Privacy Settings

To provide you with the best possible experience, we use cookies and similar technologies. Some cookies are necessary to make our website work and cannot be refused. You can accept or decline the use of additional cookies, which we use only to improve your experience. None of this data will ever be sold or used for marketing. To learn more, read the Global Policy on Use of Cookies and Similar Technologies. You can customize your settings at any time by going to Privacy Settings.

Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

Цы у «Стыр Вавилон»?

Цы у «Стыр Вавилон»?

РАРГОМАДЫ чиныджы бирӕ ис, комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм ныхӕстӕ (Раргомад 1:1). Зӕгъӕм, дзырд дзы цӕуы иу сылгоймаджы тыххӕй. Уыцы сылгоймагӕн йӕ ныхыл фыст ис йӕ ном, «Стыр Вавилон», зӕгъгӕ, ӕмӕ бады «дзыллӕтӕ» ӕмӕ «адӕмтыл» (Раргомад 17:1, 5, 15). Иу сылгоймаг ӕппӕт адӕмтыл ӕмӕ дзыллӕтыл бада, уымӕн гӕнӕн нӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Стыр Вавилон ӕцӕгӕй сылгоймаг нӕу. Уӕдӕ кӕй ӕвдисы уыцы сылгоймаг?

Уыцы сылгоймаг Раргомады 17:18 стихы ӕвдыст цӕуы, «зӕххон паддзӕхтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыцы стыр горӕты» хуызы. Дзырд «горӕт» амоны, иу хъуыддаджы лӕуд чи у, ахӕм адӕмы къордмӕ. Уыцы «стыр горӕтӕн» йӕ бар цӕуы «зӕххон паддзӕхтыл». Уымӕ гӕсгӕ, Стыр Вавилон чи хуыйны, уыцы сылгоймаг ӕвдисы, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр стыр тых кӕмӕн ис, ахӕм организаци. Уыцы организаци политикон кӕнӕ базарадон организаци нӕу, уый у динон организаци. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Раргомады чиныджы ӕндӕр рӕтты цы фыст ис, уымӕ.

Стыр Вавилон чи хуыйны, уыцы сылгоймаг политикӕмӕ нӕ амоны, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «йемӕ хӕтыдысты зӕххон паддзӕхтӕ», ома ацы дунейы бартӕ кӕй къухы сты, уыдон. Уыцы сылгоймаг кӕй хӕты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕххон хицӕуттимӕ баст у ӕмӕ семӕ алыхуызон хъуыддӕгты архайы. Библи йӕ «хӕтаг сылгоймаг» дӕр уый тыххӕй хоны (Раргомад 17:1, 2; Иаковы 4:4).

Стыр Вавилон базарадмӕ дӕр нӕ амоны. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, йе сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд ыл «зӕххон сӕудӕджертӕ», ома базарадимӕ баст чидӕриддӕр у, уыдон, кӕудзысты. Уыцы бон паддзӕхтӕ дӕр ӕмӕ сӕудӕджертӕ дӕр Стыр Вавилонмӕ «дардӕй» кӕсдзысты (Раргомад 18:3, 9, 10, 15–17). Ӕмӕ та уымӕ гӕсгӕ дӕр зӕгъӕн ис, Стыр Вавилон динон организаци кӕй у.

Стыр Вавилон динмӕ кӕй амоны, уымӕн ма ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй уый йӕ «хинтӕ-кӕлӕнтӕй» ӕппӕт адӕмты дӕр сайы (Раргомад 18:23). Хинтӕ-кӕлӕнтӕ иууылдӕр динимӕ ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Библи Стыр Вавилон хоны «хӕйрӕджыты цӕрӕнбынат» (Раргомад 18:2; Дыккаг закъон 18:10–12). Стӕй, Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Стыр Вавилон ӕдзух цӕуы раст дины ныхмӕ. Уый «пехуымпарты ӕмӕ сыгъдӕджыты» фӕдыл зилы (Раргомад 18:24). Стыр Вавилон раст динӕй йе сӕфт афтӕ тынг уыны, ӕмӕ «Йесойы ӕвдисӕнты» карзӕй ӕфхӕры, марынӕй дӕр сыл нӕ ауӕрды (Раргомад 17:6). Уӕдӕ, Стыр Вавилон чи хуыйны, уыцы сылгоймаг ӕвдисы, ӕнӕхъӕн дунейы Йегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уыцы динтӕ иууылдӕр.