1 СӔР
Дыууӕ ахсджиаг хабары Хуыцауӕй
-
ЗӔД ГАВРИИЛ РАГАЦАУ ФЕХЪУСЫН КОДТА АРГЪАУӔГ ИОАННЫ РАЙГУЫРДЫ ТЫХХӔЙ
-
ГАВРИИЛ МАРИЙӔЙӔН ЗАГЪТА ЙЕСОЙЫ РАЙГУЫРДЫ ТЫХХӔЙ
Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауӕй ӕрвыст хабар. Уыцы чиныгӕй нӕ бон базонын у, нӕ уӕларвон Фыд нын цы зӕгъинаг у, уый. Цӕй ӕмӕ базонӕм, иу-2 000 азы размӕ цы дыууӕ ахсджиаг хабары фехъусын кодта. Хъусын та сӕ фӕкодта, «Хуыцауы раз» чи лӕууы, уыцы зӕд Гавриилы уылты (Лукайы 1:19). Зӕд уыцы ахсджиаг хабӕрттӕ кӕд, кӕм ӕмӕ кӕмӕн фехъусын кодта?
Уый уыди н. э. размӕ 3 азмӕ ’ввахс. Гавриил фыццаг хабар кӕм фехъусын кодта? Иудейӕйы хӕхбӕсты, ӕвӕццӕгӕн, Иерусалиммӕ хӕстӕг цард Йегъовӕйы сауджын Захари. Захарийӕн уыди бинойнаг, Елизаветӕ. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ацӕргӕ ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг, сауджынты фӕткмӕ гӕсгӕ, Захарийӕн уыд йӕ рад Иерусалимы Хуыцауы кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн. Гъемӕ, кувӕндоны куы уыд, уӕд будсудзӕн нывондхӕссӕны фарсмӕ ӕвиппайды йӕ разы февзӕрд зӕд Гавриил.
Захари тынг фӕтарст. Фӕлӕ йӕ зӕд ӕрсабыр кодта: «Ма тӕрс, Захари, Хуыцау дын дӕ куывд фехъуыста. Дӕ бинойнаг Елизаветӕ дын ныййардзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Иоанн». Стӕй ма йын загъта, зӕгъгӕ, Иоанн «кадджын уыдзӕни Йегъовӕйы цӕсты» ӕмӕ «Йегъовӕйы раз цӕттӕ адӕм ӕрлӕууын кӕндзӕн» (Лукайы 1:13–17).
Захарийы уыцы ныхӕстӕ нӕ бауырныдтой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Елизаветӕ дӕр ацӕргӕ уыдысты. Уӕд ын Гавриил загъта: «Цалынмӕ ацы хъуыддаг не ’рцӕуа, уӕдмӕ уыдзынӕ ӕгомыг, дӕ бон дзурын нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ мын мӕ ныхӕстыл нӕ баууӕндыдтӕ» (Лукайы 1:20).
Уыцы рӕстӕг ӕддейӕ цы адӕм лӕууыд, уыдон та дис кодтой, Захари кувӕндонӕй куыд ӕрӕгмӕ цӕуы, зӕгъгӕ. Стӕй кӕддӕр рацыд, фӕлӕ йӕ бон дзурын нӕ уыди. Ӕрмӕст къухӕй ӕмбарын кодта, цы зӕгъын ӕй фӕндыд, уый. Ӕмӕ уӕд адӕм бамбӕрстой, кувӕндоны цыдӕр диссаг кӕй федта.
Захарийӕн кувӕндоны йӕ лӕггады бонтӕ куы фесты, уӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. Цасдӕры фӕстӕ Елизаветӕ басывӕрджын! Фондз мӕйы дӕргъы, цалынмӕ сывӕллон нӕ райгуырди, уӕдмӕ, Елизаветӕ адӕммӕ йӕхи нӕ равдыста.
Уыцы рӕстӕг Гавриил фӕзынд дыккаг хатт. Ацы хатт та кӕмӕ? Ӕрыгон ӕнӕцыд чызгмӕ, йӕ ном Марийӕ. Марийӕ цард Иерусалимӕй цӕгатырдӕм, Галилейӕйы горӕт Назареты. Цымӕ зӕд уымӕн та цы загъта? Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Ды ссардтай Хуыцауы хорзӕх». Дарддӕр Гавриил Марийӕйӕн загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Йесо». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уый уыдзӕн номдзыд адӕймаг ӕмӕ йӕ хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт... ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лукайы 1:30–33).
Уыцы дыууӕ хабары фехъусын кӕнын Гавриилӕн стыр кад куыннӕ уыди! Дарддӕр Иоанны ӕмӕ Йесойы царды хабӕрттӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд ӕй фендзыстӕм, уыцы дыууӕ хабары афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдысты.