Мӕ библион радзырдты чиныг
Бакӕс, Библийӕ ист 116 радзырды. Сты ӕууӕнчы аккаг, ӕнцонӕмбарӕн, стӕй дзы ис рӕсугъд нывтӕ.
Разныхас
Ацы чиныджы фыст ис ӕцӕг хабӕрттӕ. Уыдон ист сты дунейы ӕппӕты зындгонддӕр чиныгӕй – Библийӕ. Зонгӕ нӕ кӕны адӕмы цардимӕ, Хуыцау дуне фӕлдисын куы райдыдта, уӕдӕй суанг абоны онг.
1 РАДЗЫРД
Хуыцау райдыдта фӕлдисын
Хуыцау алцыдӕр куыд сфӕлдыста, уыцы хабӕрттӕ Уӕвынады чыныджы афтӕ фыст сты, ӕмӕ суанг сывӕллӕттӕн дӕр сты ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ цымыдисаг.
2 РАДЗЫРД
Диссаджы цӕхӕрадон
Уӕвынады чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцау зӕххыл кӕй скодта диссаджы бынат – Едемы цӕхӕрадон. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр суыдаид афтӕ рӕсугъд.
3 РАДЗЫРД
Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг
Хуыцау сфӕлдыста Адам ӕмӕ Евӕйы ӕмӕ сӕ Едемы цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта. Уыдон уыдысты фыццаг лӕг ӕмӕ ус.
4 РАДЗЫРД
Сырд ӕрцыдысты сӕ хӕдзарӕй
Библийы Уӕвынады чыныгӕй базонӕн ис, Адам ӕмӕ Евӕ дзӕнӕтӕй ӕнӕхай куыд фесты.
5 РАДЗЫРД
Райдыдта зын цард
Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадонӕй тард куы ӕрцыдысты, уӕд сын фӕзынд бирӕ зындзинӕдтӕ. Хуыцаумӕ куы байхъуыстаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыдаиккой амондджын.
6 РАДЗЫРД
Хорз фырт ӕмӕ ӕвзӕр фырт
Уӕвынады чиныгӕй Каин ӕмӕ Авелы хабарӕй базонӕн ис, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уӕм ӕмӕ нӕ нӕ зондахасты цы хъӕуы фӕивын, цалынмӕ нӕ ӕвзӕр фӕстиуджытӕм не ’ркодта, уӕдмӕ.
7 РАДЗЫРД
Хъӕбатыр адӕймаг
Енох хъӕбатыр кӕй уыд, уымӕй бӕрӕг у, дӕуӕн дӕр дӕ бон кӕй у, раст цы у, уый аразын, дӕ алыварс адӕм се ’ппӕт дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы аразой, уӕддӕр.
8 РАДЗЫРД
Зӕххыл уӕйгуытӕ куыд фӕзынд
Уӕвынады 6 сӕры фыст ис, зӕххыл кӕй цард уӕйгуытӕ ӕмӕ адӕмы кӕй ӕфхӕрдтой. Уыцы уӕйгуытӕ, кӕнӕ нефилимтӕ, уыдысты, уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ чи ӕрцыд ӕмӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ чи скодта, уыцы ӕвзӕр зӕдты сывӕллӕттӕ.
9 РАДЗЫРД
Ной аразы нау
Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ доны хъаймӕты фервӕзтысты, уымӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕй уӕлдай Хуыцаумӕ байхъуыстой.
10 РАДЗЫРД
Ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕт
Ной адӕмы фӕдзӕхста, фӕлӕ йыл адӕм худтысты. Фӕлӕ къӕвда куы райдыдта, уӕд сӕм хорзау нал фӕкаст! Базон, Ной, йӕ бинонтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ, науы кӕй уыдысты, уый фӕрцы куыд фервӕзтысты.
12 РАДЗЫРД
Адӕм стыр мӕсыг амайынц
Уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ сӕ куыд бафхӕрдта, уый абон дӕр адӕм сӕхиуыл ӕвзарынц.
13 РАДЗЫРД
Авраам – Хуыцауы хӕлар
Авраам йӕ хорз хӕдзар цӕмӕн ныууагъта ӕмӕ йӕ цард цатырты цӕргӕйӕ цӕмӕн арвыста?
14 РАДЗЫРД
Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад
Хуыцау Авраамӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй йӕ фырты нывондӕн ӕрхастаид?
16 РАДЗЫРД
Исахъ ссардта хорз ус
Ревеккӕ хорз ус цӕмӕн уыди? Рӕсугъд кӕй уыди, уый тыххӕй ӕви ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй?
22 РАДЗЫРД
Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой
Закъон кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йӕ нӕ ныппӕрстой ахӕстоны, фӕлӕ раст цы у, уый кӕй арӕзта, уый тыххӕй.
23 РАДЗЫРД
Фараоны фынтӕ
Уыцы фынтӕ уыдысты авд хъуджы ӕмӕ авд ӕфсиры тыххӕй. Цымӕ сын иумӕйагӕй цы уыд?
24 РАДЗЫРД
Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты
Кӕцӕй йӕ хъуамӕ базона, цагъарӕй йӕ куы ауӕй кодтой, уӕдӕй нырмӕ фӕивтой ӕви нӕ?
26 РАДЗЫРД
Иов – Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг
Иов ӕнӕ исбонӕй баззад, йӕ цот амардысты ӕмӕ йыл ӕвзӕр низ бафтыд. Цымӕ уыцы зындзинӕдтӕ Хуыцауӕй уыдысты?
27 РАДЗЫРД
Египеты хицауиуӕг кӕны ӕвзӕр паддзах
Цымӕ ахӕм бардзырд цӕмӕн радта, цӕмӕй-иу алы ноггуырд дзуттаг лӕппуйы дӕр амардтаиккой?
Ноггуырд Моисей куыд фервӕзт
Кӕд фараон ахӕм бардзырд радта, цӕмӕй-иу алы ноггуырд дзуттаг лӕппуйы дӕр амардтаиккой, уӕддӕр Моисейы йӕ мад аирвӕзын кодта.
29 РАДЗЫРД
Моисей цӕмӕн алыгъди
Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ цӕттӕ у израилӕгты цагъарадӕй ссӕрибар кӕнынмӕ, фӕлӕ цӕттӕ нӕ уыд.
30 РАДЗЫРД
Судзгӕ къутӕр
Иегъовӕ Моисейӕн цалдӕр диссаджы равдыста ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кодта, израилӕгты Египетӕй ракӕныны рӕстӕг кӕй ӕрцыд.
31 РАДЗЫРД
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ
Цымӕ фараон Моисеймӕ цӕуылнӕ байхъуыста ӕмӕ израилӕгты цӕуылнӕ ауагъта?
32 РАДЗЫРД
Дӕс ӕфхӕрды
Хуыцау египетӕгтыл дӕс ӕфхӕрды ӕруагъта, уымӕн ӕмӕ сӕрбӕрзонд фараоны нӕ фӕндыд израилӕгты ауадзын.
33 РАДЗЫРД
Ахызтысты Сырх денджызыл
Моисей Сырх денджыз Хуыцауы тыхы фӕрцы адих кодта, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы сур быныл ахызтысты.
36 РАДЗЫРД
Сыгъзӕрин род
Адӕм, кӕй бадон кодтой, уыцы хъусцӕджытӕй конд сызгъӕрин родӕн цӕмӕн кувынц?
38 РАДЗЫРД
Дыууадӕс сгарӕджы
Дӕс сгарӕджы уыцы зӕххы тыххӕй иу цыдӕр дзырдтой, дыууӕйӕ та – ӕндӕр цыдӕр. Цымӕ израилӕгтӕ кӕуыл баууӕндыдысты?
39 РАДЗЫРД
Аароны лӕдзӕг дидин рафтыдта
Уымӕн гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ хус лӕдзӕгыл иу ӕхсӕвмӕ дидинджытӕ ӕмӕ дыргътӕ фӕзындаид?
43 РАДЗЫРД
Навины фырт Йесо сси раздзог
Моисей нырма фидар у, уӕдӕ йӕ бӕсты Йесо Навин цӕмӕн сси Израилы раздзог?
48 РАДЗЫРД
Зондджын гаваойнӕгтӕ
Уыдон Йесо Навины ӕмӕ израилӕгты асайдтой, цӕмӕй семӕ сабырдзинады бадзырд скодтаиккой. Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой.
49 РАДЗЫРД
Хур ӕрлӕууыд
Хуыцау Йесо Навинӕн сарӕзта, уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр чи никуыуал уыд, ахӕм цыдӕр.
50 РАДЗЫРД
Дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы
Варак израилаг ӕфсад тохмӕ фӕкӕны. Уӕдӕ уӕд кадджын та Иаилы цӕмӕн кӕнынц?
51 РАДЗЫРД
Руф ӕмӕ Ноемин
Руф йӕ хӕдзар ныууагъта, цӕмӕй Ноеминимӕ уыдаид ӕмӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кодтаид.
52 РАДЗЫРД
Гедеон ӕмӕ йӕ ӕртӕсӕдӕ хӕстоны
Гыццыл ӕфсады чи хъуамӕ уыдаид, уыцы хӕстонты Хуыцау равзӕрста, фӕлварӕн сын кӕй скодта, уый фӕрцы.
53 РАДЗЫРД
Иеффай дзырд радта
Иеффай Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ йӕ чызгыл дӕр бандӕвта.
55 РАДЗЫРД
Гыццыл лӕппу лӕггад кӕны Хуыцауӕн
Хуыцау гыццыл Самуилы уылты хистӕр сауджын Илийӕн йӕ тӕрхон фехъусын кодта.
56 РАДЗЫРД
Саул – Израилы фыццаг паддзах
Хуыцау Саулы фыццаг паддзахай равзӕрста, стӕй та йын уыцы бартӕ байста. Саулы цӕвиттон нын у зондзонӕн.
57 РАДЗЫРД
Хуыцау равзӕрста Давиды
Хуыцау Давидмӕ хорзӕй цы федта, кӕд пехуымпар Самуилӕн уый йӕ бон не сси фенын, уӕддӕр?
58 РАДЗЫРД
Давид ӕмӕ Голиаф
Давид Голиафы ныхмӕ куы рацыд, уӕд йӕ ныфс ӕрмӕст дурӕхсӕныл нӕ дардта. Уӕдӕ цымӕ цӕмӕй уыд ныфсджын?
59 РАДЗЫРД
Давиды лидзын цӕмӕн бахъуыд
Давид райдианы Саулы зӕрдӕмӕ фӕцыд, фӕлӕ йӕм стӕй хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавыд. Цӕмӕн?
60 РАДЗЫРД
Авигейӕ ӕмӕ Давид
Авигейӕ йӕ лӕджы схуыдта ӕдылы, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ цард рӕстӕгмӕ бахъахъхъӕдта.
61 РАДЗЫРД
Давид сси паддзах
Давид йӕ хъуыддӕгтӕй равдыста, уый аккаг кӕй у, цӕмӕй Израилы паддзах суа.
62 РАДЗЫРД
Давиды хӕдзарыл ӕрцыд стыр бӕллӕхтӕ
Давиды тӕригъӕды тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр бирӕ азты дӕргъы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой.
64 РАДЗЫРД
Соломон сарӕзта кувӕндон
Кӕд Соломон зондджын уыди, уӕддӕр иннӕты зондыл ацыд ӕмӕ сарӕзта ӕвзӕр ӕмӕ, зондыл дзурӕг чи нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ.
65 РАДЗЫРД
Паддзахад фӕдих
Иеровоам паддзах куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй адӕм Хуыцауы закъоны сӕрты хызтаиккой
66 РАДЗЫРД
Иезавел – цъаммар ус-паддзах
Уый никӕуыл ӕмӕ ницӕуыл бацауӕрддзӕн, цӕмӕй йӕ цы хъӕуы, уый йӕ къухы бафта.
67 РАДЗЫРД
Иосафат йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл
Тохмӕ чи цӕуы, уыцы ӕфсӕддонты разӕй, хӕцӕнгарз кӕмӕ нӕй, ахӕм зарӕггӕнджытӕ цӕмӕн фӕцӕуынц?
68 РАДЗЫРД
Дыууӕ лӕппуйы райгас сты
Уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй чи амард, уый ногӕй цӕра? Ахӕм хабар иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рцыд.
69 РАДЗЫРД
Гыццыл чызг стыр хицауӕн куыд баххуыс кодта
Гыццыл чызг Иегъовӕйы тыххӕй хъӕбатырӕй дзырдта, ӕмӕ уый фӕрцы Нееман диссаджы хуызы йӕ низӕй фервӕзт.
71 РАДЗЫРД
Хуыцау скӕндзӕн дзӕнӕт
Райдианы дзӕнӕт уыд иу гыццыл ран; фидӕны та дзӕнӕт уыдзӕн ӕгас зӕххыл.
73 РАДЗЫРД
Израилы фӕстаг хорз паддзах
Иоси нырма ӕрыгон уыд, афтӕмӕй сарӕзта, хъӕбатырдзинад кӕм хъуыд, ахӕм къахдзӕф.
74 РАДЗЫРД
Ныфсджын адӕймаг
Иереми ӕгӕр ӕрыгон уыд, цӕмӕй пехуымпарӕй лӕггад кодтаид, фӕлӕ Иегъовӕ зыдта, йӕ бон кӕй бауыдзӕн.
76 РАДЗЫРД
Иерусалим пырх ӕрцыд
Хуыцау цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Израилы знӕгтӕ, вавилойнӕгтӕ, Иерусалим ныппырх кодтаиккой?
80 РАДЗЫРД
Хуыцауы адӕм рацыдысты Вавилонӕй
Персы паддзах Кир Вавилон куы бацахста, уӕд сӕххӕст кодта иу пехуымпарад. Ацы хатт та сӕххӕст кӕндзӕн ӕндӕр пехуымпарад.
81 РАДЗЫРД
Сӕ ныфс дардтой Хуыцауыл
Израилӕгтӕ адӕмы закъӕтты сӕрты ахызтысты, цӕмӕй Хуыцаумӕ байхъуыстаиккой. Цымӕ сын Хуыцау раарфӕ кӕндзӕн?
82 РАДЗЫРД
Мардохей ӕмӕ Есфир
Кӕд паддзахы ус Астин рӕсугъд уыд, уӕддӕр цымӕ паддзах Артаксеркс Есфиры цӕмӕн ракуырдта?
83 РАДЗЫРД
Иерусалимы систӕ
Систӕ амайгӕйӕ кусджытӕ хъуамӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ цӕттӕйӕ дардтаиккой.
84 РАДЗЫРД
Зӕд фӕзынд Мариамӕ
Хуыцау зӕды Мариамӕ арвыста, цӕмӕй йын фехъусын кодтаид, тагъд ын сывӕллон кӕй райгуырдзӕн ӕмӕ уыцы сывӕллон кӕй уыдзӕн паддзах ӕнустӕм.
86 РАДЗЫРД
Лӕгтӕ цӕуынц стъалыйы фӕдыл
Стъалыдӕсныты Йесомӕ чи ӕрбакодта, уый куы базонай, уӕд, чи зоны, бадис кӕнай.
88 РАДЗЫРД
Иоанн Йесойы доны саргъуыдта
Аргъауӕг Иоанн донаргъуыд лӕвӕрдта тӕригъӕдджын адӕмӕн. Фӕлӕ Йесо тӕригъӕд никуы сарӕзта. Цымӕ йӕ уӕд Иоанн цӕмӕн саргъуыдта?
89 РАДЗЫРД
Йесо асыгъдӕг кодта кувӕндон
Йесойы уарзондзинад рабӕрӕг, ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн кӕй нӕ быхста, уымӕй.
90 РАДЗЫРД
Цъайы цур
Йесо цы доны кой кодта, уый самариаг сылгоймагӕн куыд баххуыс кодтаид, цӕмӕй макуыуал сдойны уыдаид?
92 РАДЗЫРД
Йесо ӕгас кӕны мӕрдты
Йесо дыууӕ хуымӕтӕг ныхасы загъта, ӕмӕ Хуыцауы тыхы фӕрцы чызг райгас.
93 РАДЗЫРД
Йесо бафсӕста бирӕ адӕмы
Йесо диссаджы хуызы цалдӕр мин адӕймаджы кӕй бафсӕста, уымӕй йӕ цы фӕндыд бамбарын кӕнын?
94 РАДЗЫРД
Йесо уарзы сабиты
Йесо йӕ апостолтӕн бамбарын кодта, сывӕллӕтты тыххӕй сӕ бон кӕй у бирӕ цыдӕртӕ базонын, стӕй ма сӕ бон кӕй у уыдонӕй ахуыр кӕнын дӕр.
95 РАДЗЫРД
Йесо адӕмы куыд ахуыр кӕны
Йесо хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй бӕрӕг у, арӕхдӕр-иу адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ цавӕр мадзалӕй пайда кодта, уый.
98 РАДЗЫРД
Елеоны хохыл
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цыппарӕн радзырдта, нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕуы, уый тыххӕй.
99 РАДЗЫРД
Уӕллаг уаты
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ цӕмӕн загъта, цӕмӕй-иу Хицауы ӕхсӕвӕр алы аз дӕр бӕрӕг кодтаиккой?
101 РАДЗЫРД
Йесойы мӕлӕт
Йӕ фарсмӕ цӕджындзыл цы фыдгӕнӕг уыд ауыгъд, уымӕн зӕрдӕ бавӕрдта, дзӕнӕты кӕй уыдзӕн.
102 РАДЗЫРД
Йесо райгас
Зӕд Йесойы зӕппадзӕй дур куы афӕлдӕхта, уӕд ӕфсӕддонтӕ, мидӕгӕй цы федтой, уый тыххӕй дисы бафтыдысты.
104 РАДЗЫРД
Йесо аздӕхт уӕларвмӕ
Цалынмӕ Йесо уӕларвмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта фӕстаг фӕдзӕхст.
105 РАДЗЫРД
Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Иерусалимы
Фӕндзайӕм бон Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд цӕмӕн ӕруагъта?
106 РАДЗЫРД
Ссӕрибар сты ахӕстонӕй
Дзуттаг дины разамонджытӕ апостолты ахӕстоны баппӕрстой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ зӕрды ӕндӕр цыдӕр уыд.
107 РАДЗЫРД
Стефаны дуртӕй марынц
Стефаны куы мардтой, уӕд цӕй тыххӕй куывта, уый дӕм, чи зоны, диссаг фӕкӕса.
108 РАДЗЫРД
Дамаскмӕ фӕндагыл
Дамаскмӕ цӕугӕйӕ Савлӕн йӕ алыварс ныррухс ӕмӕ уӕларвӕй хъӕлӕс фехъуыста. Уый фӕстӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивта.
110 РАДЗЫРД
Тимофей – Павелы ног ӕххуысгӕнӕг
Тимофей йӕ хӕдзар ныууагъта, цӕмӕй Павелимӕ балцы ацыдаид ӕмӕ хорз хабар хъусын кодтаид.
111 РАДЗЫРД
Лӕппу бафынӕй
Павелы фыццаг раныхасы рӕстӕг Евтих бафынӕй, фӕлӕ дыккаг раныхасы рӕстӕг та нӕ бафынӕй. Дыууӕ раныхасы ’хсӕн цы хабар ӕрцыд, уый ӕцӕгдӕр диссаг уыд.
114 РАДЗЫРД
Ӕвзӕрдзинад нал уыдзӕн
Иегъовӕ йе ’фсад, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй Армагеддоны хӕстмӕ цӕмӕн арвитдзӕн?
116 РАДЗЫРД
Цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы
Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй базонын фаг у? Кӕд нӕу, уӕд ма цы хъуамӕ аразӕм?
Фарстытӕ «Мӕ библион радзырдты чиныг» ахуыр кӕнынӕн
Стихтӕ ӕмӕ фарстытӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕндзысты алы радзырд дӕр хуыздӕр бамбарынӕн.