1 ФАРСТА
Чи у Хуыцау?
«Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн»
(Псалом 83:18).
«Базонут, Йегъовӕ кӕй у Хуыцау. Уый нӕ сфӕлдыста, мах нӕхӕдӕг не сфӕлдыстам нӕхи»
(Псалом 100:3).
«Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном. Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, къухӕйконд хуыцӕуттӕн нӕ ратдзынӕн мӕ кад, мӕ намыс»
(Исай 42:8).
«Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн»
«Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау»
«Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? Сфӕлдыста сӕ, стъалыты ӕфсад чи ракӕны, уый – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй. Йе стыр хъаруйы ӕмӕ йе стыр тыхы фӕрцы иууылдӕр лӕууынц сӕ бынӕтты»
(Исай 40:26).