Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сыгъдӕг уды дыргъ

Сыгъдӕг уды дыргъ

71 (163) зарӕг

Сыгъдӕг уды дыргъ

(Галатӕгтӕм 5:22, 23)

1. Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ мах

Хъӕуы рӕзын, фидар кӕнын.

Хӕсдзыстӕм Хуыцауӕн кад уымӕй,

Уыдзӕн нын хай — ’нустӕм цӕрын.

Уӕд уарзондзинад махмӕ алкӕд,

Хуыцауӕй цӕуӕг ’мӕ сыгъдӕг.

Нӕ зӕрдӕты алкӕддӕр цин уӕд —

У циндзинад хъарудӕттӕг.

2. Хуыцауы фарн хъуамӕ уа махмӕ,

Цӕмӕй иумӕ размӕ цӕуӕм.

У ’нӕмӕнг фӕразондзинад дӕр,

Куыд фӕразӕм ӕмӕ быхсӕм.

Хӕлардзинадӕн ис ыстыр тых,

Лӕджы зӕрдӕ ’ртайын кӕны!

Хъуыддагмӕ нӕ хорздзинад хоны —

Нӕ цины уац алкӕм хӕссын.

3. Уырнындзинад фидар кӕны мах,

Нӕ цардамонд ууыл лӕууы.

Фӕлмасдзинад дӕр нын ахъаз у —

Мӕстджын зӕрдӕ сабыр кӕны.

Хъӕуы зонын хиуыл хӕцын дӕр,

Хуыцауы раз раст цӕмӕй уӕм.

Цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ыссарӕм,

Мах уды дыргъ алкӕд хӕссӕм!