ФЫНДДӔСӔМ СӔР
Кад кӕнут уӕ ацӕргӕ ныййарджытӕн
1. Нӕ ныййарджыты раз хӕсджын цӕмӕн стӕм ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ уӕм?
КӔДДӔР иу зондджын лӕг афтӕ загъта: «Дӕ ныййарӕг фыдмӕ хъус, ӕмӕ дӕ мад кӕй базӕронд, уый тыххӕй йыл былысчъил ма кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 23:22). «Куыд хъуамӕ кӕнай дӕ ныййарджытыл былысчъилтӕ!» – зӕгъдзынӕ ды. Ӕмӕ нӕ ӕцӕгдӕр йӕ мад, кӕнӕ йӕ фыдмӕ ахӕм цӕстӕй ничи кӕсы, тынг зынаргъ нын сты. Ӕмбарӕм ӕй, сӕ разы ныл стыр хӕс кӕй ис. Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ нын цард уыдон радтой. Кӕд Царддӕттӕг Йегъовӕ у, уӕддӕр нӕ ныййарджытӕ куы нӕ уыдаиккой, уӕд мах дӕр нӕ уаиккам. Махӕн нӕ бон нӕ ныййарджытӕн ахӕмӕй ницы у раттын, ӕмӕ йын цардимӕ абарӕн уа. Стӕй ма ахъуыды кӕн, сывӕллоныл йӕ райгуырдӕй йӕ сыстырмӕ цас мӕт, цас фыдӕбон ӕмӕ цас хардз ис, ныййарджытӕ сӕхи цас цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Уӕдӕ нын Хуыцауы Ныхас дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады... цӕмӕй дын уа хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрай» (Ефесӕгтӕм 6:2, 3).
УӔ ЗӔРДӔЙЫ ХЪАРМ СЫН МА ’ВГЪАУ КӔНУТ
2. Стыр сывӕллӕттыл сӕ ныййарджыты раз цы хӕс ис, уый сын цӕмӕй у сӕ бон фидын?
2 Апостол Павел чырыстӕттӕм фыста: «Цот кӕнӕ цоты цот... фыццаджыдӕр ахуыр кӕнӕнт, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый сӕхи бинонты ’хсӕн ӕвдисыныл, ӕмӕ сыл сӕ ныййарджыты ӕмӕ уыдоны ныййарджыты раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕныныл, уымӕн ӕмӕ уый раст у Хуыцауы раз» (1 Тимофеймӕ 5:4). Стыр сывӕллӕттыл сӕ ныййарджыты ӕмӕ уыдоны ныййарджыты раз цы хӕс ис, уый сын фидынц, сӕ уарзт, сӕ мӕт ӕмӕ сын сӕ бирӕ азты фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕнынц, уымӕй. Уый та уӕд уыдзӕни зӕгъӕн, ӕмӕ сывӕллӕттӕ куы ’мбарой, ацӕргӕтӕ дӕр адӕймӕгтӕ кӕй сты, ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ исчи уарза ӕмӕ сын уый тыххӕй дзура. Арӕх сӕ уымӕй тынгдӕр ницы фӕхъӕуы. Уыдон дӕр ӕй хъуамӕ зоной, чидӕр сын кӕй аргъ кӕны ӕмӕ сӕ цард дзӕгъӕлы кӕй нӕу.
3. Нӕ ныййарджыты ӕмӕ уыдоны ныййарджыты кӕй нымайӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
3 Уӕдӕ нӕ ныййарджыты ӕмӕ уыдоны ныййарджыты кӕй нымайӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ сын нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куы ’вдисӕм (1 Коринфӕгтӕм 16:14). Кӕд нӕ ныййарджытӕ немӕ нӕ цӕрынц, уӕд ӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм, цы хабӕрттӕ нӕм ис, куыд стӕм, уый куы зоной, уӕд сын тынг ӕхсызгон кӕй уыдзӕн. Писмо сӕм куы афыссӕм, телефонӕй сӕм куы бадзурӕм кӕнӕ сӕ куы абӕрӕг кӕнӕм, уӕд сын уый стыр цины хос уыдзӕн. Мийо цӕры Японы, ӕмӕ йыл 82 азы куы цыди, уӕд ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Мӕ чызг мын [йӕ лӕг у цӕуӕг цӕстдарӕг] фӕзӕгъы, мамӕ, ды дӕр немӕ „цу“, зӕгъгӕ. Кӕд кӕм уыдзысты, уый мӕм ныффыссы ӕмӕ мын сӕ телефоны номыртӕ дӕр ӕрбарвиты. Ӕмӕ та ӕз дӕр картӕмӕ ӕркӕсын ӕмӕ мӕхицӕн фӕзӕгъын, ныр та мӕнӕ ам сты, зӕгъгӕ. Ӕдзухдӕр Йегъовӕйӕн бузныг фӕзӕгъын, ахӕм хъӕбул мын кӕй радта, уый тыххӕй».
ӔХЦАЙӔ СЫН ӔХХУЫС КӔНУТ
4. Дзуттӕгты дины разамонджытӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодтой?
4 Цымӕ ныййарджытӕн кад кӕнынмӕ уый дӕр хауы, ӕмӕ сын ӕхцайӕ дӕр ӕххуыс кӕнӕм? О, ӕхцайӕ фӕкӕсын дӕр сӕм арӕх фӕхъӕуы. Йесойы рӕстӕджы дзуттӕгты дины разамонджытӕ афтӕ дзырдтой, ӕмӕ, дам, адӕймаг йе ’хца кӕнӕ йӕ исбонӕй афтӕ куы зӕгъа, «уый Хуыцауӕн нывонд у, зӕгъгӕ», уӕд ӕй уыцы исбонӕй йӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнын нал хъӕуы (Матфейы 15:3–6). Цы дурзӕрдӕ уыдысты уыцы дины разамонджытӕ! Уыдон адӕмы сӕ ныййарджытӕн кад кӕнын нӕ ахуыр кодтой, фӕлӕ сӕ ахӕм зондыл арӕзтой, цӕмӕй сӕ мацӕмӕ дардтаиккой. Мах афтӕ макуы бакӕнӕм! (Дыккаг закъон 27:16).
5. Кӕд бирӕ бӕстӕты ацӕргӕтӕм хицауадӕй цыдӕр ӕххуыс хауы, уӕддӕр хатт сывӕллӕтты цӕмӕн фӕхъӕуы сӕ ныййарджытӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын?
5 Абон бирӕ бӕстӕты хицауад цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕны ацӕргӕтӕн, зӕгъӕм, хӕрдӕй ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй, йе та сын цӕрӕнбынат дӕр раттынц. Ацӕргӕтӕ сӕхӕдӕг дӕр зӕронды бонтӕм сӕхицӕн цыдӕр капеччытӕ ӕрӕмбырд кӕнынц. Фӕлӕ сын уыцы ӕхцатӕ куы фӕуой кӕнӕ фаг куы нӕ уой, уӕд, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты кӕй нымайынц, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ сын сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй куы ӕххуыс кӕной. Уӕвгӕ, адӕймаг йӕ ацӕргӕ ныййарджытыл кӕй тыхсы, уымӕй ӕвдисы, Йегъовӕ Хуыцауыл, бинонты царды Бындурӕвӕрӕгыл, иузӕрдион кӕй у.
УДУӔЛДАЙ УАРЗТ
6. Иуӕй-иутӕ цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм кӕсой, уый тыххӕй сӕ царды цы фӕивынц?
6 Ныййарджытӕн сӕхимӕ кӕсын сӕ бон куы нал вӕййы, уӕд бирӕ сывӕллӕттӕ равдисынц удуӕлдай уарзт. Чидӕртӕ дзы сӕ ныййарджыты сӕхимӕ ракӕнынц, цӕмӕй семӕ цӕрой, кӕнӕ та сӕ цӕрӕнбынат аивынц, цӕмӕй сӕм ӕввахсдӕр уой. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм рацӕуынц цӕрынмӕ. Ӕмӕ арӕх уый фӕрцы фенцондӕр вӕййы ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕн сӕхицӕн дӕр.
7. Ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсын куы хъӕуа, уӕд уынаффӕ рахӕссыныл тагъд кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?
7 Фӕлӕ хатт ахӕм ивындзинӕдтӕй уавӕр хуыздӕр нӕ фӕвӕййы. Цӕуылнӕ? Чи зоны, уыцы хъуыддагыл ӕгӕр кӕй фӕтагъд кодтой кӕнӕ адӕймаг, йӕ зӕрдӕ йӕм цы дзырдта, уымӕй дарддӕр кӕй ницӕуыл ахъуыды кодта, уый тыххӕй. «Ӕмбаргӕ адӕймаг... йӕ къахдзӕфтыл хъуыды кӕны лӕмбынӕг»,– дзуры Библи (Ӕмбисӕндтӕ ). Зӕгъӕм, дӕ ацӕргӕ мадӕн иунӕгӕй цӕрын зын у ӕмӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, мемӕ куы цӕра, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн. Ам лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын хъӕуы ахӕм фарстатыл: мӕ мады ӕцӕгӕй та цавӕр ӕххуыс хъӕуы? Хицауадӕй уый ныфс ис, ӕмӕ йӕм хорз кӕсой, кӕнӕ уын искӕй баххуырсыны фадат ис? Йӕхи фӕнды йӕ цӕрӕнбынат ныууадзын ӕмӕ сымахмӕ рацӕуын цӕрынмӕ? Кӕд ӕй фӕнды, уӕд ыл уый куыд фӕзындзӕн? Йӕ хӕлӕрттӕй нӕ фӕхицӕн уыдзӕн? Йӕхи куыд хатдзӕн, ӕнкъард нӕ кӕндзӕн? Йӕхиимӕ йын аныхас кодтай уыдӕттыл? Сымахмӕ куы рацӕуа цӕрынмӕ, уӕд уый дӕхиуыл, дӕ цардӕмбалыл ӕмӕ дӕ сывӕллӕттыл та куыд фӕзындзӕн? Кӕд дӕ мадмӕ кӕсын хъӕуы, уӕд йӕ фарсмӕ чи уыдзӕн? Исчи ма дын ис ахӕм, ӕмӕ йӕм иумӕ кӕсат? Куыд хуыздӕр уыдзӕн, ууыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ныхас кодтай? 14:15
8. Дӕ ацӕргӕ ныййарджытӕн куыд баххуыс кӕнай, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ хорз кӕимӕ уаид аныхас кӕнын?
8 Ныййарджытӕм кӕсын сывӕллӕттӕй алкӕй хӕс дӕр у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ӕгас бинонтӕй иумӕ бауынаффӕ кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй аскъуыддзаг кӕнын, хуыздӕр куыд уыдзӕн, уый. Стыр ӕххуыс ма дын уыдзӕн, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ кӕнӕ, де ’мбӕлттӕй ахӕм уавӕры чи уыд, уыдонимӕ аныхас кӕнын дӕр. «Ӕргом ныхас кӕм нӕй, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты,– фӕдзӕхсы Библи,– бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым та хъуыддӕгтӕ сырӕздзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 15:22).
ӔМБАРУТ СӔ ӔМӔ-ИУ СӔ УАВӔРЫ БАЦӔУТ
9, 10. а) Ныййарджытӕ куы базӕронд вӕййынц, уӕддӕр сӕм цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы? ӕ) Адӕймаг йӕ ныййарджыты хорзыл хъуыдыгӕнгӕйӕ цыфӕнды ма араза, уӕддӕр ӕй цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?
9 Нӕ ацӕргӕ ныййарджыты кӕй нымайӕм, уый ма уымӕй дӕр уыдзӕн бӕрӕг, ӕмӕ сӕ куы ’мбарӕм ӕмӕ-иу сӕ уавӕры куы бацӕуӕм. Азтӕ сӕхион кӕнынц, ӕмӕ зӕрондӕн фӕзын вӕййы цӕуын, хӕрын, рох кӕнын райдайы, ӕмӕ йӕ фӕхъӕуы ӕххуыс. Хатт сывӕллӕттӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджыты алцӕмӕй дӕр фӕхъахъхъӕнынц ӕмӕ сын алы къахдзӕфӕн дӕр фӕамонынц, ам афтӕ бакӕн, ам та – мӕнӕ афтӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыдон сывӕллӕттӕ не сты, сӕхӕдӕг цард фӕцардысты ӕмӕ бирӕ федтой, ис сӕм бирӕ зонд, сӕ царды дӕргъы сӕхӕдӕг кастысты сӕхимӕ, сӕхӕдӕг уыдысты сӕ цардӕн уынаффӕгӕнӕг. Чи зоны, сывӕллӕттӕ кӕй схъомыл кодтой ӕмӕ царды бирӕ цыдӕртӕ кӕй федтой, уымӕй сӕрыстыр сты. Ӕмӕ уый куы бамбарынц, ӕмӕ ныр сӕ бӕсты ӕппӕт дӕр сӕ сывӕллӕттӕ скъуыддзаг кӕндзысты, уӕд арӕх сӕхимӕ ныхъхъусынц кӕнӕ мӕсты дӕр фӕкӕнынц. Иуӕй-иутӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма сын сӕ сывӕллӕттӕ сӕ бартӕ исынц, ӕмӕ сӕм фӕхӕрам вӕййынц ӕмӕ сӕхицӕн ӕххуыс кӕнын нал фӕуадзынц.
10 Ахӕм уавӕрты ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ дӕ ацӕргӕ ныййарджыты куы бауадзай, цӕмӕй, сӕ бон кӕм у, уым сӕхӕдӕг кӕсой сӕхимӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ сӕ кӕй ӕмбарыс. Хорз уаид, ӕмӕ-иу ӕнӕ сӕхи бафӕрсгӕйӕ куы нӕ аскъуыддзаг кӕнис, хуыздӕр сын цы у, уый. Ӕнӕуи дӕр бирӕ цыдӕртӕ нал у сӕ бон. Уӕдӕ сӕ бауадз, ӕмӕ сӕ бон цы у, уый уӕддӕр аразой. Цас сӕ фылдӕр уадзай сӕхи бар, уыйас уын ӕнцондӕр уыдзӕн иумӕ. Уыдонӕн дӕр сӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн, ӕмӕ дӕуӕн дӕр ӕхсызгон уыдзӕн. Цыдӕр хъуыддаджы дӕ фидарӕй зӕгъын куы хъӕуа, нӕ, афтӕ уын хуыздӕр уыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр ма рох кӕн, ныййарджытӕн кӕй хъӕуы аргъ кӕнын ӕмӕ сӕ ӕфсӕрмы кӕнын. Хуыцауы Ныхас нын дзуры: «Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст ӕмӕ зӕрондӕн ӕгъдау дӕтт» (Левит 19:32).
РАСТ ЦӔСТӔЙ СӔМ КӔС
11–13. Кӕд сывӕллонӕн гыццылӕй йӕ ныййарджытӕ хорз нӕ уыдысты, уӕддӕр ын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, куы базӕронд уой, уӕд сӕм кӕса?
11 Хатт сывӕллӕттӕн сӕ зӕронд ныййарджытӕн кад кӕнын зын вӕййы, гыццылӕй сын хорз кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй. Чи зоны, дӕ фыд уыди тызмӕг, рӕвдыд дзы нӕ зыдтай, дӕ мад та хӕдзары сызмӕлын никӕй уагъта, ӕдзух дӕ кодта схойгӕ. Ӕмӕ, чи зоны, нырма дӕр дӕ зӕрдӕ рыст у, йе та сӕм мӕсты дӕр кӕныс, дӕу куыд фӕндыд, ахӕм ныййарджытӕ дын кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй. Куыд фӕуӕлахиз уай дӕ зӕрдӕйы мастыл? a
12 Финляндийӕ иу нӕлгоймаг, Бассе, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъы: «Мӕ дыккаг фыд уыди фашистон Германы СС-ы афицер. Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу йӕ маст рафыхт, ӕмӕ дзы уӕд дӕхи хиз. Бирӕ хӕттыты-иу мын мӕ мады мӕ цӕстыты раз фӕнадта. Иу хатт мӕм цӕуылдӕр смӕсты, ӕмӕ йӕ рон фелвӕста, ныццавта мӕ, ӕмӕ роны ӕфтауӕн тӕккӕ дӕр мӕ цӕсгомыл сӕмбӕлд. Йӕ цӕфӕй сынтӕгыл бахаудтӕн».
13 Фӕлӕ йӕм хорзӕй дӕр цыдӕртӕ уыди. Бассе дарддӕр дзуры: «Иннӕмӕй та, цӕмӕй йӕ бинонты дардтаид, уый тыххӕй йӕхиуыл ӕппындӕр нӕ ауӕрста, ӕдзух кодта кусгӕ. Фыдау мӕ никуы барӕвдыдта, фӕлӕ йӕ зыдтон, цард ӕй кӕй скодта ахӕм. Гыццыл ма куы уыди, уӕд ӕй йӕ мад хӕдзарӕй асырдта. Царды йӕ алцӕуыл дӕр бахъуыди тымбыл къухӕй тох кӕнын. Афтӕмӕй бахъомыл ӕмӕ хӕрз ӕрыгонӕй хӕстмӕ ацыд. Кӕмдӕр ӕй ӕмбӕрстон, ахӕм цӕмӕн уыд, уый, ӕмӕ йыл мӕ зӕрдӕ нӕ худти. Иу цасдӕр мыл азтӕ куы рацыд, уӕд загътон, зӕгъын, цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ йын мӕ бон цӕмӕй уа, уымӕй ӕххуыс кӕндзынӕн. Ӕнцон мын нӕ уыд, фӕлӕ мӕ бон цы уыд, уый арӕзтон. Архайдтон, цӕмӕй йын кӕронмӕ дӕр хорз фырт уыдаин, ӕмӕ мӕ ныфс ис, уый дӕр мӕ ахӕмыл кӕй нымадта».
14. Царды алы уавӕрты дӕр ӕмӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсгӕйӕ дӕр Библийӕ цавӕр ныхӕстӕ сты ӕххуыс?
14 Царды алы уавӕрты куыд у, афтӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсгӕйӕ дӕр стыр ӕххуыс сты Библийы ныхӕстӕ: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут уӕ кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Кӕд-иу уӕ иу иннӕмӕ истӕуыл хӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд ӕмӕ-иу ын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕд. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнут» (Колоссӕгтӕм 3:12, 13).
ЙӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔМ ЧИ КӔСЫ, УЫДОНМӔ ДӔР ФӔКӔСЫН ХЪӔУЫ
15. Ныййарджытӕм кӕсын хатт уӕлдай зын цӕмӕн вӕййы?
15 Ӕнӕбон, зӕронд ныййарӕгмӕ кӕсын тынг зын у: уый адӕймагыл ӕвӕры бирӕ хӕстӕ, стыр бӕрндзинад ӕмӕ йын хъӕуы бирӕ рӕстӕг. Фӕлӕ ӕппӕтӕй зындӕр та у, ныййарджытӕ лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр куыд кӕнынц, куыд ницыуал фӕхъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ бон куыд ницыуал у, уымӕ кӕсын. Мӕнӕ цы дзуры Пуэрто-Рикойӕ иу сылгоймаг, Сэнди, зӕгъгӕ: «Нӕ хӕдзар ӕгасӕй дӕр мӕ мадыл лӕууыд. Куыд хъизӕмар кодта, уымӕ кӕсын мын тынг зын уыди. Нырма уал къуылых цӕуын райдыдта, стӕй ӕнӕ лӕдзӕгӕй нал уыди йӕ бон цӕуын, уый фӕстӕ та йӕ хъуыди ӕнцойгӕнӕн лӕдзгуытӕ, ӕмӕ ӕппынфӕстаг та тулгӕ къӕлӕтджынмӕ ӕрхауд. Афтӕ йӕ уавӕр кодта ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, ӕмӕ фӕстагмӕ амард. Стджыты рак ӕм уыди ӕмӕ йӕм ӕхсӕвӕй-бонӕй хъуыди кӕсын. Ныннадтам-иу ӕй, бахӕрын-иу ын кодтам ӕмӕ-иу ын кӕсгӕ дӕр кодтам. Уый тынг зын уыди. Ӕппӕты зындӕр та уыди йӕ тӕригъӕдмӕ кӕсын. Мӕ мады тынг бирӕ уарзтон, ӕмӕ мӕлгӕ кӕны, уый куы бамбӕрстон, уӕд ныккуыдтон».
16, 17. Йӕ рынчын ныййарджытӕм чи кӕсы, уымӕн ӕмбаргӕйӕ архайынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
16 Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Кӕс Библи ӕмӕ афтӕмӕй хъус Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ, стӕй дӕхӕдӕг дӕр ныхас кӕн йемӕ, кув ӕм (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Хӕрдӕй дӕр дӕхи цух ма уадз ӕмӕ фаг фынӕй кӕн. Уӕд дӕхи хуыздӕр хатдзынӕ ӕмӕ дын дӕ ныййарӕгмӕ кӕсын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Ӕвзӕр нӕ уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу дӕ хъуыддӕгтӕй дӕхи куы ратонис ӕмӕ-иу дӕхи куы аирхӕфсис. Кӕд дӕ бон искуыдӕм улӕфынмӕ ацӕуын нӕу, уӕддӕр хорз уаид дӕ фӕллад суадзынӕн рӕстӕг ссарын. Чи зоны, дӕ бон у искӕмӕн зӕгъын, цӕмӕй дын уыцы рӕстӕг дӕ рынчын ныййарӕгмӕ фӕкӕса.
17 Адӕймаг рынчынмӕ куы фӕкӕсы, уӕд арӕх йӕхицӕй ӕгӕр бирӕ фӕдомы. Фӕлӕ дӕхи ма хӕр, дӕ бон алцы аразын кӕй нӕу, уый тыххӕй. Хатт уавӕртӕ афтӕ вӕййынц, ӕмӕ адӕймаджы йӕ зынаргъ ныййарӕджы раттын бахъӕуы, дохтыртӕ йӕм кӕм кӕсой, ахӕм зӕрӕдты хӕдзармӕ. Кӕд ды дӕр дӕ рынчын ныййарӕгмӕ кӕсыс, уӕд дӕхицӕй, дӕ бон цы нӕу, уый ма дом. Канд дӕ ныййарджытӕм дӕ нӕ хъӕуы кӕсын, фӕлӕ ма дӕ хъуыды кӕнын хъӕуы дӕ сывӕллӕттыл, дӕ цардӕмбалыл ӕмӕ дӕхиуыл дӕр.
ЙЕГЪОВӔ ДӔТТЫ ХЪАРУ
18, 19. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ, йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый цавӕр хабарӕй у бӕрӕг?
18 Йӕ зӕронд ныййарджытӕм чи кӕсы, уыдонӕн Йегъовӕ зӕрдӕхӕларӕй ӕххуыс кӕны, йӕ Ныхас Библийы сын цы зонд амоны, уый фӕрцы. Фӕлӕ сын ӕрмӕст уымӕй не ’ххуыс кӕны. «Хӕстӕг у Йегъовӕ, чи йӕм кувы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр,– фыста псаломзарӕггӕнӕг.– Сӕ лӕгъстӕ сын фехъусдзӕн ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн». Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цыфӕнды зын уавӕры дӕр фервӕзын кӕны, ома сӕ бахъахъхъӕны (Псалом 145:18, 19, НД [144:18, 19]).
19 Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый йӕхиуыл бавзӕрста Филиппинтӕй иу сылгоймаг, Мирнӕ, зӕгъгӕ. Мирнӕ касти йӕ мадмӕ – паралич ӕй ныццавта ӕмӕ йӕ бон ницыуал уыди. «Уымӕй зындӕр ницы ис, ӕмӕ дын зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг куыд удхар кӕны ӕмӕ дзы цы риссы, уый зӕгъын дӕр йӕ бон куыд нӕу, уымӕ кӕсай,– фыссы Мирнӕ.– Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ цӕстыты раз дӕлдон кӕны ӕмӕ йын мӕнӕн та мӕ бон баххуыс кӕнын ницӕмӕй у. Бирӕ хатт-иу мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзырдтон, куыд бафӕлладтӕн. Ӕз дӕр-иу Давидау куыдтон ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, мӕ цӕссыгтӕ мын дӕхимӕ мигӕнӕны нывӕр ӕмӕ мӕ ма ферох кӕн, зӕгъгӕ [Псалом 55:9]. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ Ныхасы куыддӕриддӕр загъта, афтӕ мын хъару лӕвӕрдта. Йегъовӕ „уыд ме ’нцой“» (Псалом 17:19).
20. Йӕ зӕронд ныййарӕгмӕ чи кӕсы, уый Библийӕ цавӕр ныхӕстӕ фидар кӕндзысты, йӕ ныййарӕг куы амӕла, уӕд дӕр?
20 Чидӕр афтӕ загъта, зӕгъгӕ, зӕронд ныййарджытӕм кӕсын у, «йӕ кӕрон ӕнкъард кӕмӕн у, ахӕм радзырд». Зӕрондмӕ куыдфӕнды хорз ма кӕсай, уӕддӕр амӕлы, Мирнӕйы мад куыд амард, афтӕ. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уыдон ӕй зонынц, мӕлӕт кӕрон кӕй нӕу. Апостол Павел ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Мӕ ныфс дарын Хуыцауыл, кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Йӕ ныййарджытӕ кӕмӕн амардысты, уыдонӕн стыр ныфс у, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ Хуыцау диссаджы ног дуне кӕй скӕндзӕн, уый. Уыцы ног дунейы мӕлӕт нал уыдзӕн (Раргомад 21:4).
21. Ацӕргӕ ныййарджытӕн кад кӕнын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?
21 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ ныййарджытӕ зӕрондӕй дӕр сӕ цӕсты кадджын вӕййынц (Ӕмбисӕндтӕ 23:22–24). Аргъ сын кӕнынц. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕхи цӕстӕй уынынц, Библийы иу ӕмбисонд цы зӕгъы, уый: «Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мад цин кӕндзысты, ӕмӕ дӕ чи ныййардта, уымӕн йӕ зӕрдӕ райдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 23:25). Ӕппӕты сӕйраг та уый у, ӕмӕ йӕ ацӕргӕ ныййарджыты чи нымайы, уыдон Йегъовӕ Хуыцауы дӕр нымайынц ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнынц.
a Чи зоны, чидӕр, ныййарӕг уӕвгӕйӕ, йӕ сывӕллонӕн ахӕм ӕвзӕрдзинад сарӕзта, ӕмӕ уыцы хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ нымад у фыдракӕндыл. Ам ахӕм хабӕрттыл нӕ цӕуы дзырд.