Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 СӔР

Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суай

Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суай

1, 2. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕй иуӕй-иутӕ чи уыдысты?

ДӔХИЦӔН ӕмбалӕн кӕй равзарис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ ис, хӕларзӕрдӕ чи у ӕмӕ уӕ кӕрӕдзи хорз кӕимӕ ӕмбарут, ахӕм адӕймаджы.

2 Йегъовӕ Хуыцау дӕр адӕмӕй кӕйдӕрты йӕхицӕн хӕларӕн равзары. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕй иу уыд Авраам (Исай 41:8; Иаковы 2:23). Йегъовӕ ма уарзта Давиды дӕр. Уый загъта, йӕ «зӕрдӕйӕн адджын» адӕймаг кӕй у (Хъуыддӕгтӕ 13:22). Стӕй пехуымпар Данел дӕр Йегъовӕйӕн «тынг зынаргъ» уыд (Данел 9:23).

3. Авраам, Давид ӕмӕ Данел Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ куыд систы?

3 Авраам, Давид ӕмӕ Данел Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ куыд систы? Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Мӕ ныхасмӕ мын... байхъуыстай» (Райдиан 22:18). Йегъовӕ свӕййы, сӕрныллӕг чи у ӕмӕ йӕ коммӕ чи фӕкӕсы, ахӕм адӕймаджы хӕлар. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмыхатт дӕр суой йӕ хӕлӕрттӕ. Йегъовӕ Израилы адӕмӕн загъта: «Хъусут мӕм, ӕмӕ ӕз суыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та суыдзыстут мӕ адӕм» (Йереми 7:23). Уӕдӕ дӕ кӕд ӕцӕгдӕр фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар суай, уӕд ӕм хъуамӕ хъусай ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсай.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ХӔЛӔРТТЫ ХЪАХЪХЪӔНЫ

4, 5. Йегъовӕ йӕ хӕлӕртты куыд хъахъхъӕны?

4 Ис нын тыхджын знаг, ӕмӕ уый нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм. Йегъовӕ та зӕгъы, кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 55:22.) Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй агуры фадӕттӕ, цӕмӕй, «йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Азфыстыты 16:9). Псаломы 32:8 стихы Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн».

5 Мах стӕм Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Суанг ыл зын уавӕрты дӕр иузӕрдионӕй баззайӕм. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у Давидау Йегъовӕйы тыххӕй фидарӕй зӕгъын: «Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс» (Псалом 16:8; 63:8).

ХӔЙРӔГ ФӔКОДТА МӔНГ НЫХӔСТӔ

6. Хӕйрӕг адӕмы тыххӕй цы загъта?

6 11-ӕм сӕрӕй базыдтам, Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта. Уый йӕ фӕаххосджын кодта, сайгӕ, дам, кӕны, стӕй, дам, хъуамӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн бар раттаид, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Иовы чиныгӕй та нӕ бон у базонын, Хӕйрӕг ма мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыцы адӕмӕй дӕр. Хӕйрӕг афтӕ зӕгъы, ӕмӕ адӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, сӕхи пайдайыл кӕй хъуыды кӕнынц, уый тыххӕй, кӕй йӕ уарзынц, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Суанг ма афтӕ дӕр загъта, йӕ бон кӕй у кӕйфӕнды дӕр Хуыцауы ныхмӕ скӕнын. Цымӕ Иовы хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕ йӕ куыд хъахъхъӕдта? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм.

7, 8. а) Йегъовӕйы цӕсты Иов цавӕр адӕймаг уыд? б) Хӕйрӕг Иовы тыххӕй цы загъта?

7 Иов цард иу-3 600 азы размӕ. Уый уыд хорз адӕймаг. Йегъовӕ загъта, уыцы рӕстӕг зӕххыл уый хуызӕн адӕймаг кӕй нӕ уыд. Иов Хуыцауы тынг нымадта ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йе сӕфт уыдта (Иов 1:8). Иов уыд Йегъовӕйы ӕцӕг хӕлар.

8 Фӕлӕ Хӕйрӕг загъта, Иов, дам, Хуыцауӕн лӕггад кӕны, уый йын пайда кӕй у, уый тыххӕй. Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн загъта: «Алырдыгӕй дӕр ӕй ды нӕ хъахъхъӕныс, йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон? Ды йын йӕ къухты фыдӕбонӕн раарфӕ кодтай, ӕмӕ йӕ фос зӕххыл нал цӕуынц. Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 1:10, 11).

9. Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн бар цӕмӕн радта?

9 Уымӕй уӕлдай ма Хӕйрӕг загъта, йӕ бон кӕй у афтӕ бакӕнын, ӕмӕ Иов Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзӕн. Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ Хӕйрӕгӕн бар радта, цӕмӕй Иовы бафӕлвӕрдтаид. Афтӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, Иов Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр уарзта ӕви нӕ.

ХӔЙРӔГ ИОВЫ ФӔЛВАРЫ

10. Хӕйрӕг Иовы куыд фӕлвӕрдта ӕмӕ уыцы уавӕры Иов куыд бакодта?

10 Фыццаг уал Хӕйрӕг бавнӕлдта Иовы фосмӕ. Афтӕ бакодта, ӕмӕ дзы иуты давгӕ акодтой, иннӕтӕ та ныццагъдысты. Уый фӕстӕ йын йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕры ныццагъта. Иов ӕнӕ ницӕмӕй баззад. Фӕстагмӕ Хӕйрӕг тыхджын дымгӕ сыстын кодта, ӕмӕ Иовӕн йӕ дӕс сывӕллоны фӕмард сты. Фӕлӕ уӕддӕр Иов Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. «Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауӕй ӕвзӕр ницы загъта» (Иов 1:12–19, 22).

Йегъовӕ Иовӕн раарфӕ кодта, Иов ыл ӕнувыд кӕй уыд, уый тыххӕй

11. а) Хӕйрӕг ма Иовӕн ноджыдӕр цы бавзарын кодта? б) Иов куыд бакодта?

11 Фӕлӕ Хӕйрӕг уӕддӕр нӕ саст ӕмӕ та Хуыцауӕн загъта: «Дӕ къух-ма сис ӕмӕ йын йе стӕг ӕмӕ йӕ буармӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид». Ӕмӕ Хӕйрӕг Иовыл удхайраг низ бафтыдта (Иов 2:5, 7). Фӕлӕ та ацы хатт дӕр Иов Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Уый загъта: «Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5).

12. Иовы хабарӕй куыд рабӕрӕг, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта, уый?

12 Иов Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй ӕмӕ, ахӕм маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ цӕмӕн бавзӕрста, уый тыххӕй ницы зыдта. Уый афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын ӕппӕт уыдӕттӕ Хуыцау ӕвзарын кӕны (Иов 6:4; 16:11–14). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Ныр афтӕ ничиуал загътаид, ӕмӕ Иов ӕрмӕстдӕр йӕхи уды мӕт кӕны. Иов Хуыцауы ӕцӕгдӕр уарзта, ӕмӕ йӕ хӕлар уый тыххӕй уыд. Хӕйрӕджы ныхӕстӕ иууылдӕр мӕнг разындысты!

13. Иов Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй цавӕр хорзӕхӕй схайджын?

13 Иов нӕ зыдта, Хӕйрӕг уӕлӕрвты Хуыцауӕн цы загъта, уый. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауыл уыд иузӕрдион, ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта. Йегъовӕ Иовӕн раарфӕ кодта, Иов ыл ӕнувыд кӕй уыд, уый тыххӕй (Иов 42:12–17).

ХӔЙРӔГ ДӔ КОЙ ДӔР КӔНЫ

14, 15. Хӕйрӕг ӕппӕт адӕмӕй дӕр цы дзуры?

14 Абон Хӕйрӕг махӕй дӕр дзуры, Йегъовӕйӕн уый тыххӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нӕхи пайдайыл хъуыды кӕнӕм. Иовы 2:4 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хӕйрӕг загъта: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн». Уӕдӕ бӕрӕг у, Хӕйрӕг ӕрмӕст Иовы кой кӕй нӕ кодта, фӕлӕ ӕппӕт адӕмы кой дӕр. Иовы мӕлӕтӕй сӕдӕ азтӕ куы рацыд, уӕд дӕр ма Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн фидистӕ кодта ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджытӕм фаутӕ хаста. Уый нӕ бон у базонын, Ӕмбисӕндты 27:11 стихы Йегъовӕ цы загъта, уымӕй: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын».

15 Дӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсдзынӕ ӕмӕ йӕ хӕлар кӕй суыдзынӕ. Афтӕмӕй сбӕлвырд кӕндзынӕ, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты. Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар суай, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, дӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын бахъӕудзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ! Ӕмӕ уыцы уынаффӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Хӕйрӕг дӕуӕй дӕр зӕгъы, зӕгъгӕ, зын уавӕрты куы бахауай, уӕд Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ сивдзынӕ. Уый архайы, цӕмӕй нӕ фӕсайа ӕмӕ нӕ бахъыгдара Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Цымӕ нӕ куыд сайы?

16. а) Хӕйрӕг цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын къуылымпы кӕна? б) Хӕйрӕг куыд архайдзӕн, цӕмӕй дӕ бахъыгдара Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын?

16 Хӕйрӕг пайда кӕны алыхуызон мадзӕлттӕй. Зӕгъӕм, адӕймагыл йӕхи ныццӕвы «богътӕгӕнаг домбайау», цӕмӕй йӕ «аныхъуыра» (1 Петры 5:8). Уымӕ гӕсгӕ-иу дӕм диссаг ма фӕкӕсӕд, исчи дӕ куы хъыгдара Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ, раст цы у, уый аразын, зӕгъӕм, де ’мбӕлттӕ, дӕ бинонтӕ кӕнӕ ӕндӕр исчи. Афтӕ куы вӕййы, уӕд, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ сӕ Хӕйрӕг ардауы * (Иоанны 15:19, 20). Уымӕй уӕлдай, Хӕйрӕг йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма «рухсы зӕд» у. Уый хинӕй архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы ахуырӕдтыл нӕ, фӕлӕ уый ахуырӕдтыл баууӕндӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ мауал кӕсӕм (2 Коринфӕгтӕм 11:14). Ноджыдӕр ма иу мадзалӕй пайда кӕны: ахӕм хъуыдытыл нӕ бафтауы, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕныны аккаг не стӕм (Ӕмбисӕндтӕ 24:10).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔДЗӔХСТЫТӔ ӔХХӔСТ КӔН

17. Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн кӕсӕм?

17 Йегъовӕйы коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд уый фӕрцы рабӕрӕг вӕййы, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм? Библийы фыст ис: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Дыккаг закъон 6:5). Мах Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй. Йегъовӕйы тынг куы бауарзӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цыдӕриддӕр нын дзуры, уый аразын. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3).

18, 19. а) Йегъовӕ ӕвзӕрыл кӕй нымайы, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты? б) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ нын, нӕ бон цы нӕу, уый кӕй никуы фӕаразын кӕны?

18 Кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ Йегъовӕ ӕвзӕрыл нымайы. Уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй бакӕсӕн ис рамкӕйы « Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй де сӕфт уын». Уыцы хъуыддӕгтӕй дӕм кӕцыдӕртӕ, чи зоны, афтӕ ӕвзӕр ма фӕкӕсой. Фӕлӕ рамкӕйы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдон куы бакӕсай ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай, уӕд бамбардзынӕ, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын раст кӕй у. Чи зоны дӕ хъӕуы дӕ царды цыдӕртӕ аивын дӕр, ӕмӕ дын, гӕнӕн ис, уый ӕнцон ма уа. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы ивындзинӕдтӕ куы скӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕйы уыдзӕн, Йегъовӕйы ӕнувыд хӕлӕртты зӕрдӕйы чи ис, ахӕм фарн ӕмӕ циндзинад (Исай 48:17, 18). Фӕлӕ фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон у ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕнын?

19 Йегъовӕ нын, нӕ бон цы нӕу, уый никуы фӕаразын кӕны (Дыккаг закъон 30:11–14). Йегъовӕ у ӕцӕг Хӕлар, ӕмӕ нӕ уый нӕхицӕй хуыздӕр зоны. Зоны, хорзӕй нӕм цы ис, уый дӕр ӕмӕ нӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр (Псалом 103:14). Апостол Павелы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц: «Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Уымӕ гӕсгӕ мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын алкӕддӕр тых кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй, раст цы у, уый аразӕм. Уый дӕ схайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй-иу зын уавӕрты фидар фӕлӕууай (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, уый Павел йӕхицӕй зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13).

ЙЕГЪОВӔ ЦЫ УАРЗЫ, УЫЙ БАУАРЗ

20. Цавӕр миниуджытӕ дӕм хъуамӕ уа ӕмӕ цӕмӕн?

20 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уӕд хъуамӕ мауал аразӕм, ӕвзӕрыл цы нымайы, уыдӕттӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу (Ромӕгтӕм 12:9). Хуыцауы хӕлӕрттӕ хъуамӕ уарзой, Хуыцау цы уарзы, уый. Йӕ хӕлӕрттӕ цавӕр хъуамӕ уой, уый фыст ис Псаломы 15:1–5. (Бакӕс сӕ.) Уыдон архайынц Йегъовӕйы фӕзмыныл, ӕмӕ сӕм фӕзыны, уымӕ чи ис, уыцы миниуджытӕ, зӕгъӕм, «уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын» (Галатӕгтӕм 5:22, 23).

21. Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытӕ дӕм цӕй фӕрцы фӕзындзысты?

21 Уыцы хорз миниуджытӕ дӕм фӕзындзысты, Йегъовӕ цы уарзы, уый куы бауарзай, уӕд. Уый тыххӕй та хъуамӕ ӕдзух Библи кӕсай ӕмӕ йӕ иртасай (Исай 30:20, 21). Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарздзынӕ. Ӕмӕ йӕ цас тынгдӕр уарзай, уыйас дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн йӕ коммӕ кӕсын.

22. Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсай, уӕд дын цы бантысдзӕн?

22 Адӕймаг йӕ царды цыдӕртӕ куы фӕивы, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма йӕ зӕронд дзаумӕттӕ раласта ӕмӕ йӕ уӕлӕ ног дзаумӕттӕ скодта. Библи зӕгъы, дӕ «зӕронд удыхъӕд» кӕй хъуамӕ раласай ӕмӕ дӕ уӕлӕ «ног» удыхъӕд кӕй хъуамӕ скӕнай (Колоссӕгтӕм 3:9, 10, фиппаинӕгтӕ). Уый, чи зоны, ӕнцон ма уа. Фӕлӕ уӕддӕр куы ивай ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсай, уӕд дын ратдзӕн стыр хӕрзиуӕг (Псалом 19:11). Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсай, уӕд уый фӕрцы рабӕрӕг уыдзӕн, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн, фидӕны дӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзыс, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд суыдзынӕ Хуыцауы ӕцӕг хӕлар!

^ 16 абз. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ Библи ахуыр кӕнын чи хъыгдары, уыдоны Хӕйрӕг йӕхӕдӕг ардауы. Фӕлӕ Хӕйрӕг у «ацы цардӕвӕрды хуыцау», ӕмӕ «ӕгас дуне... ис [йӕ] къухы». Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, иуӕй-иутӕ нӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕхъыгдарынц, уый (2 Коринфӕгтӕм 4:4; 1 Иоанны 5:19).