Разныхас 8 хаймӕ
Йегъовӕ Соломоны схайджын кодта стыр зондӕй ӕмӕ йӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йын кувӕндон сарӕзтаид. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Соломон Йегъовӕйы ныууагъта. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыдоны тыххӕй Соломон Хуыцауӕй куыд адард, уый. Израилы паддзахад дыууӕ хайыл адих, ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхты тыххӕй адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Уыцы рӕстӕджыты Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпартӕй бирӕтӕн сӕ фӕдыл зылдысты, кӕйдӕрты та дзы маргӕ дӕр акодтой. Ус-паддзах Йезавел дӕсмыггаг паддзахады цӕрджыты мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдта. Израилы тынг ӕвзӕр рӕстӕг скодта. Фӕлӕ ма уӕддӕр израилӕгты ’хсӕн уыди, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм адӕймӕгтӕ, зӕгъӕм, паддзах Иосафат ӕмӕ пехуымпар Илийа.
АЦЫ ХАЙЫ
44 СӔРГОНД
Йегъовӕйы кувӕндон
Хуыцау паддзах Соломоны куывд фехъуыста ӕмӕ йӕ стыр кады аккаг скодта.
49 СӔРГОНД
Хуыцау ӕвзӕр ус-паддзахы бафхӕрдта
Йезавел иу израилаг лӕджы, Навуфейы, марынвӕнд скодта, цӕмӕй йын йӕ сӕнӕфсирдон байстаид! Йегъовӕ Хуыцау ӕй ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта.
50 СӔРГОНД
Йегъовӕ Иосафаты йе знӕгтӕй фервӕзын кодта
Иосафат уыд хорз паддзах. Знӕгтӕ Иудӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Иосафат Хуыцауӕй ӕххуыс ракуырдта.