Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФЫЦЦАГ СӔР

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у?

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у?

1. Ӕнгом бинонтӕн ӕхсӕнады стыр ахадындзинад цӕмӕн ис?

 ЗӔХХЫЛ адӕм куы фӕзындысты, уӕд фыццаджыдӕр бындур ӕвӕрд ӕрцыд бинонты цардӕн. Бинонтӕн ӕхсӕнады кӕддӕриддӕр уыди стыр ахадындзинад. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр бинонтӕ ӕнгом кӕм уыдысты, уым ӕхсӕнад дӕр уыди фидар. Сывӕллонӕн дӕр ӕппӕты хуыздӕр у, бинонты ’хсӕн куы хъомыл кӕна – уӕд хуыздӕр цӕттӕ вӕййы цардмӕ.

2–5. а) Радзур, амондджын бинонты ’хсӕн сывӕллон йӕхи куыд фӕхаты, уый тыххӕй. ӕ) Бинонтӕ арӕх цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

2 Амондджын бинонты ’хсӕн цӕры фарн, адӕймаг вӕййы ӕдас, ӕдыхст. Нӕ цӕстытыл ма ауайын кӕнӕм ӕмуд, фӕрнӕйдзаг бинонты. Уарзӕгой ныййарджытӕ сӕ цотимӕ иумӕ ӕхсӕвӕр хӕрынц ӕмӕ, сӕ бон куыд ацыд, ууыл ныхас кӕнынц. Сывӕллӕттӕ ныхас кӕрӕдзийы дзыхӕй скъӕфынц, афтӕмӕй сӕ фыд ӕмӕ сӕ мадӕн дзурынц, скъолайы сыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уый тыххӕй. Бинонтӕ сӕ рӕстӕг иумӕ кӕй арвыстой, уый сын се уӕнг фӕрог кодта, ӕмӕ сӕм ныр ис хъарутӕ, цӕмӕй та райсом дарддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ кӕной.

3 Ӕнгом бинонты ’хсӕн чи хъомыл кӕны, ахӕм сывӕллон зоны: куы фӕрынчын уа, уӕд ӕй йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад нӕ ныууадздзысты, куы бахъӕуа, уӕд кӕрӕдзи ивгӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв дӕр йӕ уӕлхъус лӕудзысты. Йӕ рӕзгӕ кары цӕуылфӕнды ма фӕтыхса, уӕддӕр йӕ сагъӕстӕ йӕ мад кӕнӕ йӕ фыдӕн радзурдзӕн, ӕмӕ йын уыдон зонд бацамондзысты, баххуыс ын кӕндзысты. Ахӕм сывӕллон ныфсджын у, йӕ алыварс дуне цыфӕнды хӕццӕ ма уа, уӕддӕр.

4 Сывӕллон сыстыр вӕййы, йӕхӕдӕг дӕр бинонтӕ скӕны ӕмӕ йын фӕзыны сывӕллӕттӕ. «Адӕймаг хъӕбулы ад куы базоны, ныййарӕджы фыдӕбон уӕд бамбары»,– зӕгъы иу ӕмбисонд. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уӕд сывӕллон тынгдӕр бузныг вӕййы йӕ ныййарджытӕй, ноджы зынаргъдӕр ын свӕййынц, ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй ныр йӕхи бинонтӕ дӕр уой амондджын. Уыимӕ тыхсы йӕ ацӕргӕ ныййарджытыл дӕр – лӕггад сын кӕны. Ӕмӕ уыдон та сӕ цоты цоты цинӕй цӕрынц.

5 Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Ӕз дӕр куыннӕ уарзын мӕ бинонты, фӕлӕ ам цы бинонты кой цӕуы, уыдонмӕ мах бирӕ хъӕуы. Мӕ цардӕмбалимӕ нӕ кӕрӕдзи уынгӕ дӕр нӕ кӕнӕм, куыстӕй нӕ нӕ февдӕлы. Кӕд истӕуыл фӕныхас кӕнӕм, уӕддӕр фылдӕр – ӕхцайыл». Йе та, чи зоны, зӕгъыс: «Мӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты сывӕллӕттӕ ӕндӕр горӕты цӕрынц, ӕмӕ сӕ фенон, уый фадат мын нӕ вӕййы». Ӕцӕгдӕр, адӕймагӕн царды бирӕ цӕуылдӕрты нӕ цӕуы йӕ бар. Уыйадыл бирӕ бинонтӕ амондджын не сты. Фӕлӕ уӕддӕр ис, амондджын цард чи кӕны, ахӕм бинонтӕ. Цӕй фӕрцы? Ӕмӕ уӕвгӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ бинонтӕ амондджын уой? О. Фӕлӕ цӕй фӕрцы, уый базоныны размӕ уал нӕ дзуапп ссарын хъӕуы иу ахсджиаг фарстӕн.

КӔЙ ИС СХОНӔН БИНОНТӔ?

6. Цавӕр бинонтыл цӕудзӕн дзырд ацы чиныджы?

6 Европӕ ӕмӕ Америкӕйы бӕстӕты иу бинонтыл нымайынц фыд, мад ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты. Фыд ӕмӕ мады ныййарджытӕ та, цалынмӕ сӕ бон вӕййы, уӕдмӕ фӕцӕрынц хицӕнӕй. Ӕмӕ кӕд бинонтӕ сӕ хӕстӕджыты дӕр нӕ рох кӕнынц, уӕддӕр сӕ йӕ царды кой алчидӕр йӕхӕдӕг кӕны. Ацы чиныджы дзырд цӕудзӕн сӕйраджыдӕр ахӕм бинонтыл. Фӕлӕ фӕстаг рӕстӕг фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, ӕрмӕстдӕр иу ныййарӕг кӕм ис, ахӕм бинонтӕ, йе та бинонтӕ дыккаг хатт чи скодта кӕнӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ ныййарджытӕ иумӕ кӕм нӕ цӕрынц, ахӕмтӕ.

7. Цавӕр бинонтӕ ис схонӕн стыр бинонтӕ?

7 Иуӕй-иу бӕстӕты иу бинонтыл ӕрмӕст фыд, мад ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ не сты нымад, фӕлӕ фылдӕр чидӕртӕ. Ахӕм стыр бинонты ’хсӕн сывӕллӕттӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фӕкӕсынц сӕ фыд ӕмӕ сӕ мады ныййарджытӕм. Уымӕй уӕлдай, фидар тӕгтӕй баст вӕййынц сӕ дард хӕстӕджытимӕ дӕр, уыдоны раз дӕр сыл вӕййы цыдӕр хӕстӕ. Сӕ хоты, се ’фсымӕрты цотӕн кӕнӕ ма ӕндӕр хӕстӕджытӕн дӕр феххуыс кӕнынц сӕ къахыл слӕууынӕн, суанг ма сӕм сахуыр кӕнынӕн ӕхцайӕ дӕр фӕкӕсынц. Ацы чиныджы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ӕххуыс сты ахӕм стыр бинонтӕн дӕр.

БИНОНТЫ ЦАРД – ТӔССАГ УАВӔРЫ

8, 9. Бинонты цард кӕй ивы, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

8 Абон бинонты цард ивы, фӕлӕ, хъыгагӕн, хуыздӕрырдӕм нӕ. Зӕгъӕм, Индийы рагӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ у, ӕмӕ нӕлгоймаг ус куы ракуры, уӕд фӕцӕрынц лӕджы бинонтимӕ, чындз фӕкӕны хӕдзары куыстытӕ ӕмӕ алцы дӕр фӕаразы, уыдон ын куыд дзурынц, афтӕ. Фӕлӕ абон индийаг устытӕй бирӕтӕ архайынц искуы куыст ссарыныл. Ӕцӕг уый сӕ къухы куы бафты, уӕд дӕр сӕ сӕ хӕдзары куыстытӕй не суӕгъд кӕнынц. Абон бирӕ бӕстӕты адӕммӕ фӕзыны ахӕм фарст: сылгоймаг искуы куы куса, уӕд ма хӕдзары цас хъуамӕ архайа?

9 Скӕсӕн бӕстӕты рагӕй фӕстӕмӕ дӕр стыр бинонтӕ фидар тӕгтӕй баст уыдысты. Фӕлӕ ныгуылӕн бӕстӕты адӕм куыд хиуарзон сты, уый ахӕм бинонтыл дӕр фӕзынд, стӕй цӕрын фӕзындӕр, ӕмӕ уый аххосӕй уыдон дӕр кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд нал сты. Бирӕтӕ сӕ зӕронд ныййарджытӕм кӕсын сӕхицӕн хӕсыл кӕнӕ кадыл нал нымайынц, фӕлӕ сын уаргъы хуызӕн сси. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджыты ӕфхӕрынц, ницӕмӕ сӕ дарынц. Ӕмӕ афтӕ у бирӕ бӕстӕты.

10, 11. Европӕйы бӕстӕты бинонты цард кӕй ивы, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

10 Уӕдӕ бинонты цард кӕй фехӕлы, уый дӕр диссаг никӕмӕуал кӕсы. Испанийы 1990 азты райдианы арӕхдӕр райдыдтой хицӕн кӕнын: алы 8 къайӕ дӕр-иу 1 къай ахицӕн, 25 азы размӕ та-иу дзы алы 100 къайӕ ахицӕн ӕрмӕстдӕр иу. Стыр Британийы бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕны, ӕрмӕстдӕр иу ныййарӕг кӕм ис, ахӕм бинонты нымӕц (бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Европӕйы бӕстӕтӕй уымӕй арӕхдӕр никуы пырх кӕны бинонты цард – алы 10 къайӕ ахицӕн вӕййы 4 къайы).

11 Германы та бирӕтӕ ӕппындӕр нӕ фӕнд кӕнынц бинонтӕ скӕнын. Цы хӕдзӕрттӕ дзы ис, уыдонӕн 1990 азты сӕ 35 проценты уыдысты, иу адӕймаг кӕм цард, ахӕмтӕ, сӕ 31 проценты та – ӕрмӕстдӕр дыууӕ адӕймаджы кӕм цард, ахӕмтӕ. Уӕдӕ Францы дӕр стӕм сты, ӕмкъайады цӕдис чи скӕны, ахӕм бинонтӕ. Чи дзы скӕны, уыдон та, раздӕримӕ абаргӕйӕ, арӕхдӕр ӕмӕ тагъддӕр ахицӕн вӕййынц. Иумӕ чи цӕры, фӕлӕ сӕ къухтӕ ӕрфыссыны фӕнд кӕмӕ нӕй, ахӕмты нымӕц дӕр рӕзы. Ӕмӕ хабар афтӕ у ӕгас дунейы дӕр.

12. Бинонты цард кӕй ивы, уый аххосӕй сывӕллӕттӕ цытӕ ’взарынц?

12 Цы зӕгъӕн ис сывӕллӕттӕй та? Америкӕйы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ; сӕ фылдӕрӕн дзы сӕ мӕдтӕ сӕхӕдӕг нырма сывӕллӕттӕ сты. Уыцы гыццыл чызджытӕй бирӕтӕн ис цалдӕргай сывӕллӕттӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр кӕмӕйдӕрты. Зӕххы къорийы алы къуымты дӕр фенӕн ис, уынгты чи рахау-бахау кӕны, ахӕм ӕнӕхӕдзар сывӕллӕттӕ, ӕмӕ ахӕм сывӕллӕттӕ сты милуантӕ. Бирӕтӕ сӕ хӕдзарӕй алыгъдысты, фыднад сӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй, йе та сӕ сӕ бинонтӕ сӕхӕдӕг ратардтой, уымӕн ӕмӕ сӕ сӕ бон дарын нал уыди.

13. Бирӕ бинонтӕ амондджын цӕуылнӕ сты?

13 О, бинонты цард ис кӕуинаг уавӕры. Уӕлдӕр цӕй кой ракодтам, уымӕй уӕлдай ма бинонты царды ис бирӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр: сывӕллӕттӕ куы бахъомыл вӕййынц, уӕд сӕ ныййарджытӕм нал фӕхъусынц, ныййарджытӕ сывӕллӕтты фыднад кӕнынц, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзимӕ сӕ къух исынц, бинонтӕй чидӕр фыднозт кӕны ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Сывӕллӕттӕй дӕр ӕмӕ стыртӕй дӕр бирӕтӕн хӕдзар хӕдзары ад нал кӕны.

14. а) Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ бинонты цард кӕуинаг уавӕры цӕмӕн ис? ӕ) Фыццаг ӕнусы иу закъонзонӕг нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый бинонты цардыл куыд фӕзынди?

14 Цымӕ цӕмӕн ӕрцыд бинонты цард ахӕм уавӕрмӕ? Иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ афтӕ уымӕн у, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ кусгӕ кӕй кӕнынц. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, йӕ аххосаг у, ӕгъдау кӕй нал ис, уый. Ӕрхӕссынц ма ӕндӕр аххосӕгтӕ дӕр. Бинонты царды афтӕ бирӕ зындзинӕдтӕ цӕмӕн ис, уый тыххӕй иу-дыууӕ мин азы размӕ иу зындгонд закъонзонӕг афтӕ ныффыста: «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хъал, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1–4). Ӕмӕ абон ӕцӕгдӕр афтӕ нӕу? Уӕдӕ ахӕм дунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, бирӕ бинонты цард кӕуинаг уавӕры кӕй ис, уый.

БИНОНТЫ АМОНД ЦӔМӔЙ КӔНГӔ У

15–17. Ацы чиныджы бинонты царды фӕдыл цы уынаффӕтӕ ис, уыдон кӕцӕй ист сты?

15 Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, уый фӕдыл алыхуызон хъуыдытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ ис. Ныгуылӕн бӕстӕты бинонты царды фӕдыл уыйбӕрц чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ уадзынц, ӕмӕ сын кӕрон нӕй. Фӕлӕ йӕ бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы уынаффӕгӕнджытӕ дӕр зӕххон адӕймӕгтӕ сты ӕмӕ дзы иутӕ иу дзурынц, иннӕтӕ та – бынтон ӕндӕр, стӕй абон хорз уынаффӕ кӕй хонынц, уый райсом, гӕнӕн ис, ӕмӕ рӕдыдыл банымайой.

16 Уӕдӕ уӕд кӕм ссарӕм, бинонтӕн ӕцӕгдӕр пайда чи уыдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ? Кӕддӕр, 1 900 азы размӕ чи ’рцыди фыст, ахӕм чиныджы сӕ агурис? Ӕви афтӕ зӕгъис, алӕ, уый уартӕ кӕдыккон у, зӕгъгӕ? Куыдфӕнды ма хъуыды кӕнӕм – растдӕр уыцы чиныгӕй ис базонӕн, бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый.

17 Уыцы чиныг у Библи. Ӕппӕтӕй дӕр бӕрӕг у, Хуыцау ӕй йӕхӕдӕг кӕй ныффыссын кодта. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй, ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16). Дӕ къухы цы чиныг ис, уый кӕсгӕйӕ фендзынӕ, Библи дын «хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн», ома, бинонты царды цы зындзинӕдтӕ ис, уыдон лыг кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн, уый.

18. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ бинонты царды фӕдыл ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ Библийы ис ссарӕн?

18 Чи зоны, ды афтӕ нӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ бинонтӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ куы аразой, уӕд амондджын уыдзысты. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: Библи кӕй разамындӕй фыст ӕрцыд, уый у бинонты царды Бындурӕвӕрӕг (Райдиан 2:18–25). Библи зӕгъы, йӕ ном кӕй у Йегъовӕ (Псалом 82:19, МГТ). Уый у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Фыд, «алы бинонтӕн дӕр номӕвӕрӕг» (Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Йегъовӕ бинонты цардмӕ йӕ хъус дары, фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Уый зоны, бинонты царды цы зындзинӕдтӕ фӕзыны ӕмӕ сӕ куыд ис алыггӕнӕн. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр, йӕ бинонты цард Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ аразыныл зӕрдиагӕй чи архайдта, уыдон уыдысты амондджындӕр.

19–21. Библийы фӕрцы абон бинонты цард хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивы, уый цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг?

19 Зӕгъӕм, Индонезийы иу сылгоймаг фӕцахуыр ӕхцайыл хъазыныл. Йе ’ртӕ сывӕллоны цалдӕр азы дӕргъы ис мадӕй уыдысты ӕнӕмад, йӕ лӕгимӕ та ӕдзух загъд кодта. Фӕлӕ иу бон сылгоймаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ, Библи цы дзуры, ууыл баууӕндыд. Ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдыдта, уӕд дзы замманайы бинойнаг рауад. Библи куыд амоны, афтӕ кӕй кодта ӕмӕ йӕ цард кӕй ивта, уый фӕрцы йӕ бинонты ’хсӕн ӕрцард фарн ӕмӕ амонд.

20 Испанийы та иу сылгоймаг дзуры: «Нӕ чындзӕхсӕвӕй афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ нӕ цард хӕлын райдыдта». Йӕ лӕгимӕ сын иумӕйагӕй ницы уыди, кӕрӕдзиимӕ рӕстмӕ ныхас дӕр нӕ кодтой, ӕрмӕст-иу загъд цы кодтой, ӕндӕр. Ӕмӕ сын кӕд гыццыл чызг уыди, уӕддӕр хицӕн кӕнынвӕнд скодтой. Фӕлӕ сын раст уыцы рӕстӕг сӕ хъус ӕрдардтой Библимӕ. Лӕг ӕмӕ дзы усӕн цы уынаффӕттӕ ис, уыдон куы базыдтой, уӕд сӕ цард уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ аразын райдыдтой. Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, ӕмӕ сахуыр сты кӕрӕдзиимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын, ӕмӕ ныр сӕ гыццыл бинонты ’хсӕн ис фарн.

21 Библи ӕххуыс у ацӕргӕ адӕмӕн дӕр. Ӕркӕсӕм Японӕй иу къайы хабармӕ. Лӕг уыди мӕстыгӕр адӕймаг, хатт-иу йӕ бинонтӕм йӕ къух дӕр систа. Сӕ чызджытӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой, кӕд ныййарджытӕ сӕ ныхмӕ уыдысты, уӕддӕр. Стӕй сӕм фыд дӕр ӕрбаиу. Фӕлӕ мад уӕддӕр уыди ныхмӕ. Азтӕ цыдысты, ӕмӕ мад йӕхи цӕстӕй уыдта, Библийы фӕрцы йӕ бинонтӕ хорзырдӕм кӕй ивтой. Йӕ чызджытӕ йӕм хорз кастысты, лӕггад ын кодтой, йӕ мой та сси бирӕ фӕлмӕндӕр адӕймаг. Уыдӕттӕ уынгӕйӕ ус дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕивта. Уыцы ацӕргӕ сылгоймаг арӕх фӕзӕгъы: «Ныр стӕм ӕцӕг бинонтӕ».

22, 23. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Библи алы адӕмтӕн дӕр у ӕххуыс бинонты царды?

22 Кӕй кой ракодтам, уыдон, ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕтӕ базыдтой, бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый. Уыдон сӕ зӕрдӕмӕ айстой Библийы амындтӕ ӕмӕ сӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразынц. Раст у, иннӕ адӕмау уыдон дӕр ацы ӕгъатыр ӕмӕ хӕлд дунейы цӕрынц, уыдонӕн дӕр ӕнцон нӕу цардамӕлттӕ кӕнын. Уымӕй уӕлдай, сты ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ бинонты царды Бындурӕвӕрӕджы фӕндон ӕххӕст кӕныныл кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ сты амондджын. Библи Йегъовӕ Хуыцауӕй афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, уый у, «пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Исай 48:17).

23 Ӕмӕ кӕд Библи дыууӕ мин азы размӕ фӕци фыст, уӕддӕр дзы ис, растдӕр нӕ абон цы хъӕуы, уый. Стӕй фыст уыди алы адӕмтӕн дӕр. Библи, Америкӕйы кӕнӕ Европӕйы бӕстӕты чи цӕры, ӕрмӕст уыдонӕн нӕу. Йегъовӕ «иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ» ӕмӕ зоны алы адӕмы удыхъӕды сконд дӕр (Хъуыддӕгтӕ 17:26). Библийы уынаффӕтӕ ӕххуыс сты алкӕмӕн дӕр. Дӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ куы аразай, уӕд ды дӕр базондзынӕ, бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый.