80 ЗАРӔГ
«Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»
-
1. Нӕ лӕггад хӕзна у махӕн,
Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм.
Хуыцауӕн дӕттӕм нӕ рӕстӕг, нӕ тых.
Куыст бирӕ кӕй ис, уый уынӕм.
БАЗАРД
«Бафӕлвар, базон,– Библи зӕгъы,–
Фен ӕй, куыд хорз у Хуыцау».
Не уӕнгты хъару, не ’нувыд уарзт
Уымӕн нӕ кӕнӕм ӕвгъау.
-
2. Стыр хорзӕхтӕй хайджын алкӕд
Ӕнувыд лӕггадгӕнӕг у.
Йегъовӕйыл уый ӕвӕры йӕ ныфс,
Йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ у рухс.
БАЗАРД
«Бафӕлвар, базон,– Библи зӕгъы,–
Фен ӕй, куыд хорз у Хуыцау».
Не уӕнгты хъару, не ’нувыд уарзт
Уымӕн нӕ кӕнӕм ӕвгъау.
(Ноджыдӕр кӕс Мар. 14:8; Лук. 21:2; 1 Тим. 1:12; 6:6.)