Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

51 УРОК

Иннӕтимӕ куыд ныхас кӕныс, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн

Иннӕтимӕ куыд ныхас кӕныс, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн

Йегъовӕ нын скодта диссаджы лӕвар. Афтӕ нӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у дзурын. Уыцы лӕварӕй куыд пайда кӕнӕм, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. (Бакӕс Иаковы 1:26.) Уӕдӕ нӕ бон куыд у, цы дзурӕм ӕмӕ куыд дзурӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

1. Йегъовӕ нын цы лӕвар скодта, уымӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм?

Библийы фыст ис: «Уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11). Ахъуыды-ма кӕн: мыййаг, дӕ зонгӕтӕй исчи ныфссаст у ӕмӕ йӕ бафидар кӕнын хъӕуы? Дӕ бон ын куыд уаид баххуыс кӕнын? Дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уӕд, кӕй йыл мӕт кӕныс. Зӕгъӕм, дӕ бон ын у зӕгъын, цӕй тыххӕй йын аргъ кӕныс, уый. Йе та йын Библийӕ бакӕсын, ныфс дзы чи бауадза, ахӕм стих. Хуыцауы Ныхасы ахӕм стихтӕ бирӕ ис. Дӕ зӕрдыл ма ноджыдӕр дар, адӕймагыл кӕй бандавы, цы дзурыс, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ йӕ куыд дзурыс, уый дӕр. Уӕдӕ дӕ ныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ уӕздан (Ӕмбисӕндтӕ 15:1).

2. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

Библийы фыст ис: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:29.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕвзӕр дзыхӕй ма дзурӕм. Стӕй ӕфхӕрӕн ӕмӕ рӕхуыст ныхӕстӕй иннӕты зӕрдӕтӕ ма риссын кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ макӕй фыдкой кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕй мӕнг ныхӕстӕ ма кӕнӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 16:28.)

3. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕй иннӕты ныфс уадзӕм?

Адӕймаг цы фӕдзуры, уымӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ йӕ зонд цӕмӕй йедзаг у, уый (Лукайы 6:45). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи ахуыр кӕнӕм раст, сыгъдӕг, уарзинаг ӕмӕ раппӕлинаг цы у, уыдӕттыл хъуыды кӕнын (Филиппӕгтӕм 4:8). Уый тыххӕй та хъуамӕ ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ лӕмбынӕг ӕвзарӕм (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Стӕй-иу исты зӕгъыны размӕ хъуамӕ фӕлӕууӕм ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ ныхӕстӕ иннӕтыл куыд фӕзындзысты, ууыл. Библийы фыст ис: «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос» (Ӕмбисӕндтӕ 12:18).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, куыд хъуамӕ ныхас кӕнай, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай ӕмӕ иннӕты ныфс уадзай.

4. Цы, кӕд ӕмӕ куыд зӕгъай, ууыл-иу хъуыды кӕн

Хатт не ’ппӕт дӕр фӕзӕгъӕм, фӕстӕдӕр кӕуыл фӕфӕсмон кӕнӕм, ахӕм ныхӕстӕ (Иаковы 3:2). Бакӕсут Галатӕгтӕм 5:22, 23 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ацы миниуджытӕй кӕцыты тыххӕй у дӕ бон Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй зонай, цы, кӕд ӕмӕ куыд дзурын хъӕуы, уый? Уыцы миниуджытӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты?

Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 15:33 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Де ’мбӕлттӕ ӕмӕ, цы ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарыс, уыдон куыд фӕзындзысты, цы ӕмӕ куыд дзурыс, ууыл?

Бакӕсут Екклесиаст 3:1, 7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Цавӕр уавӕрты уаид хуыздӕр хъусӕй лӕууын кӕнӕ та исты зӕгъынӕн хуыздӕр рӕстӕгмӕ банхъӕлмӕ кӕсын?

5. Иннӕты хорзы кой кӕн

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕ ныхасӕй макӕй зӕрдӕ скъахай ӕмӕ иннӕтӕн ӕрмӕст сӕ хорзы кой кӕнай? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Иу ӕфсымӕры цӕмӕн бафӕндыд иннӕтӕн ӕрмӕст сӕ хорзы кой кӕнын?

  • Уый тыххӕй цы сарӕзта?

Бакӕсут Екклесиаст 7:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Искӕй тыххӕй нӕ ӕвзӕр исты зӕгъын куы фӕнда, уӕд-иу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

Бакӕсут Екклесиаст 7:21, 22 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы стихтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу ма смӕсты уай, исчи дӕ ӕвзӕр исты куы зӕгъа, уӕд?

6. Дӕ бинонтимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕн

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ бинонтимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм ӕмӕ нӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уа, кӕй сӕ уарзӕм, уый. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ бинонтимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнай?

Бакӕсут Ефесӕгтӕм 4:31, 32 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Нӕ бинонтимӕ куыд хъуамӕ ныхас кӕнӕм, цӕмӕй йӕ ӕмбарой, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ нын зынаргъ кӕй сты?

Йегъовӕ ӕргом загъта, Йесойы кӕй уарзы, уый. Бакӕсут Матфейы 17:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕ бинонтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?

Иннӕтӕй-иу раппӕл

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Цы хъуыды кӕнын, уый дзурын. Кӕд искӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕд уый йӕхи хъуыддаг у».

  • Ацы хъуыдыимӕ разы дӕ? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Ныхасӕн стыр тых ис. Хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, цы, кӕд ӕмӕ куыд дзурӕм, ууыл.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Нӕ бон куыд у иннӕты нӕ ныхӕстӕй ныфс уадзын?

  • Цавӕр ныхӕстӕй дӕ фӕнды дӕхи хизын?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕдзухдӕр фӕлмӕн ныхас кӕнӕм ӕмӕ иннӕты нӕ ныхӕстӕй фидар кӕнӕм?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕй иннӕты ныфс уадзӕм?

«Архай, цӕмӕй дын „зондджыны ӕвзаг“ уа» (8:09)

Базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕвзӕр дзыхӕй ма дзурай.

«Ӕвзӕр дзыхӕй дзурын ӕцӕгдӕр ӕвзӕр у?» (интернет-статья)

Ацы видеороликӕй базондзынӕ, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты фыдкой ма кӕнай.

«Иннӕты кой ма кӕн!» (2:36)

Базон, Йегъовӕ иу нӕлгоймагӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй ӕвзӕр дзыхӕй мауал дзырдтаид.

«Мӕ цардыл хъуыды кӕнын райдыдтон» (2013 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)