14 УРОК
Хуыцау нын нӕ лӕггадӕй райгонд кӕд уыдзӕн?
Айразмӕ урокӕй базыдтам, динтӕ се ’ппӕт Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц. Фӕлӕ нӕ бон у не Сфӕлдисӕгӕн афтӕ лӕггад кӕнын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Цымӕ цавӕр дин цӕуы Хуыцауы зӕрдӕмӕ? (Иаковы 1:27). Базон, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис.
1. Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, уый кӕцӕй ис базонӕн?
Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, уый кӕцӕй ис базонӕн? Уый базонӕн ис Библийӕ. Йесо Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд ын загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоанны 17:17). Иуӕй-иу динтӕ, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый ницӕмӕ дарынц. Уыдон уыцы рӕстдзинад баивтой адӕмы ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ райгонд нӕу, йӕ «фӕдзӕхстыты сӕрты» йын чи хизы, уыдонӕй. (Бакӕс Марчы 7:9.) Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, Библийы куыд фыст ис, афтӕ йын куы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм куы хъусӕм, уӕд.
2. Йегъовӕйӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион (Раргомад 4:11). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕ кувӕм. Хъуамӕ гуымирытӕн, нывтӕн ӕмӕ иконӕтӕн ма кувӕм. (Бакӕс Исайы 42:8.)
Нӕ лӕггад хъуамӕ уа «сыгъдӕг» ӕмӕ Йегъовӕйӕн «ӕхсызгон» (Ромӕгтӕм 12:1). Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон уарзынц, бинонты царды фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнынц. Стӕй сӕхи хизынц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, наркотиктӕй, тамако дымынӕй ӕмӕ фыднозт кӕнынӕй a.
3. Йегъовӕйӕн иннӕтимӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
Алы къуыри дӕр нын ӕмбырдты фадат вӕййы Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн (Псалом 111:1, 2). Зӕгъӕм, Хуыцауӕн кады зарджытӕ фӕзарӕм. (Бакӕс Псалом 104:33.) Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы ӕмӕ йӕ зоны, ӕмбырдтӕ нын кӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм. Уымӕй уӕлдай ма ӕмбырдты кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауӕм.
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, гуымирытӕн, нывтӕн ӕмӕ иконӕтӕн кувын кӕнӕ сӕ табуйагыл нымайын Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цӕуы. Стӕй ма базон, нӕ бон куыд у Йегъовӕйы кадджын кӕнын.
4. Хъуамӕ Хуыцаумӕ гуымирыты, нывты ӕмӕ иконӕты уылты ма кувӕм
Кӕцӕй йӕ зонӕм, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
-
Раджы заманты Хуыцауы адӕмӕй чидӕртӕ гуымиры куы скодтой ӕмӕ куы загътой, ай Хуыцау у, зӕгъгӕ, уӕд цы ’рцыд?
Иуӕй-иу адӕм нывтӕн ӕмӕ гуымирытӕн фӕкувынц, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уӕд Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр вӕййынц. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕмӕй Хуыцауӕй дард кӕнынц. Бакӕсут Рацыд 20:4–6 ӕмӕ Псалом 106:35, 36 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
-
Кӕм цӕрыс, уым адӕм цӕмӕты фӕкувынц?
-
Йегъовӕ нывтӕн кувынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?
-
Нывтӕн кувыны тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
5. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ссӕрибар уыдзыстӕм мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй
Базон, рӕстдзинад нӕ куыд ссӕрибар кӕны мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.
Бакӕсут Псалом 91:14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
-
Йегъовӕ ныфс цӕмӕй ӕвӕры, чи йӕ уарзы ӕмӕ ӕрмӕст уымӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн?
6. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмбырдты
Ӕмбырды кӕй фӕзарӕм ӕмӕ дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттӕм, уымӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауӕм. Бакӕсут Псалом 22:22 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
-
Ӕмбырды иннӕтӕ дзуапп кӕй фӕдӕттынц, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы?
-
Нӕ дӕ фӕнды дзуапп бацӕттӕ кӕнын?
7. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, цы базонӕм, уый иннӕтӕн куы фӕдзурӕм
Бирӕ фадӕттӕ нын ис, цӕмӕй, Библийӕ цы базонӕм, уыдӕттӕ иннӕтӕн дзурӕм. Бакӕсут Псалом 9:1 ӕмӕ 34:1 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
-
Библийӕ цы базыдтай, уыдӕттӕй дӕ иннӕтӕн цы фӕндид радзурын?
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыцау дӕ уырнӕд, ӕндӕр ын куыдфӕнды дӕр кув».
-
Ды та куыд хъуыды кӕныс?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Не Сфӕлдисӕджы зӕрдӕ барухс кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уымӕн куы фӕлӕггад кӕнӕм, ӕмбырдты йӕ куы фӕкадджын кӕнӕм ӕмӕ, Библийӕ цы базонӕм, уый иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
-
Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый нӕ бон кӕцӕй у базонын?
-
Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
-
Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонимӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Статьяйӕ «Къухӕйконд хуыцӕуттӕн нал кувын» базондзынӕ, иу сылгоймагӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй къухӕйконд хуыцӕуттӕн мауал куывтаид.
«Библи ивы адӕймаджы цард» (2011 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
Базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбырдты дзуапп дӕттай.
«Йегъовӕйы кадджын кӕн ӕмбырды» (2019 азы январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
Базон, иу ӕрыгон лӕппуйӕн ӕмбырдтӕ цы пайда ӕрхастой, кӕд ын ӕмбырдтӕм цӕуын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр.
Бирӕтӕ крест чырыстон дины нысаныл нымайынц. Фӕлӕ мах хъуамӕ крестӕн табу кӕнӕм?
«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ крестӕн цӕуылнӕ табу кӕнынц?» (интернет-статья)
a Ацы хъуыддӕгтыл дзырд цӕудзӕн иннӕ урокты.