Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи сты?

Чи сты?

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ тынг фӕнды, цӕмӕй семӕ хуыздӕр базонгӕ уай. Ӕвӕццӕгӕн сыл фӕндагыл, куысты, йе та ӕндӕр искуы сӕмбӕлдтӕ. Чи зоны сӕ федтай, уынджы адӕмӕн сӕ журналтӕ дӕтгӕйӕ, йе та дӕхӕдӕг дӕр искуы ныхас кодтай семӕ дӕ хӕдзары къӕсӕрыл.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дыл зӕрдӕбынӕй тыхсынц ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уай. Уыдон фӕнды, цӕмӕй дӕ хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ дын фылдӕр радзурой сӕхи, сӕ организаци ӕмӕ сӕ цы уырны, уый тыххӕй. Стӕй ма адӕмы тыххӕй ӕмӕ не ’ппӕт дӕр цы дунейы цӕрӕм, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый дӕр. Ӕмӕ раст уый фӕдыл бацӕттӕ кодтой ацы брошюрӕ дӕр.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр сты, сӕ алыварс цы адӕм ис, уыдон хуызӕн. Иннӕ адӕмау уыдонӕн дӕр вӕййы зындзинӕдтӕ: фӕтыхсынц ӕхцайӕ, мӕт ӕмӕ сагъӕсты дӕр бахауынц, уӕдӕ рынчын дӕр фӕвӕййынц. Уыдон дӕр сты ӕнӕххӕст, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хаттӕй-хатт рӕдийгӕ дӕр фӕкӕнынц. Ӕрмӕст уыдон ахуыр кӕнынц сӕ рӕдыдтытыл ӕмӕ архайынц, цӕмӕй сыл уыцы рӕдыд мауал ӕрцӕуа. Ӕмӕ цӕмӕй хуыздӕр адӕймӕгтӕ суой, уый тыххӕй та зӕрдиагӕй ахуыр кӕнынц Библи. Уыдон дзырд радтой Хуыцауӕн, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзысты, ӕмӕ ууыл архайынц ӕппӕт хъарутӕй. Сӕ алы хъуыддаджы дӕр зонд агурынц Хуыцауы Ныхасы ӕмӕ курынц йӕ сыгъдӕг уды ӕххуыс.

Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цы сӕ уырны, уый хъуамӕ бындуриуӕг кӕна Библийыл, адӕмы хъуыдытӕ, йе та дины кусджытӕ цы дзурынц, ууыл нӕ, фӕлӕ. Уыдон разы сты, апостол Павел Хуыцауы удцырынӕй цы хъуыды загъта, уыимӕ: «Алы адӕймаг дӕр мӕнгард куы разына, уӕддӕр Хуыцау уыдзӕн раст» (Ромӕгтӕм 3:4, НД) a. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн исчи афтӕ куы фӕзӕгъы, Библийы афтӕ дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уӕд уыдон бакӕнынц верийӕгтау. Апостол Павел сын куы хъусын кодта, уӕд-иу «зӕрдиагӕй фӕхъуыстой дзырдмӕ, ӕмӕ алыбон иртӕстой Фыстытӕ, — ай цымӕ ӕцӕг уа, зӕгъгӕ» (Куыстытӕ 17:11, НФ). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕндынц, уый дӕр ӕмӕ иннӕтӕ цы ахуырӕдтыл хӕцынц, уыдон дӕр ӕнӕмӕнг барын хъӕуы Хуыцауы удцырын Фыстадимӕ. Фӕнды сӕ, ӕмӕ дӕ разӕнгард дӕр кӕнынц, цӕмӕй ды дӕр афтӕ кӕнай.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библи Хуыцауы Ныхасыл нымайынц. Уыдон нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Библийы 66 чиныджы Хуыцауы удцырынӕй фыст кӕй сты ӕмӕ дзы ӕцӕг хабӕрттыл кӕй цӕуы дзырд, ууыл. Адӕмӕн сӕ фылдӕр Ног Фӕдзӕхст кӕй хонынц, Библийы уыцы хай уыдон хонынц Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ, Зӕронд Фӕдзӕхст та — Дзуттаг Фыстытӕ. Уыдон ӕууӕндынц куыд Грекъаг Фыстытыл, афтӕ Дзуттаг Фыстытыл дӕр, ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый ӕмбарынц комкоммӕ, ӕрмӕст ахӕсгӕ нысаниуӕг цы дзырдтӕ кӕнӕ скъуыддзӕгтӕн ис, уыдонӕй фӕстӕмӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зонынц, Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ кӕй сӕххӕст сты, иуӕй-иутӕ абон кӕй ӕххӕст кӕнынц, иннӕтӕ та фидӕны кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый.

СӔ НОМ

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ? О, афтӕ хонынц сӕхи. Уыцы ном ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Иегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ фӕндтӕ кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕн. Дзырдтӕ «Хуыцау», «Хицау» ӕмӕ «Сфӕлдисӕг» ӕвдисынц, чи у ӕмӕ цы аразы, уый; дзырдтӕ «президент», «паддзах» кӕнӕ «инӕлар» куыд ис бирӕ кӕмӕдӕрты ахӕссӕн, афтӕ уыцы дзырдтӕ дӕр ахӕссӕн ис бирӕ кӕмӕдӕрты. Иегъовӕ та у сӕрмагонд ном, уый хауы ӕрмӕстдӕр Ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ Дунескӕнӕг Хуыцаумӕ. Уый бӕрӕг у Псалом 82:19-ӕм стихӕй (МГТ): «Ӕмӕ зонӕнт... Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, иунӕг бӕрзонд дӕ ӕгас зӕххыл».

Ном Иегъовӕ (иуӕй-иу ахуыргӕндтӕм та хуыздӕр кӕсы Иагъ) рагон Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 7 мин хатты бӕрц. Библитӕн сӕ фылдӕры уыцы ном тӕлмацгӕнджытӕ айстой, ӕмӕ дзы уый бӕсты кӕм «Хуыцау» ныффыстой, кӕм та — «Хицау». Фӕлӕ уыцы Библитӕй дӕр иуӕй-иуты фенӕн ис, рагон дзуттаг тексты Иегъовӕ кӕм ӕмбӕлди, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ цы дзырдтӕй баивтой, уыдон фыст сты стыр дамгъӕтӕй, зӕгъӕм: ХУЫЦАУ, ХИЦАУ. Иуӕй-иу нырыккон тӕлмацты фыссынц кӕнӕ Иегъовӕ, кӕнӕ та Иагъ. Зӕгъӕм, Исайы 42:8-ӕм стих: «Ӕз дӕн Иегъовӕ. Уый у мӕ ном».

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном ист у Библийӕ, Исайы чиныджы 43-ӕм сӕрӕй. Уым ӕгас дуне дӕр афтӕ ӕвдыст цӕуы, цыма тӕрхоны раз ӕрлӕууыд: Хуыцау адӕмты хуыцӕуттӕм ӕрсидт, цӕмӕй сӕ рӕстдзинад сбӕлвырд кӕнынӕн ӕвдисӕнтӕ ӕрбакӕной, йе та йын байхъусой йӕ ӕвдисӕнтӕм ӕмӕ ӕцӕгдзинадыл сразы уой. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн дзуры: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,— дзуры Иегъовӕ,— ӕмӕ ме ’взӕрст лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй мӕ зонат ӕмӕ мыл ӕууӕндат, ӕмӕ ӕмбарат, уый ӕз кӕй дӕн. Мӕ размӕ нӕ уыди Хуыцау, ӕмӕ мӕ фӕстӕ дӕр нӕ уыдзӕн. Ӕз, ӕз дӕн Иегъовӕ, ӕмӕ нӕй мӕн йеддӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг» (Исай 43:10, 11).

Иегъовӕ Хуыцауӕн зӕххыл Йесойы райгуырдӕй миназты размӕ дӕр уыди ӕвдисӕнтӕ. Дзуттытӕм ӕрвысты 11-ӕм сӕры апостол Павел ранымадта уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иуты. Дарддӕр Дзуттытӕм 12:1-ӕм стихы та дзырдӕуы: «Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр, нӕ алыварс уый бӕрц бирӕ ӕвдисӕнтӕ уӕвгӕйӕ, нӕхицӕй аппарӕм алы уаргъ ӕмӕ къуылымпыгӕнӕг тӕригъӕд, ӕмӕ фӕразондзинады цӕудзыстӕм нӕ размӕ бӕрӕггонд фӕндагыл». Йесо Понтий Пилатӕн загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон». Библи Йесойы хоны «раст ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн» (Иоанны 18:37; Раргомад 3:14). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах райсдзыстут тых, Сыгъдӕг Уд уыл куы ӕрцӕуа, ӕмӕ уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8).

Уӕдӕ абон Йесо Чырыстийы разамындӕй 235 бӕстӕйы Иегъовӕйы Паддзахады хорз хабар чи хъусын кӕны, уыцы 6 милуан адӕймаджы сӕхи Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр уымӕн хонынц.

[Фиппаинаг]

a Ацы брошюрӕйы Дзуттаг Фыстыты цитатӕтӕ тӕлмац сты англисаг ӕвзагыл уагъд «Ног Дунейы тӕлмацӕй»; Данелы чиныджы цитатӕтӕ ист сты Байаты Гаппойы тӕлмацӕй, 1928 аз; Грекъаг Фыстытӕ ӕмӕ Псалтиры цитатӕтӕ ист сты «Ног фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ӕй, 1994 аз. Иннӕ тӕлмацтӕ: НД — «Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац», англисаг ӕвзагыл; НФ — «Ног фӕдзӕхст», 1993 аз; МГТ — Санкт-Петербурджы Зонады Императорон Академийы уагъд Псалтир, 1848 аз, ирон ӕвзагмӕ йӕ раивта Г. Мчедлов.

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Уыдон сӕ цард снывонд кодтой Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн.

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Уыдоны уырны, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уый.

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Тӕрхонимӕ баст ном.

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 6 милуаны бӕрц 235 бӕстӕйӕ фылдӕры.

[Ныв 3 фарсыл]

Уыдон дыл зӕрдӕбынӕй тыхсынц.

[Ныв 4 фарсыл]

Хуыцауы ном рагон дзуттаг ӕвзагыл.