36 СӔРГОНД
Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта
Израилӕгтӕ та ногӕй Йегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ та райдыдтой мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. Аммоны цӕрджытӕ сӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд сын уыцы мӕнгхуыцӕуттӕ нӕ баххуыс кодтой. Бирӕ азты дӕргъы израилӕгты се знӕгтӕ хъизӕмарӕй мардтой. Ӕппынфӕстаг Йегъовӕйӕн загътой: «Мах тӕригъӕд ракодтам. Дӕ хорзӕхӕй, не знӕгтӕй нӕ фервӕзын кӕн». Израилӕгтӕ сӕ къухӕйконд хуыцӕутты ныппырх кодтой ӕмӕ та Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой. Йегъовӕ сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй сӕ се знӕгтӕй фервӕзын кодтаид.
Израилӕгтӕ аммонӕгтимӕ куы схӕцыдысты, уӕд се ’фсады хистӕрӕй равзӕрстой иу хӕстон лӕджы, Йеффайы. Уый Йегъовӕйӕн загъта: «Дзырд дын дӕттын: ацы тохы куы фӕуӕлахиз уӕм, уӕд дын ратдзынӕн, мӕ хӕдзарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа,
уый». Йегъовӕ Йеффайы куывд фехъуыста ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы тохы фӕуӕлахиз уыдаид.Йеффай йӕ хӕдзармӕ куы ’рыздӕхт, уӕд йӕ размӕ далайӕ цӕгъдгӕ ӕмӕ кафгӕ рацыд йӕ чызг, йӕ иунӕг хъӕбул. Цымӕ Йеффай куыд бакодта? Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый дзы нӕ ферох, ӕмӕ йӕ чызгӕн загъта: «Дӕдӕй мӕ чызг! Мӕ зӕрдӕ мын фӕриссын кодтай! Йегъовӕйӕн дзырд радтон. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй сӕххӕст кӕнон, уый тыххӕй дӕ хъуамӕ Силоммӕ арвитон, цӕмӕй уым Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнай». Фӕлӕ йын йӕ чызг загъта: «Мӕ фыд, кӕд Йегъовӕйӕн дзырд радтай, уӕд ӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕнай. Ӕрмӕст дӕ иу цыдӕр курын: ме ’мбал чызджытимӕ мӕ хӕхтӕм дыууӕ мӕймӕ ауадз. Стӕй Силоммӕ ацӕудзынӕн». Йеффайы чызг цӕрӕнбонты Йегъовӕйы цатыры иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта. Алы аз дӕр-иу ӕм йе ’мбӕлттӕ Силоммӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй-иу ӕй абӕрӕг кодтаиккой.
«Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы... мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый... мӕн аккаг нӕу» (Матфейы 10:37)