Хуыцауӕн лӕггад кӕнын
Ӕрмӕстдӕр кӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Мф 4:8–10. Хӕйрӕг Йесойӕн загъта, куы йын бакува, уӕд ын ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр кӕй ратдзӕн; Йесо не сразы, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фӕндыд.
-
Рар 19:9, 10. Зӕд апостол Иоанны йӕхицӕн бакувын нӕ бауагъта.
-
Йегъовӕйӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Ис 1:10–17. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдоны лӕггад.
-
Мф 15:1–11. Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕй райгонд кӕй нӕ уыдзӕн, адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ нын йӕ закъӕттӕй ахсджиагдӕр куы уой, уӕд.
-
Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Йегъовӕйӕн нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
Кӕс ма Пс 133:1–3
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Хъд 2:40–42. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ иумӕ ӕмбырд кодтой, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой, сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвыстаиккой ӕмӕ Фыстад иртӕстаиккой.
-
1Кр 14:26–40. Апостол Павел ныффыста, чырыстӕттӕ ӕмбырдты кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ фидар кӕной ӕмӕ дзы уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй хъуамӕ уа; уый фӕрцы се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыдаид ахуыр кӕнын ӕмӕ сын цы амыдтой, уый ӕмбарын.
-
Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Дзт 11:6. Апостол Павел бамбарын кодта, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уый тыххӕй нӕм уырнындзинад кӕй хъуамӕ уа.
-
Иак 2:14–17, 24–26. Йесойы ӕфсымӕр Иаков бамбарын кодта, нӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг; хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ нӕ разӕнгард кӕны нӕ уырнындзинад.
-