыд афтӕ бафӕрсын. Иоанн фынгыл Йесойы тӕккӕ фарсмӕ бадти, ӕмӕ йӕм Петр ацамыдта, кӕй кой кӕны, уый-ма базон, зӕгъгӕ. Уӕд Иоанн дӕр Йесойыл йӕхи бакъул кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Хицау, кӕй кой кӕныс?» (Матфейы 26:22; Иоанны 13:25).
Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр къусы куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Ӕмӕ йӕ къӕбӕр, йӕ разы фынгыл цы къус уыди, уым атылдта, стӕй йӕ Иудӕмӕ радта ӕмӕ загъта: «Адӕймаджы Фыртӕн ӕнӕацӕугӕ нӕй, уый тыххӕй фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ. Фӕлӕ додой йӕ къона йӕ уӕйгӕнӕгӕн! Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид» (Иоанны 13:26; Матфейы 26:24). Уый фӕстӕ Сайтан Иудӕйы бацыд. Кӕд уӕдмӕ дӕр йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг нал уыд, уӕд ныр та йӕхи бынтондӕр Хӕйрӕджы къухмӕ радта ӕмӕ афтӕмӕй сси, «сафинаг чи уыди, уый» (Иоанны 6:64, 70; 12:4; 17:12).
Йесо Иудӕйӕн загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр бакӕн». Ӕхцайы къопп Иудӕмӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ иннӕ апостолтӕ афтӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ йын Йесо уый кой кӕны, «цӕмӕй сӕ бӕрӕгбонмӕ цы хъуыд, уый балхӕдтаид, йе та цӕмӕй мӕгуыртӕн исты радтаид» (Иоанны 13:27–30). Фӕлӕ Иудӕ ацыд, цӕмӕй Йесойы дины разамонджыты къухмӕ радтаид.
Куадзӕны ӕхсӕвӕр куы скодтой, уыцы изӕр Йесо бындур ӕрӕвӕрдта ног бӕрӕгбонӕн. Дзул райста, Хуыцауӕн бузныг загъта, ӕрсаста Лукайы 22:19). Уыцы дзулы саст апостолтӕ кӕрӕдзимӕ алӕвӕрдтой ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр акомдзаг кодтой.
йӕ, йӕ апостолтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Уый фӕстӕ та Йесо райста сӕны къус, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта, йӕ апостолтӕм ӕй алӕвӕрдта, ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр сахуыстой. Йесо сын загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, уыцы тугӕй» (Лукайы 22:20).
Афтӕмӕй Йесо бындур ӕрӕвӕрдта йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн, ӕмӕ йӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ алы аз дӕр 14 нисаны бӕрӕг кодтаиккой. Уыцы бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Йесо ӕмӕ йӕ Фыд цы стыр аргъ бафыстой, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй фервӕзын кӕнынӕн. Дзуттӕгтӕ Куадзӕн бӕрӕг кодтой, Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар сты, уый номыл. Ӕмӕ уӕд ацы бӕрӕгбон та цас ахсджиагдӕр у! Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцауыл чи ’ууӕнды, уыцы адӕм ӕцӕг сӕрибардзинад кӕй фендзысты.
Йесо загъта, зӕгъгӕ, мӕ туг «ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой». Сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕмӕн ӕрцыдысты, уыцы «бирӕты» ’хсӕн сты йӕ иузӕрдион апостолтӕ ӕмӕ иннӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ. Уыдон Йесоимӕ иумӕ уыдзысты йӕ Фыды Паддзахады (Матфейы 26:28, 29).