Сӕрибардзинад
Дун-дунейы ӕгӕрон бартӕ ӕрмӕстдӕр кӕмӕн ис?
Кӕс ма Ро 11:3–36
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Дан 4:29–35. Хъомысджын паддзах Навуходоносор базыдта, Йегъовӕ кӕй у Ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ йын кӕй никӕй бон у зӕгъын, цы хъуамӕ араза, уый.
-
Ис 45:6–12. Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хӕсджын нӕу, цӕмӕй нын дзура, цыдӕр цӕмӕн аразы, уый.
-
Кӕд Йегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр у, уӕддӕр цавӕр хъуыддаг никуы сараздзӕн?
Кӕс ма Ро 9:14
Алцы кӕныны бар нын цӕуылнӕ ис?
Чырыстӕттӕ иуӕй-иу хатт цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ цӕуылнӕ фӕаразынц, кӕд ӕвзӕр нӕ вӕййынц, уӕддӕр?
Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕрибардзинад ис?
Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон амондджын цӕмӕн сты?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Рд 18:3; Дзт 11:8–10. Авраам никуы рох кодта, Йегъовӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕмӕ йын уый ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кодтаид.
-
Дзт 11:24–26. Пехуымпар Моисейы фӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ уый фӕрцы уыд амондджын, уыди сӕрибар ӕмӕ йӕ фидӕнӕй уыд ныфс.
-
Йегъовӕ нӕ цӕмӕй ссӕрибар кодта?
Нӕ сӕрибардзинадӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм?
Чырыстӕттӕ иннӕты кӕй уарзынц, уый тыххӕй хатт цӕуылнӕ саразынц, бар сын цӕмӕн ис, уый дӕр?
Цы хабар хъусын кӕнӕм, уый адӕмы куыд ссӕрибар кӕны?
Библи нын зӕрдӕ цавӕр сӕрибардзинадӕй ӕвӕры?
Адӕмы цы фӕнды, уый куы фӕкӕнынц, уӕд цагъартӕ куыд свӕййынц?
Цӕмӕй у бӕрӕг, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны?
1Кр 7:22; Га 3:28; Кл 3:10, 11
Кӕс ма 1Кр 12:13