94 ЗАРӔГ
Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй
-
1. Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, куыд бузныг дӕ стӕм –
Дӕ Ныхас нын радтай, цӕмӕй йӕ кӕсӕм!
Дӕ Фыстад у ӕцӕгдӕр
дӕ комытӕфӕй фыст.
Рӕстдзинад дзы ссардтам, ыстыр зонд ’мӕ ныфс.
-
2. Арф зӕрдӕйы хизы дӕ сыгъдӕг Ныхас,
Хъуыдытӕ ’мӕ фӕндтӕ уый базоны раст.
Дӕ тӕрхон у ӕнӕфау,
дӕ закъон у сыгъдӕг.
Дӕ Ныхас у махӕн уынаффӕдӕттӕг.
-
3. Раст мах хуызӕн адӕм дӕ Ныхас фыстой,
Цӕмӕй хӕсса не ’ппӕтӕн абон ӕнцой.
Мах Фыстадыл ӕууӕндӕм,
ӕдзухдӕр ӕй кӕсӕм.
Дӕ зынаргъ лӕварӕн ыстыр аргъ кӕнӕм!
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 19:9; 119:16, 162; 2 Тим. 3:16; Иак. 5:17; 2 Пет. 1:21.)