44 РАДЗЫРД
Раав бамбӕхста сгарджыты
АЦЫ нӕлгоймӕгтӕ сты уӕззау уавӕры. Ацы тӕккӕ куы нӕ алидзой, уӕд сӕ амардзысты. Уыдон сты израилаг сгарджытӕ, цы сылгоймаг сын ӕххуыс кӕны, уый та у Раав. Раавӕн йӕ хӕдзар ис Иерихоны сахары фӕтӕн сисы мидӕг. Цӕй ӕмӕ базонӕм, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ахӕм бӕллӕхы цӕмӕн бахаудысты, уый.
Израилӕгтӕ цӕттӕ сты Иорданы цӕугӕдоныл Ханааны зӕхмӕ бацӕуынмӕ. Фӕлӕ уал уый размӕ Навины фырт Йесо уырдӕм арвыста дыууӕ сгарӕджы ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ фенут зӕхх дӕр ӕмӕ Иерихон дӕр».
Сгарджытӕ Иерихонмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕ ных сарӕзтой Раавы хӕдзармӕ. Фӕлӕ чидӕр фехъусын кодта Иерихоны паддзахӕн: «Абон изӕрӕй дыууӕ израиладжы ӕрбацыдысты нӕ зӕхх сгарӕг». Паддзах уый куы фехъуыста, уӕд йӕ адӕмӕй цалдӕры арвыста Раавмӕ ӕмӕ йын уыдон загътой: «Дӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ ис, уыдоны ракӕн!» «Цавӕрдӕр лӕгтӕ мӕм уыди, фӕлӕ кӕцӕй уыдысты, уый нӕ базыдтон,– загъта сын Раав, йӕхӕдӕг та сгарджыты уӕлхӕдзар бамбӕхста.– Куыддӕр ӕрталынг, афтӕ ацыдысты, цалынмӕ сахары кулдуӕрттӕ нӕ сӕхгӕдтой, уӕдмӕ. Ныртӕккӕ сӕ фӕдыл куы ацӕуат, уӕд ма сӕ баййафдзыстут!» Ӕмӕ паддзахы ӕрвыст лӕгтӕ дӕр сӕ фӕдыл ныййарц сты.
Куы ацыдысты, уӕд Раав тагъд-тагъд уӕлхӕдзармӕ схызт ӕмӕ сгарджытӕн дзуры: «Ӕз ӕй зонын, ацы зӕхх Иегъовӕ сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый. Мах фехъуыстам, Египетӕй куы рацыдыстут, уӕд Сырх денджыз куыд басур кодта, ӕмӕ сымах Сигон ӕмӕ Огы паддзӕхты куыд амардтат. Ӕз уын хорздзинад ракодтон, уӕ хорзӕхӕй, дзырд мын раттут, сымах дӕр мын ахӕм хорздзинад кӕй ракӕндзыстут. Мӕ фыд, мӕ мад, ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мын мӕ хоты удӕгас кӕй ныууадздзыстут».
Сгарджытӕ йын дзырд радтой, фӕлӕ Раавы дӕр цыдӕр хъӕуы саразын. «Айс ацы сырх бӕндӕн ӕмӕ йӕ дӕ рудзынгыл бабӕтт,– дзурынц ын сгарджытӕ,– ӕмӕ дӕ хиуӕтты, дӕ хӕстӕджыты иууылдӕр дӕ хӕдзары ӕрӕмбырд кӕн. Иерихон басӕттынмӕ куы ’рцӕуӕм ӕмӕ дӕ рудзынгыл бӕндӕн куы фенӕм, уӕд, дӕ хӕдзары чи уа, уыдонӕй никӕй амардзыстӕм». Сгарджытӕ Навины фырт Йесомӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ын радзырдтой ӕппӕт дӕр.