ФӔНДЗӔМ СӔР
Чырыстийы нывонд – Хуыцауы стырдӕр лӕвар
-
Адӕмы цӕмӕй хъуыд фервӕзын кӕнын?
-
Йегъовӕ нӕ куыд фервӕзын кодта?
-
Чырыстийы нывонд дын цы пайда хӕссы?
-
Уыцы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый дӕ бон куыд у равдисын?
1, 2. а) Адӕймагӕн лӕвар тынг зынаргъ кӕд вӕййы? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Чырыстийы нывондӕй зынаргъдӕр лӕвар нӕй?
ЦАРДЫ ӕппӕты зынаргъдӕр лӕварыл цы нымайыс? Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ, бирӕ ӕхца кӕуыл раттынц, ӕрмӕстдӕр ахӕм лӕвар у зынаргъ. Уӕвгӕ, лӕварӕн йӕ аргъ алы хатт ӕхцайӕ нӕ фӕбарынц. Адӕймагӕн тынг зынаргъ вӕййы, амондджын кӕй фӕрцы свӕййы кӕнӕ йӕ царды ӕхсызгонӕй чи фӕхъӕуы, ахӕм лӕвар.
2 Кӕд адӕймаг бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕзӕгъы, уый мын куы балӕвар кӕниккой, зӕгъгӕ, уӕддӕр ис ахӕм лӕвар, ӕмӕ йӕ ницӕимӕ ис абарӕн. Уыцы лӕвар нын скодта Хуыцау. Йегъовӕйӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ зонӕм, фӕлӕ ӕппӕты стырдӕр лӕвар у, йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый. Библийы уыцы лӕвар хуыйны «ахӕсты аргъ» (Матфейы 20:28, фиппаинаг). Ацы сӕрӕй куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй Чырыстийы нывонд у ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы суыдзынӕ ӕцӕг амондджын, стӕй дӕ царды уымӕй ӕхсызгондӕр ницы хъӕуы. Йегъовӕ йӕ Фырты дӕу тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн ма цы хъуамӕ уа, куыд бирӕ дӕ уарзы, уымӕн.
АДӔМЫ ЦӔМӔЙ ХЪУЫД ФЕРВӔЗЫН КӔНЫН?
3. а) Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста? ӕ) Чырыстийы нывонд зынаргъ лӕвар кӕй у, уый цӕй фӕрцы бамбардзыстӕм?
3 Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид (Ефесӕгтӕм 1:7). Чырыстийы нывондӕн ӕрхӕссын цӕмӕн бахъуыд, уый цӕмӕй бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын хъӕуы, кӕддӕр Едемы цӕхӕрадоны цы хабар ӕрцыд, уый. Хъуамӕ базонӕм, Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕнӕхай цӕмӕй фӕци. Ӕрмӕстдӕр уӕд бамбардзыстӕм, Чырыстийы нывонд ахӕм зынаргъ лӕвар цӕмӕн у.
4. Адам ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уый йын стыр лӕвар цӕмӕн уыди?
4 Йегъовӕ Адамы сфӕлдыста ӕххӕст адӕймагӕй, ӕмӕ йын уый уыди стыр лӕвар. Ахъуыды-ма кӕн, Адам буарӕй дӕр ӕмӕ зондӕй дӕр уыд ӕххӕст. Тӕссаг ын нӕ уыд нӕдӕр низтӕй, нӕдӕр зӕронд кӕнынӕй ӕмӕ нӕдӕр мӕлӕтӕй. Уый Йегъовӕимӕ уыд тынг ӕввахс. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Адам уыди «Хуыцауы фырт» (Лукайы 3:38). Фыд ӕмӕ фырт хорз ӕмбӕлттӕ куыд вӕййынц, афтӕ Адамӕн дӕр Йегъовӕ уыд йӕ Хӕлар. Йегъовӕ ныхас кодта йӕ зӕххон фыртимӕ, йӕ бӕрны-иу ын бакодта, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодта, ахӕм куыст ӕмӕ йын ӕмбарын кодта, цӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый (Райдиан 1:28–30; 2:16, 17).
5. Хуыцау Адамы «йӕхимӕ гӕсгӕ» скодта, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?
5 Хуыцау Адамы скодта «йӕхимӕ гӕсгӕ» (Райдиан 1:27). Уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ Адам бакастӕй Хуыцауы хуызӕн уыди, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕнӕуынгӕ у (Иоанны 4:24). Хуыцауӕн туг ӕмӕ стӕгӕй буар нӕй. Уӕдӕ Адамы йӕхимӕ гӕсгӕ уыцы хуызы сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ схайджын кодта йӕ миниуджытӕй, зӕгъӕм, уарзондзинад, зонд, рӕстдзинад ӕмӕ тыхӕй. Уымӕй уӕлдай Адам дӕр йӕ Фыдау уыди сӕрибар, ома, кӕм куыд бакодтаид, уый йӕхӕдӕг скъуыддзаг кодта. Адам цыдӕр роботы хуызӕн нӕ уыд: кънопкӕйыл ныххӕцыдтӕ, ӕмӕ дӕ цы бафӕнда, уый аразы. Адамӕн йӕхи бон уыди уынаффӕтӕ хӕссын, йӕ бон уыд кӕнӕ раст фӕндаг равзарын, кӕнӕ рӕдыд фӕндаг. Хуыцауы коммӕ куы кастаид, уӕд зӕххыл Дзӕнӕты ӕнустӕм цардаид.
6. Адам Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуыста, уӕд ӕнӕхай цӕмӕй фӕци ӕмӕ уый йӕ байзӕддӕгтыл куыд фӕзынд?
6 Адам Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуыста, уӕд ын уый тынг зынаргъ слӕууыд. Хуыцау ын мӕлӕты тӕрхон рахаста. Тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй ӕххӕст адӕймаг нал уыд ӕмӕ уыйадыл йӕхи ӕнӕхай фӕкодта, цы хорздзинӕдтӕй хайджын уыд, уыдонӕй (Райдиан 3:17–19). Хъыгагӕн, уыцы диссаджы лӕварӕй ӕнӕхай ӕрмӕст йӕхи нӕ фӕкодта, фӕлӕ ма йӕ байзӕддӕгты дӕр. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Иу адӕймаджы [ома Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Адамӕй не ’ппӕт дӕр тӕригъӕд нӕ туджы рахастам. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Адам йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр ауӕй кодта тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕн (Ромӕгтӕм 7:14). Адам ӕмӕ Евӕйӕн уыцы цагъарадӕй фервӕзынӕн ницы ныфс уыди, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты зонгӕ-зонын ахызтысты. Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис сӕ байзӕддӕгтӕй та, уыимӕ махӕй дӕр?
7, 8. а) Искӕй уацары куы акӕнынц, уӕд йе ссӕрибар кӕнынӕн цы фӕхъӕуы? ӕ) Адӕмы тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнынӕн та цы хъуыди?
7 Йегъовӕйы ӕппӕты райдианӕй фӕндыд, цӕмӕй алцӕмӕй ӕххӕст адӕм зӕххыл ӕнустӕм цардаиккой. Ӕмӕ цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст уа, уый тыххӕй йӕ бахъуыди Йесойы нывондӕн ӕрхӕссын. Цӕмӕн? Зӕгъӕм, хӕсты рӕстӕг чидӕр знаджы къухтӕм бахауд ӕмӕ йӕ уацары акодтой. Уыцы адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй ссӕрибар уа, фӕлӕ йӕ бон ницы у бакӕнын. Кӕй къухы ис, уыдон ӕй цӕмӕй ссӕрибар кӕной, уый тыххӕй йӕ йӕ хиуӕттӕ хъуамӕ балхӕной, ома йын хъуамӕ ӕхца бафидой.
8 Афтӕ мах дӕр фӕнды тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй фервӕзын ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын, фӕлӕ нӕ бон ницы у бакӕнын. Гъемӕ Йегъовӕ Чырыстийы мах тыххӕй нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ нӕ афтӕмӕй тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй
балхӕдта, цӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ суӕм ӕмӕ ӕнустӕм цӕрӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы куыд фервӕзын кодта?ЙЕГЪОВӔ НӔ КУЫД ФЕРВӔЗЫН КОДТА?
9. а) Йесойы цард ӕмӕ Адамы цард ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты? ӕ) Йесойы цард нывондӕн ӕрхӕссын цӕмӕн хъуыди?
9 Адам райдианы ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕхай цы цардӕй фӕци, уый ӕнӕххӕст адӕймаджы цардӕй нӕ уыд фӕстӕмӕ балхӕнӕн (Псалом 49:7, 8). Хъуыди «сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ», ома Адамы хуызӕн ӕххӕст адӕймаджы цард. Ӕмӕ ахӕм адӕймаг та зӕххыл ӕрмӕстдӕр Йесо Чырысти уыди (1 Тимофеймӕ 2:6, фиппаинаг). Цӕмӕн хъуыд афтӕ бакӕнын? Уымӕн ӕмӕ афтӕ домы ӕцӕг рӕстдзинад. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Уды тыххӕй – уд» (Дыккаг закъон 19:21). Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Адӕймаг искӕмӕн исты зиан куы ракӕны, уӕд ӕй цы бакӕнын фӕхъӕуы? Хъуамӕ бафида, цы зиан ын ракодта, уый аргъ. Уӕдӕ ӕххӕст адӕймаг ӕнӕхай цы цардӕй фӕци, уый фӕстӕмӕ раздахынӕн дӕр хъуыди ӕндӕр ӕххӕст адӕймаджы цард.
10. Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕмы куыд фервӕзын кодта?
10 Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕмы куыд фервӕзын кодта? Йесо уыди Йегъовӕйӕн йӕ уӕларвон фырттӕй, алцӕмӕй ӕххӕст зӕдтӕй, сӕ иу. Фӕлӕ уый ӕнӕуи зӕд нӕ уыд. Йегъовӕ зӕхмӕ ӕрӕрвыста, ӕппӕты зынаргъдӕр ын чи уыди, уый – йӕ иунӕг Фырты (1 Иоанны 4:9, 10). Йесо ӕнӕзивӕгӕй сразы йӕ уӕларвон хӕдзар ныууадзыныл (Филиппӕгтӕм 2:7). Йегъовӕ йӕ Фырты цард диссаджы хуызы Марийӕйы хуылфмӕ рахаста. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Йесо райгуырд ӕххӕст адӕймагӕй, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуыди тӕригъӕды тыххӕй фидын, ома амӕлын (Лукайы 1:35).
11. Иу адӕймаджы цардӕй милуанты куыд уыди балхӕнӕн?
11 Фӕлӕ иу адӕймаджы цардӕй милуанты куыд уыди балхӕнӕн? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, ӕппӕт уыцы адӕм тӕригъӕдджын куыд систы. Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕнӕхай фӕци, цы зынаргъ лӕварӕй хайджын уыд, уымӕй – ӕххӕст адӕймаг нал уыд. Ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕ 1 Коринфӕгтӕм 15:45). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо слӕууыд Адамы бынаты, цӕмӕй нӕ фервӕзын кодтаид. Йесо ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд ӕмӕ алкӕддӕр Хуыцауы коммӕ кӕй каст, уымӕ гӕсгӕ, йӕ цард нывондӕн куы ’рхаста, уӕд бафыста Адамы тӕригъӕды тыххӕй. Ӕмӕ афтӕмӕй Адамы байзӕддӕгтӕн фӕзынди ныфс (Ромӕгтӕм 5:19; 1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22).
дӕр ӕххӕст кӕцӕй хъуамӕ уыдаиккой. Уыдон дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт. Библи Йесойы хоны «фӕстаг Адам». Йесо уыди ӕххӕст адӕймаг, стӕй тӕригъӕд никуы сарӕзта (12. Йесо хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕй цы равдыста?
12 Библийы лыстӕг хабӕртты онг фыст ӕрцыд, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цытӕ бавзӕрста, уый тыххӕй. Ехсӕй йӕ фӕнадтой, стӕй йӕ хъӕдыл байтыгътой, ӕмӕ хъизӕмары мардӕй амард (Иоанны 19:1, 16–18, 30; Уӕлӕмхасӕн, статья «Чырыстӕттӕ хъуамӕ крестӕн табу кӕной?»). Йесо уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн бавзӕрста? Хӕйрӕг афтӕ загъта, фӕлварӕнты, дам, Йегъовӕйыл йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Фӕлӕ кӕд Йесо ахӕм стыр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уӕддӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад, ӕмӕ уымӕй Хӕйрӕджы ныхӕстӕн ӕппӕты хуыздӕр дзуапп радта. Йесо равдыста, Хӕйрӕг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр ӕххӕст ӕмӕ сӕрибар адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Йегъовӕ куыд цин кодтаид, йӕ зынаргъ Фырт ыл афтӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый уынгӕйӕ! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).
13. Чырыстийы нывонды аргъ Хуыцауӕн фыст куыд ӕрцыд?
13 Чырыстийы нывонды аргъ Хуыцауӕн фыст куыд ӕрцыд? Дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ н. э. 33 азы нисаны мӕйы 14-ӕм бон Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йын йӕ ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд Фырты амардтаиккой. Ӕмӕ афтӕмӕй Йесо йӕ цард «ӕрмӕстдӕр иу хатт» нывондӕн ӕрхаста (Дзуттӕгтӕм 10:10). Йӕ мӕлӕтӕй йӕ ӕртӕ боны фӕстӕ Йегъовӕ райгас кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхт. Ӕмӕ уым Йесо Хуыцауы размӕ бахаста ӕххӕст адӕймаджы царды аргъ – Адамы байзӕддӕгты балхӕнынӕн кӕй радта, уыцы царды аргъ (Дзуттӕгтӕм 9:24). Йегъовӕ райста уыцы аргъ, уымӕн ӕмӕ адӕмы балхӕнынӕн ӕмӕ сӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй фервӕзын кӕнынӕн растдӕр ахӕм аргъ хъуыди (Ромӕгтӕм 3:23, 24).
ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНД ДЫН ЦЫ ПАЙДА ХӔССЫ?
14, 15. Цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?
14 Кӕд тӕригъӕдджын стӕм, уӕддӕр, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый нын хӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы стырдӕр лӕвары фӕрцы ныр дӕр цы арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын ӕмӕ нӕм фидӕны дӕр цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй цалдӕрмӕ.
15 Хуыцау нын хатыр кӕны нӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын, раст цы у, уый аразын ӕнцон нӕ вӕййы. Не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм – кӕм ныхасӕй, кӕм хъуыддагӕй. Фӕлӕ Йесо йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый фӕрцы нын ис фадат, цӕмӕй нын «нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой» (Колоссӕгтӕм 1:13, 14). Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау хатыр кӕна, уый тыххӕй-иу хъуамӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм. Хъуамӕ Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй кувӕм ӕмӕ, йӕ Фырт нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕ туг кӕй ныккалдта, уый номӕй дзы хатыр курӕм (1 Иоанны 1:8, 9).
16. а) Цӕй фӕрцы у нӕ бон Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнын? ӕ) Адӕймагӕн сыгъдӕг цӕсгом уа, уый стыр арфӕдзинад цӕмӕн у?
16 Хуыцауы раз нын ис сыгъдӕг цӕсгом. Адӕймагӕн йӕ цӕсгом сыгъдӕг куы нӕ вӕййы, уӕд йӕхицӕн ӕнцой нал фӕары ӕмӕ йӕхимӕ зӕххӕй сисинаг дӕр нал фӕкӕсы. Фӕлӕ нын Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, ӕмӕ, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр ын нӕ бон у сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнын (Дзуттӕгтӕм 9:13, 14). Уый фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕйы раз ныфсджынӕй ӕрлӕууын ӕмӕ йӕм сӕрибарӕй кувын (Дзуттӕгтӕм 4:14–16). Стӕй адӕймагӕн йӕ цӕсгом сыгъдӕг куы вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн, йӕхицӕн фӕаргъ кӕны ӕмӕ вӕййы амондджын.
17. Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый фӕрцы нӕм фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
17 Ис нын зӕххыл Дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфс. «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй»,– фыст ис Ромӕгтӕм 6:23 стихы. Фӕлӕ ма уыцы стихы ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Хуыцауы лӕвар та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы». Дзӕнӕты зӕххыл адӕммӕ цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй бӕстон дзырд цӕуы 3-аг сӕры (Раргомад 21:3, 4). Ӕппӕт уыцы арфӕдзинӕдтӕ, стӕй, ӕнустӕм ӕнӕнизӕй ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрӕм, уый фадат дӕр нын ис, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый фӕрцы. Цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ цардӕй ӕвдисӕм, Хуыцауӕй уыцы стыр лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм.
УЫЦЫ ЛӔВАРЫ ТЫХХӔЙ БУЗНЫГ КӔЙ ДӔ, УЫЙ ДӔ БОН КУЫД У РАВДИСЫН?
18. Йегъовӕ йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй дзы бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
18 Йегъовӕ йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй дзы зӕрдӕйӕ бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Адӕймаг нын цы балӕвар кӕны, уымӕн ӕй бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ хъарутӕ куы бахъӕуы кӕнӕ йыл стыр ӕхцатӕ куы ратты, уӕд нын ахӕм лӕвар уӕлдай зынаргъ вӕййы. Адӕймаг йӕ лӕвары йӕ зӕрдӕйы хъарм куы бавӕры, уӕд нын уый нӕ зӕрдӕ тынг бацагайы. Ӕмӕ уӕд цы зӕгъӕн ис Чырыстийы нывонды тыххӕй та? Уымӕй зынаргъдӕр лӕвар нӕй, уымӕн ӕмӕ нын цӕмӕй Хуыцау уыцы лӕвар скодтаид, уый тыххӕй йӕхицӕн тынг зын скодта. Иоанны 3:16 стихы фыст ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты». Йегъовӕ йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй хуыздӕр никуыд уыд равдисӕн, куыд тынг нӕ уарзы. Уыцы лӕвар дзурӕг у Йесойы уарзондзинадыл дӕр, уымӕн ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард нӕ бавгъау кодта (Иоанны 15:13). Уӕдӕ уыцы стыр лӕвары фӕрцы фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт махӕй алкӕй дӕр кӕй уарзынц (Галатӕгтӕм 2:20).
19, 20. Чырыстийы нывонды тыххӕй Хуыцауӕй бузныг кӕй дӕ, уый дӕ бон куыд у равдисын?
19 Чырыстийы нывонды тыххӕй Хуыцауӕй бузныг кӕй дӕ, уый дӕ бон куыд у равдисын? Фыццаджыдӕр, ахӕм стыр лӕвар нын чи ракодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы хуыздӕр базоныныл архай (Иоанны 17:3). Дарддӕр дӕр Библи ахуыр кӕн. Йегъовӕйы цас хуыздӕр зонай, уыйас ӕй уарзгӕ дӕр тынгдӕр кӕндзынӕ. Ӕмӕ йӕ куы уарзай, уӕд та дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай (1 Иоанны 5:3).
20 Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис. Чырысти йӕхӕдӕг загъта: «Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй» (Иоанны 3:36). Фӕлӕ Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый куыд ис царды ӕвдисӕн? Уымӕн ӕрмӕст ныхӕстӕ фаг не сты. Иаковы 2:26 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй «уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у». Ӕцӕг уырнындзинад бӕрӕг вӕййы «хъуыддӕгтӕй», ома, цы аразӕм, уымӕй. Чырыстийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый равдисдзыстӕм, ныхасӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддагӕй дӕр куы фӕзмӕм (Иоанны 13:15).
21, 22. а) Алы аз дӕр нӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕуын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Ацы чиныджы 6-ӕм ӕмӕ 7-ӕм сӕрты дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
21 Алы аз дӕр-иу Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацу. Н. э. 33 азы 14 нисаны изӕрӕй Йесо бындур ӕрӕвӕрдта ахсджиаг бӕрӕгбонӕн. Библийы хуыйны «Хицауы ӕхсӕвӕр» (1 Коринфӕгтӕм 11:20; Матфейы 26:26–28). Хонынц ма йӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр дӕр. Йесо ацы бӕрӕгбон цӕмӕн скодта? Цӕмӕй-иу йӕ апостолтӕ ӕмӕ йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ се ’ппӕт дӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой, ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта ӕмӕ нӕ афтӕмӕй тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Уыцы боны тыххӕй Йесо йӕхӕдӕг ныффӕдзӕхста: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19). Ӕрымысӕн изӕр нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Йегъовӕ ӕмӕ нӕм Йесо цы стыр уарзондзинад равдыстой, уый. Уӕдӕ-иу алы аз дӕр Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕ Чырыстийы мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм *.
22 Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй стырдӕр лӕвар нӕй (2 Коринфӕгтӕм 9:14, 15). Уыцы зынаргъ лӕвар стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрмӕст удӕгӕстӕн нӕ хӕссы, фӕлӕ ма, чи амард, уыдонӕн дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн ацы чиныджы 6-ӕм ӕмӕ 7-ӕм сӕрты.
^ 21 абз. Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй фылдӕр базонӕн ис Уӕлӕмхасӕнӕй, статьяйӕ «Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр – ацы ахсджиаг бон у Хуыцауы кадӕн».