Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 СӔР

Хуыцауы тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм?

Хуыцауы тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм?

1, 2. Адӕммӕ арӕх цавӕр фарстатӕ фӕзыны?

СЫВӔЛЛӔТТӔ фӕдӕттынц бирӕ фарстатӕ. Зӕгъӕм, цыдӕр сын куы ’мбарын кӕнай, уӕд дӕ бафӕрсдзысты: «Цӕмӕн?» Ӕмӕ сын дзуапп куы раттай, уӕд та дӕ ногӕй бафӕрсдзысты: «Ӕмӕ цӕмӕн?»

2 Фарстатӕ алкӕмӕ дӕр фӕзыны, уӕлдай нӕу, гыццылтӕ стӕм ӕви стыртӕ. Хатт искӕй афӕрсӕм, кӕдӕмдӕр куыд цӕуын хъӕуы кӕнӕ рӕстӕг цас у, уымӕй. Кӕнӕ фӕхъуыды кӕнӕм, адӕм афтӕ цӕмӕн тухӕн кӕнынц ӕмӕ нӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Фӕлӕ бирӕтӕ ацы фарстатӕн бӕлвырд дзуаппытӕ куы не ссарынц, уӕд сын дзуапп ӕппындӕр нал фӕагурынц.

3. Бирӕтӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ сӕм царды тыххӕй цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн дзуаппытӕ ссарӕн нӕй?

3 Цымӕ, царды тыххӕй нӕм цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн ис дзуаппытӕ ссарӕн? Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ис, фӕлӕ сӕ кӕм агурой, уый нӕ зонынц. Чидӕртӕ зӕгъынц, дзуаппытӕ сын Библийы кӕй ис ссарӕн, фӕлӕ, дам, зынӕмбарӕн чиныг у. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ сын ӕрмӕстдӕр сауджынтӕ ӕмӕ, динты ахуырӕдтӕ чи иртасы, уыдон зонынц дзуапп. Кӕмӕдӕр та худинаг фӕкӕсы, дзуапп сын кӕй нӕ зоны, ууыл басӕттын.

4, 5. Ды цавӕр фарстатыл фӕхъуыды кӕныс? Дарддӕр дӕр сын дзуапп цӕмӕн хъуамӕ агурай?

4 Чи зоны дӕ фӕнды ахӕм фарстатӕн дзуапп базонын: адӕймаг цӕмӕн цӕры? Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы? Цымӕ Хуыцау ӕцӕгдӕр ис? Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц? Зындгонд Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты» (Матфейы 7:7). Цалынмӕ, баууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм дзуаппытӕ не ссарай, уӕдмӕ дӕ къухтӕ ма ’руадз.

5 Дӕ фарстатӕн дзуаппытӕ дарддӕр дӕр куы агурай, уӕд сӕ ӕнӕмӕнг ссардзынӕ. Уыдон сты Библийы (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5). Уыцы дзуаппытӕ зын бамбарӕн не сты. Ӕмӕ цы базонай, уый фӕрцы ныр дӕр амондджындӕр уыдзынӕ, стӕй дын фӕзындзӕн ныфс диссаджы фидӕнӕй. Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, бирӕтӕ кӕуыл фӕхъуыды кӕнынц, иу ахӕм фарстайыл.

ХУЫЦАУ НЫЛ ТЫХСЫ?

6. Иуӕй-иутӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕмы зындзинӕдтӕ Хуыцаумӕ нымады дӕр не сты?

6 Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы нӕ мӕт ӕппындӕр нӕй. Цымӕ цӕмӕн? Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауы куы хъӕуиккам, уӕд, дам, зӕххыл цард ӕндӕрхуызон уаид. Алы рӕтты цӕуы хӕстытӕ, адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц, стӕй тухӕн кӕнынц, рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Кӕд ныл Хуыцау ӕцӕгдӕр тыхсы, уӕд адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?»

7. а) Адӕм Хуыцауы ӕгъатыр хонын цӕмӕн райдайынц? б) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ Хуыцауы аххосӕй нӕ цӕуынц?

7 Иуӕй-иу хатт дины разамонджыты аххосӕй адӕм хъуыды кӕнын райдайынц, Хуыцау ӕгъатыр кӕй у. Исты ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуы, уӕд фӕзӕгъынц, Хуыцауы, дам, афтӕ фӕндыд. Ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Хуыцауы аххос фӕкӕнынц. Фӕлӕ Библийы фыст ис, ӕвзӕр хабӕрттӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй никуы ’рцӕуынц. Иовы 34:12 стихы фыст ис: «Хуыцау фыдхъуыддӕгтӕ нӕ аразы». Уӕдӕ кӕд Хуыцау зоны, цы ’взӕр хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй, уӕддӕр йӕ фӕндӕй никуы ’рцӕуынц. Уый нӕ фыддзинадӕй нӕ фӕлвары. (Бакӕс Иаковы 1:13.)

8, 9. Зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый Хуыцауы аххос кӕнын раст цӕуылнӕ уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Сывӕллон чи нал у, ахӕм лӕппу цӕры йӕ ныййарджытимӕ. Йӕ фыд ӕй тынг уарзы ӕмӕ йӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кодта раст уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ иу бон фырт йӕ фыды ныхмӕ рацыд ӕмӕ хӕдзарӕй ацыд. Алы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыд ӕмӕ ӕппынфӕстаг фыдбылызы бахауд. Цымӕ фыды фӕаххосджын кӕнис, йӕ фырты куы баурӕдтаид ӕмӕ йӕ хӕдзарӕй куы нӕ ауагътаид, уӕд ыл ахӕм хабар не ’рцыдаид, зӕгъгӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ (Лукайы 15:11–13). Афтӕ адӕм дӕр Хуыцауы ныхмӕ куы рацӕуынц ӕмӕ сӕ куы бафӕнды ӕвзӕр фӕндагыл ацӕуын, уӕд сӕ Хуыцау нӕ бауромы. Уӕдӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, ӕвзӕрӕй цы ’рцӕуы, уый Хуыцауы фӕндӕй кӕй не ’рцӕуы. Ӕмӕ, зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый Хуыцауы аххос кӕнын раст нӕ уыдзӕн.

9 Хуыцау нырма ӕвзӕр хабӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уымӕн ис бӕлвырд аххосаг. Ацы фарста Библи куыд ӕмбарын кӕны, уый базондзынӕ 11-ӕм сӕрӕй. Фӕлӕ йӕ зон: Хуыцау нӕ тынг уарзы ӕмӕ нӕ зындзинӕдты аххосджын никуы вӕййы. Уый фӕнды, цӕмӕй нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕна, ӕмӕ уыцы хъуыддаг уый йеддӕмӕ ничи сараздзӕн (Исай 33:2).

10. Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Хуыцау фыддзинадӕй фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн?

10 Хуыцау у сыгъдӕг Хуыцау (Исай 6:3). Ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр иууылдӕр сты раст ӕмӕ ӕнӕфау. Уымӕ гӕсгӕ йыл ис ӕууӕндӕн. Хуыцау адӕмы хуызӕн нӕу. Уыдон арӕх фӕаразынц, ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ, алкӕддӕр рӕстӕй чи архайы, суанг ахӕм хицауӕн дӕр йӕ бон нӕу адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕнын. Хуыцаумӕ цы тых ис, ахӕм тых никӕмӕ ис. Уымӕн йӕ бон у, ӕмӕ, адӕм цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр мауал ныууадза, ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны. Хуыцау фыддзинад ӕнустӕм фесафдзӕн ӕмӕ дзы фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. (Бакӕс Псалом 37:9–11.)

ХУЫЦАУ АДӔМЫ ЗЫНДЗИНӔДТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

11. Зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарыс, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы?

11 Зӕххыл цы бӕллӕхтӕ цӕуы ӕмӕ ды цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уыдонмӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау «уарзы рӕстдзинад» (Псалом 37:28). Хорз ӕмӕ раст хъуыддӕгтӕ куы фӕуыны, уӕд ын уый ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ йын хӕрам ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм кӕсын та зын вӕййы. Тынг зын ын вӕййы, адӕм куыд удхар кӕнынц, уымӕ кӕсын. Раджы заманты куы федта, зӕхх фыддзинадӕй кӕй байдзаг, уӕд «йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Райдиан 6:5, 6). Ӕмӕ Хуыцау нӕ ивы (Малахи 3:6). Библийы фыст ис, Хуыцау дыл тынг кӕй тыхсы. (Бакӕс 1 Петры 5:7.)

Библи зӕгъы, Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста Дун-дуне. Йӕ уарзондзинад зыны алкӕмдӕр

12, 13. а) Нӕ бон цӕмӕн у иннӕты уарзын ӕмӕ, ӕгас зӕххыл дӕр адӕм тухӕнӕй кӕй мӕлынц, уымӕ цы цӕстӕй кӕсӕм? б) Хуыцау зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

12 Библийы ма фыст ис, Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста (Райдиан 1:26). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ схайджын кодта, йӕхимӕ цы хорз миниуджытӕ ис, уыдонӕй. Зӕгъӕм, Библи зӕгъы: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Хуыцау цыдӕриддӕр аразы, уый аразы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы миниуӕг Хуыцаумӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ уыцы миниуӕг махмӕ дӕр ис. Уӕдӕ кӕд дӕуӕн зын вӕййы, ӕнаххос адӕм тухӕнӕй куыд мӕлынц, уымӕ кӕсын, уӕд Хуыцауӕн та уый ноджы зындӕр вӕййы!

13 Ахъуыды-ма кӕн: ахӕм тых дӕм куы уаид, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕнай, уӕд афтӕ нӕ бакӕнис? Бӕгуыдӕр, уымӕн ӕмӕ адӕмы уарзыс. Хуыцауӕй та цы зӕгъӕн ис? Уымӕ ис ахӕм тых. Стӕй нӕ уарзгӕ кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн. Ацы чиныджы райдианы базыдтам, Хуыцау нын зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, йӕ алы ныхас дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл! Фӕлӕ дӕ цӕмӕй уый фидарӕй уырна, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы хуыздӕр базонай.

ХУЫЦАУЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙӔ БАЗОНАЙ

Куы дӕ фӕфӕнды, цӕмӕй кӕимӕдӕр балымӕн уай, уӕд ын фӕзӕгъыс дӕ ном. Хуыцау та нын йӕ ном загъта Библийы

14. Хуыцауӕн йӕ ном куыд у ӕмӕ йӕ йӕ номӕй цӕмӕн хъуамӕ хонӕм?

14 Куы дӕ фӕфӕнды, цӕмӕй кӕимӕдӕр базонгӕ уай ӕмӕ балымӕн уат, уӕд ын фыццаг цы фӕзӕгъыс? Дӕ ном. Цымӕ Хуыцауӕн та ном ис? Бирӕ динтӕ амонынц, йӕ ном кӕй у Хуыцау кӕнӕ Хицау, фӕлӕ уыдон нӕмттӕ не сты. Уыцы дзырдтӕ амонынц, цы бынат ахсы, уымӕ, зӕгъӕм, дзырдтӕ «паддзах» кӕнӕ «президент» бынатмӕ куыд амонынц, афтӕ. Хуыцау нын зӕгъы, йӕ ном кӕй у Йегъовӕ. Псаломы 83:18 стихы фыст ис: «Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Библи чи фыста, уыдон ын йӕ ном Библийы ныффыстой 7 000 хаттӕй фылдӕр. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонай ӕмӕ йӕ йӕ номӕй хонай. Йӕ ном дын уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар суай.

15. Хуыцауы ном «Йегъовӕ» цы нысан кӕны?

15 Хуыцауы номӕн ис арф хъуыды. Йӕ ном «Йегъовӕ» нысан кӕны, йӕ бон кӕй у, зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕры, уый саразын, стӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын. Ничи ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн. Уӕдӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у уыцы номы аккаг *.

16, 17. Цӕуыл дзурӕг у, Йегъовӕ кӕй у: а) Ӕппӕтхъомысджын? б) ӕнусты Паддзах? в) Сфӕлдисӕг?

16 Гыццыл раздӕр бакастыстӕм, Йегъовӕйы тыххӕй Псаломы 83:18 стихы афтӕ фыст кӕй ис: «Ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау». Раргомады 15:3 стихы та кӕсӕм: «Стыр ӕмӕ диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты дӕ фӕндӕгтӕ, ӕнусты Паддзах!». Куыд ӕмбарын хъӕуы, Йегъовӕ «Ӕппӕтхъомысджын» кӕй у, уый? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Дун-дунейы уымӕй тыхджындӕр нӕй. «Ӕнусты Паддзах» та дзурӕг у, алкӕддӕр кӕй уыди, ууыл. Псаломы 90:2 стихы фыст ис, Хуыцау кӕй ис «ӕнусӕй-ӕнусмӕ». Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у!

17 Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у Сфӕлдисӕг. Раргомады 4:11 стихы фыст ис: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд». Йегъовӕ сфӕлдыста алцыдӕр: уӕларвон зӕдтӕй райдай ӕмӕ фӕу стъалытӕй, дыргътӕй ӕмӕ цӕрӕгойтӕй!

УЫЙ ГӔНӔН ИС, ӔМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ ХӔЛАР СУАЙ?

18. Иуӕй-иутӕ афтӕ цӕмӕн фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ никуы суыдзысты? Библи уый тыххӕй цы зӕгъы?

18 Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй куы фӕкӕсынц, уӕд сӕ тас бацӕуы, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Хуыцау махӕй афтӕ дард у, стӕй ахӕм тыхджын у ӕмӕ ахӕм бӕрзонд бынаты бады, ӕмӕ йӕ ӕз цӕмӕн хъӕуын?» Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уай, ӕмӕ дын зӕгъы, уый дӕр дӕм кӕй ӕрбаввахс уыдзӕн (Иаковы 4:8).

19. а) Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы суыдзынӕ? б) Йегъовӕйы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы цӕуы?

19 Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы суыдзынӕ? Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Дарддӕр куы архайай Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй фылдӕр базоныныл, уӕд сӕ ӕнӕмӕнг базондзынӕ, ӕмӕ уый фӕрцы ӕнусон цардӕй схайджын уыдзынӕ. Зӕгъӕм, базыдтай уал, Хуыцау кӕй у уарзондзинад (1 Иоанны 4:16). Фӕлӕ ма йӕм уымӕй уӕлдай ис бирӕ ӕндӕр хорз миниуджытӕ. Библи зӕгъы, Йегъовӕ кӕй у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рацыд 34:6). Йегъовӕ у «хӕларзӕрдӕ» ӕмӕ «цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5). Хуыцау бирӕ быхсы, ома у фӕразон, стӕй у иузӕрдион (2 Петры 3:9; Раргомад 15:4). Ӕмӕ Библи куы кӕсай, уӕд Хуыцауы диссаджы миниуджыты тыххӕй ноджы фылдӕр базондзынӕ.

20, 21. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ, фенӕн кӕй нӕй, уыцы Хуыцауы хӕлар суай?

20 Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ, фенӕн кӕй нӕй, уыцы Хуыцауы хӕлар суай? (Иоанны 1:18; 4:24; 1 Тимофеймӕ 1:17). Йегъовӕйы тыххӕй Библийы куы кӕсай, уӕд базондзынӕ, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый (Псалом 27:4; Ромӕгтӕм 1:20). Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд ӕй тынгдӕр бауарздзынӕ ӕмӕ йӕм баввахс уыдзынӕ.

Фыд йӕ сывӕллӕтты тынг фӕуарзы. Нӕ уӕларвон Фыд та нӕ ноджы тынгдӕр уарзы

21 Ды бамбардзынӕ, Йегъовӕ нӕ Фыд кӕй у (Матфейы 6:9). Уый нын радта цард ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Йӕ сывӕллӕтты чи фӕуарзы, ахӕм фыд уымӕ фӕбӕллы (Псалом 36:9). Уӕдӕ Библийӕ базонӕн ис, дӕ бон кӕй у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар суай (Иаковы 2:23). Ахъуыды-ма кӕн: Дунесфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай!

22. Искӕй куы нӕ фӕнда, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнай, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

22 Кӕйдӕрты, гӕнӕн ис, нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнай. Чи зоны, тӕрсой, дӕ дин кӕй аивдзынӕ. Фӕлӕ макӕй бауадз, цӕмӕй дӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын бахъыгдара. Уымӕй хуыздӕр Хӕлар дын никуы уыдзӕн.

23, 24. а) Фарстатӕ цӕмӕн хъуамӕ дӕттай? б) Иннӕ сӕры ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

23 Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дзы, чи зоны, алцы ма ӕмбарай. Ӕмӕ-иу уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, цы нӕ бамбӕрстай, уымӕй бафӕрсын. Йесо загъта, гыццыл сывӕллӕттау сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уӕм (Матфейы 18:2–4). Ӕмӕ сывӕллӕттӕ та бирӕ фарстатӕ фӕдӕттынц. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕ фарстатӕн дзуаппытӕ ссарӕм. Уӕдӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕн, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнай, цы ахуыр кӕныс, уый рӕстдзинад кӕй у, уый. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:11.)

24 Йегъовӕйы тыххӕй ӕппӕты фылдӕр базонӕн ис Библийӕ. Иннӕ сӕрӕй базондзыстӕм, Библи иннӕ чингуытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый.

^ 15 абз. Хуыцауы ном «Йегъовӕ» Библийы иуӕй-иу тӕлмацты не ’мбӕлы. Кӕд дӕ фӕнды фылдӕр базонын, Хуыцауы ном цы нысан кӕны ӕмӕ куыд дзургӕ у, уый тыххӕй, уӕд кӕс 1-аг уӕлӕмхасӕн.