Райдай Библи кӕсын
Библи кӕсын дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн. Библи кӕсын райдайынӕн дын баххуыс кӕндзӕн ацы рамкӕ. Равзар, дӕ зӕрдӕмӕ кӕцы темӕ цӕуы, уый ӕмӕ амынд стихтӕ бакӕс.
Зындгонд адӕм ӕмӕ хабӕрттӕ
-
Ной ӕмӕ Доны хъаймӕт: Райдиан 6:9–9:19
-
Моисей Сырх денджызы раз: Рацыд 13:17–14:31
-
Руф ӕмӕ Ноемин: Руф, 1–4 сӕртӕ
-
Давид ӕмӕ Голиаф: 1 Самуилы, 17 сӕр
-
Авигейӕ: 1 Самуилы 25:2–35
-
Данел домбӕйтты дзыхъхъы: Данел, 6 сӕр
-
Елизаветӕ ӕмӕ Марийӕ: Лукайы, 1, 2 сӕртӕ
Царды чи бахъӕуы, ахӕм хорз уынаффӕтӕ
-
Бинонты цард: Ефесӕгтӕм 5:28, 29, 33; 6:1–4
-
Ӕмбӕлттӕ: Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 17:17; 27:17
-
Кувын: Псалом 55:22; 62:8; 1 Иоанны 5:14
-
Йесойы зындгонд раныхас: Матфейы, 5–7 сӕртӕ
Ӕххуыс дӕ куы хъӕуа...
-
Ныфссаст куы уай: Псалом 23; Исай 41:10
-
Истӕуыл куы маст кӕнай: 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4; 1 Петры 5:7
-
Дӕхи истӕй тыххӕй куы хӕрай: Псалом 86:5; Йезекил 18:21, 22
Библийы цы фыст ис...
-
Фӕстаг бонты тыххӕй: Матфейы 24:3–14; 2 Тимофеймӕ 3:1–5
-
Фидӕны тыххӕй: Псалом 37:10, 11, 29; Раргомад 21:3, 4
УЫНАФФӔ. Ацы стихты контекст феныны тыххӕй-иу бакӕс, кӕцӕй ист сты, уыцы сӕр (сӕртӕ) ӕнӕхъӕнӕй. Ацы чиныджы кӕрон ис «Библи кӕсыны график». Уым-иу фӕнысан кӕн, кӕцы сӕр бакастӕ, уый. Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр, цӕмӕй алы бон дӕр Библийӕ скъуыддзаг кӕсай.