Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

06 УРОК

Цард куыд фӕзынд?

Цард куыд фӕзынд?

Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай» (Раргомад 4:11). Уый дӕ уырны? Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ цард йӕхигъӕдӕй фӕзынд. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд цӕмӕн цӕрӕм, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ нӕ кӕд Йегъовӕ Хуыцау сфӕлдыста, уӕд нӕ цардӕн нысан ис a. Базон, цард куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис ӕмӕ ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис.

1. Дун-дуне куыд фӕзынд?

Библийы фыст ис: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райдиан 1:1). Ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр зӕгъынц, Дун-дунейӕн райдиан кӕй уыд. Дун-Дунейы цыдӕриддӕр ис, зӕгъӕм, галактикӕтӕ, стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ, уыдӕттӕ Хуыцау сфӕлдыста йӕ «архайгӕ тыхы», ома йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Райдиан 1:2).

2. Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста?

Йегъовӕ зӕхх «дзӕгъӕлы... не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 45:18). Зӕхх у диссаджы цӕрӕнбынат. Йегъовӕ йӕ афтӕ скодта, цӕмӕй йыл адӕм ӕнустӕм цӕрой. Зӕххыл ис, цӕрынӕн сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. (Бакӕс Псалом 121:2; Исайы 42:5.) Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕххы хуызӕн планетӕ ӕндӕр кӕй нӕй. Адӕймагӕн йӕ бон ӕрмӕстдӕр зӕххыл у цӕрын.

3. Адӕм цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Йегъовӕ зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд ыл сфӕлдыста цард дӕр. Фыццаг уал сфӕлдыста зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ. Уый фӕстӕ та «сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ». (Бакӕс Райдиан 1:27.) Адӕймаг цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны? Хуыцау нӕ скодта йӕхимӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ махмӕ дӕр ис, Хуыцаумӕ чи ис, ахӕм миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад. Афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ бон у ӕвзӕгтӕ ахуыр кӕнын, стӕй уарзӕм рӕсугъд цӕмӕдӕрты кӕсын ӕмӕ музыкӕмӕ хъусын. Стӕй ма цӕрӕгойтӕй уӕлдай нӕ бон у не Сфӕлдисӕгӕн лӕггад кӕнын.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цард йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис; дуне куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис; адӕмы миниуджытӕм гӕсгӕ Хуыцауы тыххӕй цы ис базонӕн.

4. Цард йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзынд

Ӕрдзмӕ кӕсгӕйӕ цыдӕртӕ чи ӕрхъуыды кӕны, уыдоны фӕкадджын кӕнынц. Фӕлӕ ӕрдз та чи сфӕлдыста? Уый тыххӕй та кӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Адӕм ӕрдзмӕ кӕсгӕйӕ цытӕ ӕрхъуыды кодтой?

Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы. Фӕлӕ ӕрдз та чи скодта? Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 3:4 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ӕрдзы дӕм диссаг цы кӕсы?

  • Дун-дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ чидӕр кӕй сфӕлдыста, ууыл ӕууӕндӕн ис? Цӕмӕн?

Зыдтай йӕ?

Ацы темӕйы фӕдыл дӕ бон у фылдӕр статьятӕ ӕмӕ видеороликтӕ ссарын сайты jw.org, вкладкӕйы «Куыд фӕзынди?» (уырыссаг) ӕмӕ вкладкӕйы «Цард куыд фӕзынд».

«Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау»

5. Дуне куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн ис

Библийы Райдианы чиныджы фыццаг сӕры фыст ис, зӕхх ӕмӕ цард куыд фӕзындысты, уый тыххӕй. Дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы хабарыл ӕууӕндӕн ис ӕви уый аргъау у? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ Хуыцау зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон ӕхсӕз бонмӕ, ома ӕхсӕз суткӕмӕ, сфӕлдыста?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, Дун-дуне куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый раст у ӕмӕ йыл ӕууӕндӕн ис? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

Бакӕсут Райдиан 1:1 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, Дун-дунейӕн райдиан кӕй уыд. Сӕ ныхӕстӕ куыд бӕлвырд кӕнынц, ацы стихы цы фыст ис, уый?

Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау цард эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста, ома сфӕлдыста иу кълеткӕ ӕмӕ стӕй уымӕй равзӕрдысты алыхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ. Бакӕсут Райдиан 1:21, 25, 27 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Библийы афтӕ фыст ис, ӕмӕ Хуыцау эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста кӕсӕгтӕ, иннӕ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕмы? Ӕви дзы афтӕ фыст ис, ӕмӕ сфӕлдыста «цӕрӕг удты алы мыггӕгтӕ»?

6. Адӕм хицӕн кӕнынц, Хуыцау цы сфӕлдыста, ӕппӕт уыдӕттӕй

Адӕмы дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста. Фӕлӕ адӕм цӕрӕгойтӕй хицӕн кӕнынц. Бакӕсут Райдиан 1:26 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй скодта ӕмӕ нӕ бон уарзын ӕмӕ иннӕты рыст ӕмбарын кӕй у, уымӕй Хуыцауы тыххӕй цы ис базонӕн?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Зӕхх куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр аргъӕуттӕ сты».

  • Ды та цы хъуыды кӕныс? Цӕмӕн?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕ сфӕлдыста Дун-дуне ӕмӕ, удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Дун-дуне куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

  • Хуыцау иу кълеткӕ сфӕлдыста ӕмӕ стӕй уымӕй эволюцийы фӕрцы равзӕрдысты алыхуызон цӕрӕг удтӕ ӕви алцыдӕр йӕхӕдӕг сфӕлдыста?

  • Адӕм цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, ӕрдзы цыдӕртӕ куыд конд сты. Уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Сфӕлдисӕг ис.

«Ӕрдзӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?» (2006 азы сентябры «Райхъал ут!», уырыссаг)

Фен, фыд йӕ гыццыл лӕппуйӕн куыд ӕмбарын кӕны, Дун-дуне куыд фӕзынд, уый.

«Йегъовӕ сфӕлдыста ӕппӕт дӕр» (2:37)

Базон, археологтӕ кӕй ссардтой, уыцы рагон стджытӕ ӕмӕ, ахуыргӕндты эксперименттӕ цы равдыстой, уыдӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты: Сфӕлдисӕг ис ӕви цард йӕхигъӕдӕй фӕзынд?

«Цард куыд фӕзынд? Дзуапп фондз ахсджиаг фарстайӕн» (брошюрӕ, уырыссаг)

a Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста, ууыл дзырд цӕуы 25 урочы.