50 ЗАРӔГ
Мӕхи дӕуӕн нывонд кӕнын
-
1. Ӕз мӕ уарзт, мӕ зӕрдӕ ныр,
О Хуыцау, дӕуӕн дӕттын.
Ныр дӕу у мӕ хъӕлӕс дӕр –
Зардзынӕн дын алкӕддӕр.
-
2. Къӕхты хъару, къухты тых
Ӕз дӕуӕн, Хуыцау, дӕттын.
Ме ’взист ’мӕ сызгъӕрин дӕр
’Нӕвгъауӕй дӕттын дӕуӕн.
-
3. Ӕз мӕ цард ӕнӕхъӕнӕй
Ныр дӕттын дӕуӕн, цӕмӕй
’Рмӕст дӕуӕн лӕггад кӕнон,
Цин дын алцӕмӕй хӕссон.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 40:8; Иоан. 8:29; 2 Кор. 10:5.)