Чи байхъуыста, уыдон фервӕзтысты
ЙЕСО ЧЫРЫСТИ бафӕдзӕхста, иудейты цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, сӕ дины артдзӕст Иерусалимы кувӕндонӕй дур дурыл кӕй нал баззайдзӕн. Ӕцӕг, кӕд — уый бӕлвырдӕй нӕ загъта. Фӕлӕ уыйхыгъд радзырдта, зӕгъгӕ, уыцы боны хӕдразмӕ ахӕм ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ цӕудзӕн. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та ныффӕдзӕхста, цырддзаст ут ӕмӕ-иу тӕссаг ранӕй уӕхи афойнадыл айсут, зӕгъгӕ.
Йесо загъта: «Куы фенат Иерусалимы алыварс ӕфсӕдтӕ, уӕд зонут, йӕ гӕныстон кӕнын афон кӕй ӕрбахӕстӕг». Загъта ма афтӕ дӕр: «Куы фенат гӕныстоны ӕнаккагдзинад лӕугӕ сыгъдӕг ран... уӕд Иудейы уӕвджытӕ, лидзӕнт хӕхтӕм». Уымӕй уӕлдай ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста, сӕ исбонӕй исты аирвӕзын кӕныны охыл фӕстӕмӕ куыд нӕ аздӕхтаиккой. Фӕстӕмӕ нӕ фӕкӕсгӕйӕ алидзын — уый уыд фервӕзынӕн иунӕг амал (Лукайы 21:20, 21; Матфейы 24:15, 16).
Нӕ эрӕйы 66 азы Цести Галл ромаг ӕфсӕдтимӕ араст Иерусалиммӕ, хицауады ныхмӕ чи сызмӕста ӕмӕ чи нӕ сабыр кодта, уыцы иудейты басӕттынмӕ. Сахармӕ мидӕмӕ бабырстой ӕмӕ кувӕндоныл ӕрхъула кодтой. Сахар ӕгасӕй дӕр сси ӕмтъеры. «Чи нӕ бафынӕй», ома цырддзаст чи уыд, уыдон бамбӕрстой, хъуыддагӕн йӕ кӕрон хорзмӕ кӕй нӕ цӕуы. Фӕлӕ ма куыд алидздзысты? Хӕрзӕнӕнхъӕлӕджы, Цести Галл йе ’фсӕдты сахарӕй акодта. Змӕнтӕг иудейтӕ сӕ фӕстейӕ асырдтой. Ныр иу уысм дӕр фӕстӕ гӕнӕн нал уыд — хъуыди Иерусалимӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы бӕстӕй дӕр лидзын!
Иннӕ аз Ромы ӕфсӕдтӕ, Веспасиан ӕмӕ йӕ фырт Тит сӕ сӕргъы, афтӕмӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр фестад хӕсты быдыр. Н. э. 70 азы райдианы ромӕгтӕ Иерусалимы алыварс цъуппцыргъ хъӕдтӕй фидӕрттӕ скодтой. Аирвӕзынӕн ницыуал амал уыди (Лукайы 19:43, 44). Сахары мидӕг ныхмӕлӕууӕг къордтӕ кӕрӕдзимӕ фесты ӕмӕ адӕм цагъды кодтой. Удӕгасӕй ма дзы чи баззад, уыдонӕй чи йӕ мӕлӕт ссардта ромӕгты къухӕй, чи та сӕм уацары бахауд. Сахарӕй дӕр ӕмӕ йӕ кувӕндонӕй дӕр дур дурыл нал баззад. Фыццаг ӕнусы иудейаг историк Иосиф Флавий куыд фыссы, афтӕмӕй иудейтӕй уыцы бонты дудгӕбӕттӕ йӕхиуыл бавзӕрста ӕмӕ фӕмард милуанӕй фылдӕр. Иерусалимы кувӕндон ногӕй арӕзт никуыуал ӕрцыд.
Чырыстӕттӕ Иерусалимы куы баззадаиккой, уӕд нӕ эрӕйы 70 азы уыдоныл дӕр иннӕты
бон акодтаид — кӕнӕ сӕ маргӕ акодтаиккой, кӕнӕ та уацары бахаудаиккой. Фӕлӕ, уӕды заманы историкты ӕвдисӕйнӕгтӕм гӕсгӕ, чырыстӕттӕ байхъуыстой Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ ӕмӕ канд Иерусалимӕй нӕ, фӕлӕ ӕгас Иудейы бӕстӕй дӕр сӕхи айстой — Иорданы цӕугӕдоны скӕсӕнварсырдӕм хӕхтӕм алыгъдысты. Бирӕтӕ сӕ ӕрбынат кодтой Пеллӕйы (Перейы бӕстӕйы). Иудейӕ куыд ацыдысты, афтӕ йӕм фӕстӕмӕ нал ӕрыздӕхтысты. Уыдон байхъуыстой, Йесо цы загъта, уымӕ, ӕмӕ фервӕзтысты.Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыдон цы дзурынц, уымӕ дӕ хъус ӕрдарыс?
Иу хатт, иннӕ хатт цыдӕр куы ныффӕдис кӕнынц, ӕмӕ куы ницы ӕрцӕуы, уӕд адӕм ӕппӕтыл дӕр сӕ къух ауигъынц. Фӕлӕ уӕддӕр фӕдисы хъӕрмӕ байхъусын фӕхъӕуы — гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ уый мӕлӕтӕй бахиза.
1975 азы Китайы адӕмы рагацау фӕдзӕхстой, зӕххӕнкъуыст уыдзӕн, зӕгъгӕ. Хицауады кусджытӕ ӕнцад нӕ бадтысты. Адӕм дӕр дӕлӕ-уӕлӕ нӕ кодтой. Ӕмӕ уый фӕрцы минтӕ аирвӕзтысты.
1991 азы апрелы Филиппинты, Пинатубойы хохрӕбын хъӕуты цы адӕм цард, уыдонӕн фӕхабар кодтой, хохӕй ӕртхутӕг ӕмхӕццӕ фӕздӕг цӕуы, зӕгъгӕ. Арткалӕг хӕхтӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ иртасӕг институты (Филиппинты) кусджытӕ дыууӕ мӕйы дӕргъы сӕ хъус дардтой хохмӕ, ӕмӕ стӕй уӕд адӕмы бафӕдзӕхстой, абон-райсом ын ӕнӕстонгӕ нӕй, зӕгъгӕ. Ӕнӕ уӕлдай ракӕ-бакӕйӕ адӕмы, дӕсгай минты, аластой ӕдас рӕттӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, 15 июны райсомӕй хох срӕмыгъта. Аст ӕртывӕр километры бӕрц ӕртхутӕг арвмӕ ныццавта ӕмӕ стӕй хохрӕбын хъӕуты йӕ быны фӕкодта. Кӕй байхъуыстой, уый фӕрцы минтӕ аирвӕзтысты.
Библи фӕдзӕхсы, абоны цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Ныртӕккӕ мах цӕрӕм ацы дунейӕн йӕ фӕстаг бонты. Кӕрон куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ цӕрдӕг лӕууыс — нӕ бафынӕй дӕ? Тӕссаг кӕм у, уырдӕм хӕстӕг цӕмӕй ма уай, уый тыххӕй исты аразыс? Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый дӕ иу уысм дӕр рох нӕу, ӕмӕ иннӕты дӕр фӕдзӕхсыс, фезмӕлут, ӕнцад бадӕн нӕй, зӕгъгӕ?
[Ныв 20 фарсыл]
Пинатубойы хох куы срӕмыгъта, уӕд бирӕтӕ фервӕзтысты, кӕй байхъуыстой, уый фӕрцы.
[Ныв 21 фарсыл]
Нӕ эрӕйы 70 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд, Йесойы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыцы чырыстӕттӕ нӕ бабын сты.