Иегъовӕ ӕмбырд кӕны ӕмӕ ифтонг кӕны йӕ адӕмы хъуыддагӕн
Иегъовӕ ӕмбырд кӕны ӕмӕ ифтонг кӕны йӕ адӕмы хъуыддагӕн
Ӕнусты дӕргъы фӕстӕмӕцыд апарахат ӕппӕт зӕххыл. Кӕд бирӕнымӕц чырыстон динты уыд иуӕй-иу библион ахуырӕдтӕ, уӕддӕр сӕйрагдӕр уыдон адӕймагон традицитӕ ӕмӕ муртаттытӕй равзӕргӕ бирӕ ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты. Чырыстийы ’рцыдмӕ ӕнхъӕлмӕкаст, фылдӕр хатт, иуварсгонд уыд фӕстаг пъланмӕ. (Абар Матфейы 13:24—30, 37—43.)
Фӕлӕ Йесо загъта, йе ’рцыдмӕ хъал уын! Афтӕ чи бакодта, уыдонӕй иу къорд уыд Аллейгены (ныры Питтсбурджы хай, Пенсилваны, АИШ). Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй иуӕй-иутӕ 1870 азты райдианы райдыдтой Библийӕ Чырыстийы ӕрцыдмӕ цы хауди, уый ахуыр кӕнын, цы диныл хӕст уыдысты, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ. Уыдон ма агурын байдыдтой библион ӕцӕгад, бирӕ ӕндӕр сӕйраг ахуырӕдтӕ бӕрӕггӕнгӕйӕ. Уый уыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты нырыккон архайды райдиан (Матфейы 24:42).
Уыцы къорд бамбӕрста, Ӕртӕуоныл ахуырад библион кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ у ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ Сфӕлдисӕг; Йесо Чырысти — йӕ фыццаг сфӕлдисон ӕмӕ иузӕрдион Фырт; сыгъдӕг тых гоймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцауы ӕнӕзынгӕ архайгӕ тых кӕй у. Уыцы къорд рабӕрӕг кодта, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй нӕу, фӕлӕ кӕй амӕлы, амӕлджыты ныфс — райгасдзинад кӕй у, ӕмӕ ӕнӕфӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджынты ӕфхӕрддзинад ӕнусон хъизӕмар кӕй нӕу, фӕлӕ быны сӕфт.
Йесо йӕ цард кӕй ратта адӕймагад балхӕныны тыххӕй, ууыл ахуырад сбӕлвырд, куыд библион ахуырӕдтӕй сӕйрагдӕр. Раздӕр уал зӕххӕй ӕлхӕд ӕрцӕудзысты 144 000 нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, кӕцытӕ ӕвзӕрст цӕуынц фыццӕгӕм ӕнусӕй нӕ рӕстӕджы онг, цӕмӕй уӕларвон Паддзахады Чырыстийы ӕмбындартӕ суой. Уый фӕстӕ миллиардгай адӕм, — кӕцытӕн сӕ фылдӕр райгас уыдзысты мӕрдтӕй, уыцы Паддзахады къухдариуӕгӕй, Йесойы балхӕды руаджы сӕ къухы бафтдзӕн адӕймагон ӕххӕстдзинад, зӕххыл ӕнусон царды ныфсимӕ.
Расселл ӕмӕ йӕм чи ӕрбаиу, уыдон ма бамбӕрстой, Чырыстийы уӕвынад ӕнӕзынгӕ кӕй уыдзӕн, куыд духовон гоймаг. Муртаттыты рӕстӕджытӕ — рӕстӕджы период, Хуыцауы уӕлдӕр хицауад куы нӕма уыд ӕвдыст ницавӕр хицауадӕй зӕххыл, — 1914 азы хъуамӕ фӕуыдаиккой. Уӕд Хуыцауы Паддзахад сфидар уӕлӕрвты. Ӕппӕт уыцы ахуырӕдтӕ характерон сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн абон.
Расселл ӕмӕ йе ’мгӕрттӕ алыран фехъусын кодтой уыцы ӕцӕгдзинӕдтӕ дзургӕйӕ дӕр ӕмӕ мыхуырӕй дӕр. Июлы 1879 азы Расселл уадзын байдыдта англисаг ӕвзагыл журнал «Сионы Хъахъхъӕнӕг Мӕсыг» (ныр хуыйны «Хъахъхъӕнӕг Мӕсыг»). Уый аскъуыддзаг кодта, Библи Иртасджыты уацамындан хъуамӕ ӕххуыс цӕуа ӕрмӕст барвӕндон мысайнӕгтӕй, ӕнӕ ӕхцайы ӕмбырдӕй. Уымӕй уӕлдай ма хабар хъуамӕ апарахат уыдаид барвӕндон уырнджыты лӕвар архайдӕй. Расселл йӕхӕдӕг дӕр лӕвар кодта коммерцион куыстуатӕй райсгӕ фӕрӕзтӕ.
Библи Иртасджытӕ къласгай ӕмбырд кодтой, се ’мбырдтӕ уӕд афтӕ хуындысты. Уыдон ӕмбырд кодтой къуыри иу-ӕртӕ хатты: беседӕйӕн, Фыстад ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ ӕвдисӕйнады фембӕлдтӕн. Уыдон регуляронӕй ӕвзӕрстой бӕрнджын нӕлгоймӕгты хистӕртӕй, кӕцытӕ разамынд кодтой алы къласы духовон архайдыл.
Пенсилваны 1884 азы Сионы Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы ӕмӕ трактатты ӕнӕкомерцион Ӕхсӕнад регистраци ӕрцыд. Ӕрвылаздӕр хъуамӕ ӕвзӕрст цыдаид ӕхсӕнады президент. Афтӕмӕй, цавӕрдӕр адӕймаджы царды дӕргъвӕтиндзинадмӕ нӕкӕсгӕйӕ, рагацау хынцыдтой мадзӕлттӕ закъонмӕ гӕсгӕ библион рухсады хъуыддаджы уадзынӕн. Чарлз Т. Расселл ӕвзӕрст ӕрцыд президентӕй, ӕмӕ йӕ канторӕ нымад цыд сӕйраг хайадыл.
Ӕндӕр бӕстӕты хъуыддаг парахат кӕнынӕн иумӕйаг тыхтӕ лӕвӕрд цыдысты. Уый 1880 азты райдианы бахӕццӕ Канадӕ ӕмӕ Англисмӕ. Расселл 1891 азы сфӕнд кодта балцы ацӕуын Европӕмӕ ӕмӕ Хӕстӕг Скӕсӕнмӕ, ӕцӕгад дзы куыд апарахат кодтаиккой, ууыл ахъуыды кӕнынмӕ. Ӕхсӕнады филиалтӕн 1990 азы райдианы бындур ӕвӕрд ӕрцыд Стыр Британийы, Германы ӕмӕ Австралийы.
Уацамынд дунеон масштабы ауӕрӕх кӕныны тыххӕй 1909 азы Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад аивтой Бруклинмӕ (Нью-Йоркмӕ). Нью-Йорчы штаты закъонмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уыд параллелон ӕхсӕнад саразын, кӕцы абон зындгонд у куыд Нью-Йорчы Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы, Библи ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад. Цӕмӕй Британийы Ӕмбалады бӕстӕты Библи Иртасджыты архайдӕн ахъаз уой, уый тыххӕй 1914 азы Лондоны (Англис) бындур ӕвӕрд ӕрцыд Библи Иртасджыты Ӕхсӕнадӕмон Ӕхсӕнадӕн. Ӕппӕт дунейы, закъонмӕ гӕсгӕ, абон регистрацигонд советтӕ ӕмӕ ӕхсӕнӕдтӕ сты 100-йӕ фылдӕр, кӕцытӕ кусынц Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады нысӕнттӕн. Уыдон иуылдӕр сты ахъазджын, уӕвынц барвӕндон мысайнӕгты руаджы ӕмӕ дзы кусынц барвӕндон ӕмкусджытӕ.
Чарлз Тейз Расселл фӕзиан 1916 азы, ӕмӕ Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады президент сси Джозеф Франклин Рутерфорд. Фыццаг дунеон хӕсты фӕстаг азты Библи Иртасджытӕ бавзӕрстой уӕззау фӕдылзылд, кӕцыйӕн йӕ бӕрзонд къӕпхӕн уыд Америчы Ӕхсӕнады сӕйраг хайады бӕрнджын бынат ахсӕг аст ӕфсымӕры ӕнӕзакъонон ныппӕрст ахӕстоны. Афтӕ зынди, Библи Иртасджыты хъуыддаг тӕссаг уавӕры уыд. Фӕлӕ 1919 азы ӕфсымӕрты ссӕрибар кодтой ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ реабилитаци скодтой, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уацамынд ӕнахуырӕй парахат кӕны.
Ӕхсӕнады сӕйраг хайады уылты, тыхӕй сӕрст чырыстон Библи Иртасджыты иугонд къорд дарддӕр лӕвӕрдта афойнадыл духовон хӕринаг организациимӕ баст ӕппӕт адӕмӕн. Фыццаг ӕнусы тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕ Йесо кӕмӕй дзырдта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» куыд уыдысты, афтӕ абон дӕр Паддзахады хъуыддаджы хайадисӕг, иузӕрдион Библи Иртасджыты тыхӕй сӕрстыты къорд у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» къорд. Йесо ӕмбырд бӕрӕггӕнӕг куы ӕрцыд, уӕд федта, уыцы къорд «ӕххуырстыты» хӕринагӕй кӕй ифтонг кӕны; уӕд ӕй йе ’ппӕт «мулкыл» хицауӕй сӕвӕрдта (Матфейы 24:45—47; Лукайы 12:42).
Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ уайтагъд раргом, Йесо Чырыстийы разамындӕй Хуыцауы Паддзахад 1914 азы уӕлӕрвты кӕй сфидар. Ныр Йесойы ныхӕстӕн сӕ бон уыд ӕмткӕй сӕххӕст уын: «Ӕмӕ хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт Матфейы 24:14).
адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Джозеф Ф. Рутерфорд уым равдыста хъӕппӕрисдзинад, цӕмӕй Паддзахады хабар ӕнцонӕмбарӕн суа фылдӕр адӕмӕн (Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй библион литературӕ ӕнӕсцухӕй цӕуа оптималон къаддӕр аргъыл, уый тыххӕй Ӕхсӕнад уынаффӕ рахаста йӕхи тыхтӕй йӕ мыхуыр кӕнын, Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта, ахӕм барвӕндон кусджыты ӕххуысӕй. Библи Иртасджытӕ иуылдӕр хуынд цыдысты Паддзахады тыххӕй цины хабар хъусын кӕнынмӕ. Иуӕй-иу бӕстӕты библион раныхӕстӕ радиойӕ лӕвӕрдой.
Библи Иртасджытӕ 1918 азмӕ афтӕ хъуыды кодтой, сӕ уацамынды нысан — баззайгӕ ӕвзӕрстыты сӕмбырд кӕнын, Йесо Чырыстиимӕ уӕлӕрвты уӕвынӕн, ӕмӕ ма ралӕууӕг Хуыцауы тӕрхонӕй дуне бафӕдзӕхсын. Адӕм ӕмбырд кӕныныл ничи хъуыды кодта, кӕцытӕ абоны фыдцардыуагон системӕйы кӕрон сфӕраздзысты зӕххыл цӕрынӕн. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, 1918 азӕй бирӕ рӕтты каст цыд доклад, ахӕм темӕйыл: «Абон цӕрӕг милуантӕ никуы амӕлдзысты!».
Йесойы притчӕйы Матфейы 25:31—46 фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй лӕмбынӕг ӕвзӕрст 1923 азы равдыста, Армагеддоны размӕ уал уӕларвон Паддзахадӕн ӕвзӕрст чи нӕ уыд, уыцы рӕстаг адӕм дӕр кӕй райсдзысты Хуыцауы ӕппӕлынад ӕмӕ Армагеддоны кӕй фервӕздзысты. Фыстимӕ абаринаг адӕм ӕмбӕлон кӕй сты стыр адӕмы чырмӕ, Раргомады 7:9—17 кӕуыл дзырдӕуы, уый 1935 азы дарддӕры ахуыр равдыста. Уыцы адӕм ӕппӕт адӕмтӕй ӕмбырд хъуамӕ ӕрцӕуой ӕмӕ сын уыдзӕн стыр зындзинад сфӕразыны, ӕмӕ ӕнусон цард зӕххыл райсыны перспективӕ. Уый ӕмбарынад уацамындӕн ратта стыр разӕнгарддзинад (Иоанны 10:16).
Библи Иртасджытӕ 1931 азӕй хуыйнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уӕды онг сӕ зыдтой куыд Библи Иртасджытӕ, Библийы Ӕхсӕнадӕмон Иртасджытӕ, милленартӕ, «Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы» адӕм. Уыдон ӕнӕввӕрсонӕй хуыдтой расселлисттӕ кӕнӕ рутерфордонтӕ. Уыцы нӕмттӕй сӕ иу дӕр раст нӕ бӕрӕг кодта. Ӕмӕ кӕд Хуыцауон раззындӕй лӕвӕрд уыд ном «чырыстӕттӕ», уӕд сыл, кӕй зӕгъын
ӕй хъӕуы, фидыдта, фӕлӕ ма уыцы номӕй пайда кодтой бирӕ, мӕнг ахуырӕдтыл хӕст, къордтӕ. Цӕмӕй сӕхи милуангай мӕнг чырыстӕттӕй ахицӕн кодтаиккой, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъуыд Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты абон чи бӕлвырд кодтаид, ахӕм ном.Фыстады равзӕрст нын ӕргом равдыста, Иегъовӕ израилӕгты йе ’вдисӕнтӕ куыд схуыдта, афтӕ абоны цардыуагон системӕйы кӕрон дӕр йӕ ном ӕмӕ йӕ фӕндон хъусынгӕнӕг адӕмӕн ӕмбӕлонӕй сӕ бон у хуыйной Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ацы ном бындуронӕй хицӕн кӕны Иегъовӕйы ӕцӕг чырыстон кувджыты, абон чырыстӕттӕ хуыйнын кӕй фӕнды, ӕппӕт уыдонӕй (Рацыд 33:19; Исай 43:10—12).
Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы 1942 азы Джозеф Ф. Рутерфорд фӕзиан ӕмӕ Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады президент сси Нейтан Х. Норр. Ныр раргом сты пехуымпарӕдтӕ, хӕсты фӕстӕ кӕй ралӕудзӕн сабырад ӕмӕ сӕрибарады рӕстӕг, кӕцы фадат ратдзӕн ацы системӕйы кӕрон уацамынд дзӕвгар ауӕрӕх кӕнынӕн. Февралы 1943 азы бындур сӕвӕрдтой Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Библион скъола Галаадӕн, цӕмӕй дзы цӕттӕ кӕной ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты алы бӕстӕты миссионерон куыстӕн. Ӕмӕ ма уыцы аз бакодтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылкъуырион уӕлӕмхасӕн фембӕлд — хъусын кӕнынмӕ цӕттӕгӕнӕн сӕрмагонд программӕ.
Ӕхсӕнад 1950 азы уадзын байдыдта «Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац»-ы хицӕн хӕйттӕ — Библи фыццаг цы ӕвзӕгтыл уыд фыст, уыдонӕй нырыккон англисаг ӕвзагмӕ. Уыцы, ӕнцонӕй ӕмбарынгӕнӕг, Библийы бӕстон тӕлмацы рауагъд зынаргъ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Ӕхсӕнады типографиты мыхуыр цыд ӕмӕ уый тынг баххуыс уацамындан. Абоны онг парахат ӕрцыд 90 милуан экземплярӕй фылдӕр 27 ӕвзагыл.
Уацамынды 1996 азы кӕрон хайад райстой 5 милуанӕй фылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕны 230 бӕстӕ ӕмӕ сакъадахон территорийӕ фылдӕры. Чырыстийы мӕлӕты мысӕн Изӕры сӕ 81 908 ӕмбырды уӕдӕй фылдӕр никуы уыд, ӕнӕхъӕн 1996 азы дӕргъы — 12 921 933 адӕймаджы.
Иегъовӕйӕн иудадзыг активон лӕггаддзинад, ӕппӕтдунеон иудзинад, Иегъовӕйы номӕн арф цыт, Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын, хӕрзӕгъдаудзинады бӕрзонд къӕпхӕн, ӕппӕт Библи нымайын куыд Хуыцауы ӕнӕрӕдыд Ныхас ӕмӕ мӕнгуырнындзинад ӕмӕ спиритизмӕй сӕрибардзинад ӕвдисы, Хуыцау Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕцӕг кӕй пайда кӕны.
Дарддӕр дзырдӕуы, Хуыцауы ӕцӕг кувынады сфидарӕй куыд у дӕ бон пайда райсын.
• Цавӕр сӕйраг библион ахуырӕдтӕ хицӕн кодтой Библи Иртасджыты иннӕ динтӕй?
• Цавӕр организаторон ивындзинӕдтӕ ӕрцыд Библи Иртасджытыл 1918 азы онг?
• Цӕмӕн ис зӕгъӕн тыхӕй сӕрст Библи Иртасджыты къорд кӕй уыд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», Матфейы 24:45—47 койгонд?
• Хуыцауы фӕндоны цавӕр ӕмбарынад ратта фадат хъусын кӕныны хъуыддаг апарахат кӕнынӕн?
• Цы нысан кӕны ном — Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?
• Цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ нын ис, Хуыцау ӕцӕг кӕй пайда кӕны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй?
[Нывтӕ 8 фарсыл]
Ч. Т. Расселл 1879 азы.
Июль 1879 азы уагъд журнал.
Библи Иртасджыты рагон къорд Питтсбурджы.
[Нывтӕ 9 фарсыл]
Сӕйраг хайад Питтсбурджы, Пенсильваны (1889 — 1909).
Сӕйраг къанторӕ Бруклины, Нью-Йорчы (1909 — 1918).
Сӕйраг хайады ӕмдзӕрӕн Бруклины, Нью-Йорчы (1909 — 1926).
[Нывтӕ 10 фарсыл]
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон сӕйраг хайад Бруклины (Нью-Йорк, АИШ).
Уӕле галиуырдыгӕй: къанторӕты бӕстыхӕйттӕ.
Уӕле рахизырдыгӕй: ӕмдзӕрӕнтӕ.
Бынӕй галиуырдыгӕй: типографийы комплекстӕ.
Бынӕй рахизырдыгӕй: ӕрвитӕн центр.
[Нывтӕ 11 фарсыл]
Дж. Ф. Рутерфорды радиораныхас.
Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады фыццаг мыхуыргӕнӕн машинӕ, барвӕндон кусджыты лӕггадӕй.
Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы Тӕлмац, абон 27 ӕвзагыл цӕуы.